-------
| Библиотека iknigi.net
|-------
| Юля Санахъоты
|
| Нæмыгдзæф бонтæ
-------
Нæмыгдзæф бонтæ
Юля Санахъоты
© Юля Санахъоты, 2023
ISBN 978-5-0056-1122-2
Создано в интеллектуальной издательской системе Ridero
Нæ Иры æнувыд, æхсарджын хъæбулты цытæн…
Ю. Санахъоты

ПРЕДИСЛОВИЕ
Уважаемый читатель!
Вы держите в руках книгу «Израненные дни» прекрасного поэта, переводчика, преподавателя Юго-Осетинского Государственного университета, члена Российского союза профессиональных литераторов Юли Георгиевны Санакоевой.
Для любителей изящной словесности будет интересно познакомиться с её произведениями, в которых она в поэтической форме повествует о событиях в Южной Осетии в период 1989-2008-х годов.
Стихотворения написаны на иронском диалекте осетинского языка. Автор делится с читателем о своей любви к родине, к окружающему её миру. Она посвящает произведения своим друзьям, а так же известным осетинам: дирижеру, художественному руководителю и генеральному директору Мариинского театра В. А. Гергиеву; языковеду-иранисту¸ профессору В. И. Абаеву; учёному-математику, основателю и научному руководителю Владикавказского научного центра Российской академии наук А. Г. Кусраеву; композитору и пианистке Ж. В. Плиевой и другим.
Особое место в сборнике занимает поэма "Израненные дни", которая является своеобразной летописью военных событий Южной Осетии 1989-2008-х годов.
Чаяния автора тронут сердца читателей всех возрастов, и книга станет прекрасным подарком для всех ценителей поэтической словесности.
Главный редактор альманаха «Горный ветер»,
полковник, доктор биологических наук
Юрий Бадтиев
ÆМДЗÆВГÆТÆ
Хъуыдытæ фæсивæдыл
Цæмæн фыссæм арæх фыдцардыл,
Нæ зарæг цæмæн хъуысы ́нкъард?
Цæмæн дзурæм иууыл тыхстадыл?
Нæ цард дæр куы свæййы æнад!
«Нæ ивгъуыд уæззау уыд» – фæзæгъæм.
Кæмæн уыдис йеуæд уый рог?
Лæмбынæг нæ цардмæ æркæсæм,
Нæ ахаст æм скæнæм мах ног.
Цæмæн вæййæм иууыл кæуындзаст,
Цæй сагъæс нæ ́лвасы бынмæ?
Нæ фæсивæд махæн – цæхæрцæст,
Æви йæ нæ зонут нырмæ?
Цæвиттойнаг Ирæн фæдонтæ!
Куы фæцæуы «гъæйтт!», уæд – цæттæ.
Сæрабхъуыды се ́ппæт – хæстонтæ.
Нæ баззайынц искуы, æддæ.
Бæлуæттау сæ зæххмæ æртæхынц,
Æрлæууынц уæхски-уæхск æнгом.
Фыдызæхх сæхицæй нымбæрзынц,
Æнæхъæнæй фестынц æндон.
Ныууадзæм нæ додой ивгъуыды,
Ыссудзæм нæ зæрдæты рухс!
Кæм ма и сæрфатæн æмгъуыд дæр…
Æрдарæм нæ кæстæртæм хъус!
Нæ уарзты зынджытæ ма сисæм,
Нæ зæрдæты къуымтæй бæрзонд!
Нæ уарзтæй, цæй, кæстæрты фидæн
Ныррухс кæнæм иумæ æмзонд.
Ыскæнæм ма цинады зарæг,
Уæнгтæрогæй размæ цæуæм!
Рæсугъд бæллиц ма кæнæм нарæг,
Нæ фидæнмæ райгæ тырнæм.
Нæ хъæбултæм раздахæм не ́ргом,
Сæ удтæм æрлæууæм хæстæг.
Фæрог кæнæм кæстæртæн се́ргъом,
Нæ уыдзыстæм йеуæд хъæстаг!
Ныууадзæм æрвылбоны минас,
Кæрæдзийæн ма кæнæм маст.
Куы нæ цæры удгоймаг мин аз!
Нæ рæдыд куы скæниккам раст.
Хъуыдыгæнгæ ́взарæм дзырдтæ дæр, —
У авгау лæджы уд сæртæг.
Кæны нæ хъыг ныхас æддæдæр,
Фæлмæн ныхас – адæм бæттæг.
Фæзæгъынц, ныхас, дам, дымгæ у, —
Зæгъыс æй – æрбайсæфт йæ фæд.
Ис ахæм ныхæстæ… Цы мæнг у, —
Зæд дæр сæ нæ уромы, зæд!
Узæлæм кæрæдзийыл! Талас
Нæ фидæны тырыса суæд.
Уæд ́нафоны урс-урсид халас
Нæ сæртыл нæ уадздзæн йæ фæд.
Цæй, райдайгæ абонæй, цинаг
Ысуæд немæ царды æмдзу.
Уæд не суыдзæн фæсивæд суинаг
Кæйдæр бæсты искуы хæддзу.
Нæ Иры хæстæфхæрд хъæбултæ,
Сæрбахъуыды кодтат лæггад,
Ут амонджын иууыл, мæ хуртæ,
Æвидийгæ царды – уæ кад!
1994
Нæ буц фыдæл
Къоста, нæ хур, куыд æнкъард у дæ Фæндыр,
Ысхъызы мыл дæ «Додой» -йæ тымыгъ.
Рæнхъыты́хсæн куы фехъусын дæ хъæрзын,
Ныммыр вæййы æрхæндæгæй мæ дзых!
Ивгъуыдæн нæй бынтон рохгæнæн царды,
Фæстæмæ кæсгæ, размæцыд дæр нæй!
Уыдзæн ивгъуыд нæ хъуыдыты йæ уагыл,
Уæт не ́ргом арæзт сомбонмæ рæвдзæй.
Дæ адæмуарзон мах фæхæссæм дисæн,
Дæ удау уарзтай адæмы бæргæ:
Куы уыдаид дунейы мæтæн исæн,
Æвæсмонæй йæ райстаис уæвгæ!
Нæ буц фыдæл, бæргæ ма ды куы фенис,
Ысты уæнгрог дæ фæдонтæ, куыстхъом.
Æртхутæгæй дæр растдзыстæм, куыд феникс,
Ысуыдзытæм дæ фæндиаг цæрдхъом!
Ыскæндзыстæм мах рухс цинады зарæг,
Цъæх арвы онг æй сисдзыстæм бæрзонд!
Ивгъуыды мах ныууадздзыстæм нæ хъарæг,
Тырндзыстæм райгæ фидæнмæ æмзонд!
1995
Хъæбатыр сылгоймаг
Битарон, Битарон,
Æмбæхст æй цы дарон.
Тыхст дуджы дæ митæн
Фæдæн æз æвдисæн.
Сæрбахъуыды арт дæ.
Дæ адæмыл радтæ.
Фæлварæн куы ́рлæууыд,
Æнцой дын уæд нал уыд.
Фыд-заман дæ ́рхаста,
Ызнаг нæ куы цагъта.
Фæтыхстис уæд алчи, —
Ныр ма ́ппæлæт мачи.
Дæ хæдзар ныууагътй,
Дæ уды зынг хъардтай
Нæ Ирæн нывондæн,
Нæ кæстæрты Сомæн.
Чысыл къуым æркуырдтай,
Куыстуат æй ысхуыдтай.
Æмбаргæ – дæ митæ, —
Æмбæстæгтæм сидтæ:
«Нæ кæстæртæ хæсты
Ныссæлдзысты́хсæвты.
Хъæрмттæ сыл ыскæм,
Хæлцæй сæм фæкæсæм!»
Ды ардтай фæрæзтæ,
Гъе, кодтай амæлттæ.
Æнæ хæлц нæ уагътай
Нæ кæстæрты. Загътай:
«Нæ зæххы кæд уарзæм,
Уæд хъуамæ фæразæм.
Мæнгард куы у не знаг,
Фыдцъаммар та йе ́взаг!»
Ды дард рæттæм хæсты
Æскъæфтай нæ цæфты.
Ды искæмæ,́ндæрмæ
Нæ кастæ æнхъæлмæ.
Ныхдур дын нæ лæууыд, —
Куы нæ дæ æнæуд.
Ды нал зыдтай «Нæйы!»
Æристаис мæйы.
Æххæссыдтæ дардыл
Фыддугæн йæ карзы.
Стæй ахуырмæ фондзæй
Фæкодтай нæ хорзтæй.
Сæ фæстæ ызгъордтай,
Бынæттæ сын домдтай.
Куы сæххæст дæ бæллиц,
Фæсабыр дæ фæдис.
Рæвдыдтай сæ мадау,
Фæтадтæ сыл царвау.
Бæсты сын фæцуæт,
Ныддаргъ уæт сæ цæуæт.
Дæ хъуыдытæ – дардыл,
Нæ кæстæрты фарныл.
Цырагъау сыл судзыс,
Хъазуатонæй кусыс.
Æнтысæт дын бирæ
Лæггæттæ нæ Ирæн.
Цыртдзæвæн дæхицæн
Нæ домыс æсхицæн.
О, макуы суай ́нæбон,
Цæхæрцæст Битарон.
Иры дон дын тайæд,
Дæ зæрдæ дзы райæд!
1999
Æмбаргæ чызг
Фæхæссай æмбаргæ чызг амонд,
Зæрдæрайгæ размæ цæуай!
Кæд гас дуне схæццæ ис абон,
Уæддæр дзы зæнджынæй цæрай.
Нæ адæмыл иууыл дæ катай,
Нæ фæразыс йе ́фхæрд бынтон.
О, алцæуыл афтæ тынг ма тай,
Сылгоймаг куы нæ у æндон.
Кæмдæриддæр ма уай, Ирыстон
Дæ хъуыдыйы ́дзухдæр дæуæн.
Куы кодта мах не знаг гæныстон,
Дæ цæссыгæн нал уыд фæуæн.
Цы фыссыс, цы зарыс, æппæтдæр —
Дæ райгуырæн бæстæн нывонд.
Цыдис нæм кæд карз тох æнæ дæу
Уæддæр дын уыд алцы зындгонд.
Куы кæныс Къуыдаргомыл кадæг,
Дæ хъæлæсы хъуысы цæссыг.
Мелоди æнкъард, цыма – хъарæг,
Йæ мидисæй хæлы мæсыг!
Дæ «Реквием» арауы зæрдæ,
Хъайтартæн ыссардтай сæ ном.
Æнкъард зæлтæй баризынц уæнгтæ…
Ехх, чи ́вдисы цæссыг æргом.
Ирыстоны хоныс – « Мæ уарзон»,
Фæу мын йæ зæдтæй фæдзæхст!
Лæггад ын кæныс ды цæстурзон,
Дæ бæллицтæ ́рцæуæнт æххæст!
1997
Зымæгон ныв
Чындзау ныфсæрм и назбæласы хих,
Ныллæг æртасыд митуæзæй, фæдих.
Куы фестынц назы рухс цæссыгтæ их,
Уæд сæ нымбæрзы урс пæлæзæй мигъ.
Куы йæм ныккæсы дыккаг бон рæу хур, —
Куы йыл æртыхсынц хара тынтæ – бур,
Уæд нал аззайы митхъæпæнæй мур,
Æваст уæд фесты дондыппыр зæхх сур!
1998
Митæй «хæст»
У ногуард мит фæлмæн, сæртæг.
Йæ уæлæ сабитæ цæрдæг
Æрцамайдзысты митæй лæг,
Йæ фарсмæ ́рсадздзысты лæдзæг!
Ысцырын миткъуыбæрттæй «хæст»,
Сæ фезмæлдыл нæ хæцы цæст.
Къуыбар кæйдæр фындзмæ æваст,
Хæмыцы даргъ фатау фæраст.
Ныккодта арвы онг цъæхахст,
Фæкодта ́нæхъæн къуыри маст,
Фæлæ нæ загъта мадæн раст, —
Æмбæрста саби: уыд уый хъазт!
1997
Нанайæн
Нанайæн ног азмæ æрхастон
Лæварæн иууылдæр фæндзтæ!
Æз сæ мæ хорз ахуырæй райстон,
Æххуысмæ алкуы дæр – цæттæ..
Куыд байрайдзæн нана, уый зонын.
Хъæбыс ныккæндзæн мæн фæлмæн.
Мæн та йæ зæрватыкк ысхондзæн,
Мæ цинæн нал уыдзæн фæуæн.
Æруадздзæн хъарм къухтæ мæ рустыл,
Рæвдаудзæн рухс цæстæнгас мæн.
Йæ уаз, фæлмæн хъæлæс – мæ хъусты,
Кæндзæни аргъæуттæ мæнæн.
Мах иумæ сфæлындзæм нæ зазы, —
Йæ быны ссарын æз лæвар.
Цæгаттаг Митын лæг нæ хъазы, —
Лæвæрттæ ́рхæссы уый дзæвгар.
1998
Уалдзыгон ныв
Митдон
Куы ́рлæууы цадæг уалдзæг, —
Ныззæлланг кæны æрдз.
Зымæг – нæ урссæр уазæг,
Рæвдз феппары йæ кæрц.
Цæрдæг ызгъоры митдон,
Дзæнгæрджытæ цæгъды:
«Фæдис, фæдис! Ныр лидзон!»
Æхситтгæнгæ тæхы.
Дидин
Цъæх-цъæхид гауыз зæххыл, —
Æрхаста уалдзæг хуын!
Фæзындис дидин рæгътыл,
Рæвдауы цæст йæ уынд.
Ныдздзагъыр и, ныджджих ис,
Гуылфæг цардæй тæрсы.
«Цы у нæ царды мидис?» —
Цæстæнгасæй фæрсы.
Æрдзы фидыц фæлгæсы…
Йæ цардæй алыгъд бон!
Зæрин хур æм ныккæсы,
Узæлы йыл зæдон.
Рæсугъддзинад æрдз тауы,
Ныййазæлы йæ цин.
Фæндтæ нæ дидин уафы,
Йæ уаз уды нæй хин.
Мыдыбындз
Мæ цæсты раз мыдыбындз
Кæны æвзыгъд кæлæн.
Фæллойгæнæг, æрдзы чындз, —
Йæ куыстæн нæй фæуæн!
Гæлæбу
Дзыгъуыр гæлæбу сæрра, —
Йæ мæтæн нæй кæрон:
Уысмæн гуырдæй куыд цæра,
Куыд айваза йæ бон?
Хъæдхой
Хъæдхойтæ тулдзы фадынц,
Ерысæй ́хсиды куыст.
Уæд булæмæргъы уадындз
Фæсуры уды рыст!
Сæрдтон бон
Хæрздæфæй дуне байдзаг,
Улæфын у æнцон.
Зæлифтонг уалдзæг – райдзаст,
У зæрдæйæн æхцон!
1998
Фæндагыл
«Сраст кæнут бандæттæ, бабæттут рæттæ!»
Сарæзта хæдтæхæг зæхмæ йæ ных.
Дардæй мæм нал зынынц райгуырæн хæхтæ…
Йеныр мæн бахъæудзæн хорз митæн тых!
«Стыр Хуыцау, ́сфæндæт дæ, срæвдз кæ нæ хъуыддаг!
Фенæт нæ хæствæллад адæмы ́ддæ.
Базонæт Белгийы адæм нæ мыггаг,
Рттивæд нæ аивад!» – цагътон сæнттæ.
1998
//-- * * * --//
Ныууагътой адæм цардагур сæ уæзæг, —
Фæйнæрдæм сæ ныппырх кодта хъысмæт.
Тæхуды, уæт дæ фæндиаг дæ фæззæг, —
Æнцойад – уды… Зымæг, уадз, хъызæт!
1999
«Цыбыр у лæджы фæндаг царды…»
Цыбыр у лæджы фæндаг царды.
Цæргæйæ фæкæнæм мах дугъ.
Ыстæмты ном айзæлы дардыл, —
Фыдыбæстыл чи тад æдзух.
1999
Уарди
(Арын дзы мæ мады рухс ном)
«Нæ сыхæгтæ æрхастой уарди!» —
Ысдзырдтой иу сыхы æмткæй.
Æцæг йæ уындæй зæрдæ ради, —
Нæ хуыдтой дидин уый мæнгæй.
Ивылд донау гуылф кодтой азтæ.
Хуыцау ын радта хорз зæнæг, —
Цыппар фырты! Æхсин уыд, уастæн!
Æхцон сæ уынд, егъау – сæ мæт.
Нымдæй йæ чысыл хуртыл тади,
Сæ хурæй байдзаг ис йæ риу.
Æнæфынæй сæ цуры бадтис,
Кæд иу ысхъæрзыдта сæ иу.
Нæ йæм уыд мисхал дæр гуырысхо,
Сæ Сом кæй уыдзæнис рæсугъд….
Фыдуац æрвнæрæгау Уырысæй:
«Æрбырста знаг, кæны нæ хурх!»
Йæ цардæмбал фæраст и хæстмæ, —
Нæ дардта фидыцæн уый худ.
Тырынæй дæр сæрхъызой бæстæн,
Йæ адæмыл сыгъдис зынг уд…
Æмæ сæртæг уæхскыл æруагъта
Хæстон дуг алы мæт, йæ уæз.
Лæджы куыст райста, – къахта, сагъта,
Цæмæй цæрдхъом лæууа йæ къæс.
Йæ уаз уд катайы ныххауди,
Æхсæв дæр нал кодта фынæй.
Æмæ уæззау куыстæй ныруади…
Цух кодтой сабитæ хæлцæй.
Нæ уыд сæ фынæйыл хъæцынхъом!
Æххуыс ын кодтой ныр цæрдæг.
Дих кодтой мадимæ хæсты ́ргъом, —
Лæджы бындзæфхæдтæ æцæг!
2000
Фæдис
Уæ хъысмæтыл абон нæ катай, —
Кæй хъæуы фæдонтæ – рынчын?
Куы сæфынц нæ цæсты раз радгай…
Кæй фæнды æвæдæй мæлын?
Фыдгул уыл нæ фæтых æхсарæй,
Ныр сагъæссаг сомбон фæцис.
Фыдбылыз, фыдмарг нæм ысарæх, —
Куыд сабырæй бадæм… Фæ-ди-и-ис!
Ирыстоны мæсыг æнусты
Нæ цудыдта знаджы цæфтæй,
Ныр уайы йæ къæс-къæс мæ хъустыл, —
Кæлдзæнис, кæлдзæнис зæфцæй!
Ныййарæджы ́гомыг цъæхахстæй
Нæ хæхтæ нырризынц, хъæрзынц.
Дзæнæттаг хъайтартæн зæхх аскъуыд,
Уæ мæтæй дыккаг мард кæнынц:
«Мах не ́взонгад раттам нывондæн
Нæ фидæны фарнæн рæдау.
Нæ бæллиц нæ сæнтты нывгондæй,
Нæ зæрдæты хастам цыртау.
Кæд суаид нæ уæзæг сæрибар,
Кæд рафтауит дидинæг Ир.
Ныууадзиккой мах кæд нæхи бар,
Нæ нысан кæд разынид ирд!
Æгæрц æмæ гомæй, æххормаг,
Нывондæн уын хастам нæ цард.
Кæд бакуымдтай сайын, æмкоймаг,
Зон, фехстай нæ бæллицы дард!»
Нæ фыдæл Къоста нæ фæдзæхста, —
Фыдæзнаг нæ былмæ тæрдзæн…
Ныр, акæс, фыдгул уын æрхаста
Уæззау «хуын», кæны уæ цæгъдæн!
Куы нал ыстæм скифтау милуантæ,
Ызгъæлæм фæззæджы дыргъау.
Аккаг, зæгъгæ, не стут алантæн, —
Кæнынц нын лæджы цард æвгъау!
Ыскæнæм нæ удтæй цæугæ уарт, —
Нæ Сом-мæ фыдбылыз нымдзаст!
Ыссудзæм ныхдуры цæхæр арт,
Ныссур кæнæм ацы цъыфдзаст!
2000
Цы уыдзæн нæ фидæн?
Æндон цирхъау Иры зæрдæйы арæн!
Куыд æрцыд уый, куыд баистæм фынæй?
Куыд ис лæгæн йæхи удимæ уарæн?
Цæмæн хæссæм уынаффæтæ цъындæй?
Цæнгæткъух æмæ их зæрдæйæ дихгонд —
Нæ зæхх. Хæссæм æгомыгæй нæ уаргъ.
Цæмæн фестæм, цæ, арвы ́лгъыстæй хингонд?
Куы нал кæнæм нæ сæртæн, гормон, аргъ.
Дыууæ дзæкъулау иу хохыл зæбулæй
Ныммыр нæ дзыллæ, алы хъыг быхсы…
Нæ фыдæлтæн нæ лæууыд хох цæлхдурæн,
Куы-иу фæцыд фæдис: «Цæгат тыхсы!»
Ныр мах нæ зæххыл «оммен» -ы бон нал ис, —
Фæйнæрдыгæй нын амонынц цæрын.
Мыййаг кæд Ир æваст мæрдвынæй бацис, —
Нæ йæм хъуысы тызмæг хæхты хъæрзын.
Æнус фæцис, нæ та разынд нæ «Фыййау»,
Мах чи скæнид æмзонд æмæ æмвæнд.
Фыдæлты фарныл чи схæцид уæлиау,
Кæй зондæй ́рттивит мин азты нæ фæд!
Дунескæнæг, о, ма нæ фесаф растæй!
Кæндзыстæм дын нæ рыст удтæй лæггад.
Фыдбылызæй нæ бахъаггæн, фыдмастæй,
Нæ зæххыл байтау фарн æмæ бæркад!
2000
Лигъдæттæ
О, лигъдæттæ, лигъдæттæ, лигъдæттæ…
Бындзытау æмызмæлд кæнынц!
Фæцыдысты митрæгътыл, ихдæтты,
Сæ хъысмæт æмырæй хæссынц.
Ыскæнæг уæ хъаггæнæг, лигъдæттæ,
Ыстæмтæ æмбарынц уæ рыст.
Уас атона знагæн йæ ихзæрдæ…
Цæй тыххæй æййафут ысхуыст?
Цæрæн бынат фесæфтой лигъдæттæ…
«Æрцæуæг» -æй уыдон тыдтой.
Сæхи ма æппæрстой нæ дих бæстæм, —
Цæгаты ныфсы рухс уыдтой.
Хæзнатæ – æвзаг æмæ не ́гъдæуттæ
Ирвæзтысты къухæй бынтон!
Æлгъывтой фыдæлты ́взаг не знæгтæ,
Сæхион сын хъардтой бæстон.
Гей, джиди! Фыдгултæ ма зониккой, —
Æмзонд ыстæм, иу у нæ Ир.
Нæ бæстæм кæсын дæр нæ уæндиккой,
Нæ куыст махæн уаид хайыр!
Нæ адæм, Цæгат æмæ Хуссары,
Фæдарæм кæрæдзимæ къух.
Æртымбыл уæм урс хæхты уаз раны,
Уым ссудзæм нæ фидæны рухс!
2000
Катай
Нæ дæн уынæг æз афæдзгай цæгаты, —
Мæ зæрдæйæн йæ удæнцой йæ ныфс.
Куы иу фестин æнæтухи Цæгаты…
Хъæуы лæджы æнæбасæтгæ уысм!
Ныццæнд вæййынц хæдтулгæтæ фæд-фæдыл
Ирыстонæн йæ тызмæг тары раст.
Зынджы зæйтæ ивылынц ам дæ сæнттыл…
Куыд уыдзыстæм?
Кæдмæ быхсдзыстæм маст?
2000
Абайты Васойы 100 азмæ
Нæ Иры Хур Дæу буц номæй куы схонынц,
Дæ дисæн уæд куы нал вæййы кæрон:
«Хур иу вæййы, – уый адæм тынг хорз зонынц, —
Къоста хуыйны нæ Иры хуры ном!»
Дунейы сæрмæ зонады цъæх арвыл
Ирон Ыстъалы калы ирд цæхæр.
Нæ буц æвзагæн чи схæцыд йæ кадыл,
Мах уый номæй бæрзонд хæссæм нæ сæр!
Ирон дзыллæ – Дæ уды фарнæй хайджын.
Кæндзæн Дæ фæд тьымы-тьыматы рухс.
Дæ тырысайы ́взыгъд фæсивæд барджын,
Бæрзонд хæсдзæни зонады æдзух.
Цы у æнус дæр? Афардæг и уайтагъд.
Æцæг лæгæн у ахсджиаг йæ фæд…
Дæ мæсыг – амад, фæндтæ —́ххæст, сты райдзаст!
«Дæ цыртмæ фæндаг не ́суыдзæн кæрдæг!»
2000
Гуырæнбоны цытæн
Ис абон Нафийæн гуырæнбон.
Ирыстон ын арфæ кæны.
Хæлар ын чындæуы цæрæнбон.
Йæ адæм ын бузныг зæгъы.
Фæнды нæ æнæниз уай, хъæлдзæг,
Хуыздæр дуджы райгæ цæрай.
Дзаджджын уа, фæлмæн уа Дæ фæззæг,
Фыдыбæсты амонд уынай.
Ирыстоны иузæрдыг хъæбул,
Уæзданæй, сабырæй цæрыс.
Тыхст дуджы нæ мæсыг куы фæкъул, —
Ныфсы цæджындз уымæн лæууыс
Цæсгомæздæхт адæммæ ́дзухдæр,
Йæ тыхст у Дæ зæрдæйы рыст.
Нæ йæ уарзыс искæмæй цъусдæр,
Нæ фæразыс уымæй ысхуыст.
Æнцон фæндаг царды нæ зыдтай,
Нæ Ирыл цырагъау сыгътæ.
Дæ адæмыл дардæй нæ фыстай, —
Фыдызæххæй истай тыхтæ.
Дæ фæндиаг Ирæн йæ фидæн,
Нæ кæстæртæй райæт Дæ уд.
Нæ уæзæг цы нæ уал уа хицæн,
Ирыстоны фидæны цинæй
Ныккæсæт Дæ зæрдæмæ рухс!
Нымайæд нæ мин хатты минтæй,
Дæ дзыллæйы хорздзинад хъус!
2000
Къусраты Анатолийæн
Куыд дæм бадзурон? Ме ́фсымæр, мæ хæлар?
Нымад гоймаг, егъау ахуыргонд, ныфс!
Ды федтай, – знаг сыгъта нæ Ир – нæ хæдзар…
Сыгъд хъæуты нымæц иу сæдæйæ хыст.
Чысыл рæстæгмæ дард ранæй æрцыдтæ
Фæцин кодта уæ фембæлдыл дæ мад.
Раст йеуæд ныл æрхъула сты лæгсырдтæ,
Фæкодтой уын уæ цины дæр æнад.
Хъуыды кæныс, куыд сызнæт ис нæ горæт?
Куыд ныл æзгъæлста знаджы къух æзды…
Æгас дунейыл айхъуыстис нæ кой уæд,
Дис кодтой, – ис ма скифты знæм æрдзы.
Дæу ́рцагуырдтой бæрнон адæм дæ куыстæй.
Æвæстиад дæу ацæуын хъуыдис.
Мæстæлгъæдæй дæ уды рыстмæ хъуыстай, —
Балсæджы цалх дæ адæмыл тылдис…
Æмкусджытæн нæ тухитыл фæдзырдтай,
Уырныдтой сæ дæ ныхæстæ зынтæй:
«Куыд ис гæнæн? Хуыцауы сконд кæй хуыдтой,
Цæгъда æназым адæмы зæфцæй?»
Фæдис хъæр кодтай, дун-дунемæ сидтæ,
Уæзгæ ныхас нæ адæмыл зæгъой.
Гъе, райхалой фыдгæнæгæн йæ хинтæ
Æмæ ахъаз нæ адæмæн фæуой.
Зæгъын хъæуы, – нæ тагъд кодтой æххуысмæ…
Хуыцауæн бузныг! Фидар у нæ мон…
Æвзонг фæлтæрæн бабын ис йæ хуыздæр…
Цæрдзæн æнусты уыдонæн сæ ном!
Æгъдау куы уа нæ архайды, нæ миты,
Æххæст куы кæна алчи дæр йæ хæс,
Уæд хурх кæндзæн нæ бафхæрæг йæ хинты,
Цæрдхъом æрттивдзæн Ирæн уæд йæ цæст!
2000
Джон Эндрюйæн
Мæ хæлар Джон, цы Хуыцау дæ æрхаста
Нæ уæзæгмæ тымыгъы фæстæ, цы?
Дæ хъысмæт дæу нæ адæмимæ сбаста,
Кæныс ын ды хъæбулы лæггад, цыт.
Æхцон дæ удæн не ́гъдæуттæ, нæ бæстæ.
Нымдгæнгæ арыс рухс дзуæрттæн сæ ном.
Хæстæфхæрд Иры федтай ды дæ цæстæй,
Ныр архайыс, рæсугъддæр уа йæ сом.
Æххуысгæнгæ дзæвгар бæстæтыл зилыс,
Дæ уды дуар тыхст адæймагæн – гом.
Зындзинæдтæй, зыны, дæхи нæ хизыс…
Дæрдтыл зындгонд у махмæ дæр дæ ном.
Дæ цонгфæдард зыны нырид бæрæгæй…
Хæлар дын уæнт Иры уæлдæф, йæ дон!
Дæ зæрдæ, мæ хур, барухс уæд зæнæгæй,
Фæдонтæ схæссут а зæххыл нæртон.
Фæдзæхт фæу бæрзонд зæдтæй æнустæм,
Дæ лæггæдтыл цы нæ кæнай фæсмон.
Дæ дзæбæхтæ хæццæ кæнæт нæ хъустæм,
Ахъаз дын уæнт нæ Иры фарн, йæ мон.
2000
Джыккайты Шамилæн
Фæбада уас дæ ныййарæг дзæнæты,
Дæу чи схаста – зæрдæйы хицау лæг.
Дзыллæйы хъысмæт чи хæссы йæ мæты,
Бæрзонд нысанмæ чи тырны æцæг!
Æндон хæтæлты не знаг мах куы ́ндæгъта,
Куы ́ндзæрста махыл торнеты фыдарт,
Дæ зæлланг хъæлæс арвы цæфау згъæлдта
Йæ сау фæндтæ æзнагæн раст зынг кард!
Дæттыс ныхдур нæ фыдгултæн æгъатыр.
Дæ хуым дæр у дзыллæйы фарнæй зад.
Иры бæллицтыл тохгæнæг – бæгъатыр,
Фынджы сæрыл
Иры Стыр
Куывды бад!
2000
Нæртон гуырд
Уæздан мыггаджы сахъ гуырд лæппу, байрай!
Дзæвгар адæм уынынц дæуæй сæ ныфс.
Цы дзура лæг дæ хорздзинæттыл радгай…
Сты се ́ппæт дæр дæ рухс цæстыты фыст!
Хъаруйæ, зондæй ды – нæртон Батырадз,
Уындæй, мæ хæлар, – лæгты дзуар æд бæх…
Æнæзæрдæхудт адæмы, бæсты раз.
Дæ фæсивæд уæнт даргъ æмæ уæрæх!
Хæрзиуджытæй дæу сфæлыста Ыскæнæг,
Дæ уды фарн бæрзонд æмæ хъæзныг.
Ирон æгъдæуттæн кадгæнæг, цытгæнæг,
Ахъаз дын уæд Иры зæдтæ фæрныг!
2000
Композитор Плиты Жаннæйæн
Зынгзæрдæ чызг, нæ курдиатджын Жаннæ,
Ирон дзыллæ сæрыстыр у дæуæй.
Бæллицтæмгæсгæ сах дæ хъул цы ран уа,
Фæцæгъдæт уым дæ буц уадындз фæрнæй!
Дæ уды́взæрд «Эдемыл Монцтæ» -м хъусын…
Бæгуыдæр,́ссардтай арвы къуырфы фæз!
Æз исдугмæ æнæуæлдæфæй цудын, —
Æрбайсæфы æвиппайды мæ уæз:
Фæхæссынц мæ кæлæн зæлтæ уæларвмæ,
Сæ тырнæнтæй æрыхгæны мæ хурх…
Фæцаразынц мæ стæй зындоны артмæ,
Мæ алыварс – цъæхпиллон арт, зынг хуыр.
Æхсидынц «Монцтæ», абухынц, рæмудзынц,
Ысиу ысты дæлзæхх æмæ уæларв.
Цавæр тых ис дæ музæйæн? Ыссудзы
Лæджы зæрдæ, гъе, батайы куыд царв.
Зæххы æвзæрын рог кæм уыд, æз хъуыстон:
Къæдзæхты згъæлын, знæт фурды хъæрзын.
Фæсабыр зилдух… Мæргъты зард æхсызгон
Мæ уды сисы уаз зæлтыл, – тæхы…
Кæцæй исыс уæлкурдиат, мæ хæлар?
Тыхст заманы дæр диссæгтæ кæныс!
Нæ дзыллæйæн йæ фæдисон – цæхæр арт,
Нырид æртыккаг мин азы цæрыс!
2000
Рохгонд
Цымæ дæм чи фæкаст дæ тыхсты,
Дæ былтæм чи бадавта дон?
Иппæрд фыдызæххæй….Фыдхъызты
Мыййаг кæд баталынг дæ бон!
«Цæуын æз хæстмæ», – загътай мадæн.
Зынгзæрдæ ахаста дæу дард.
Æмæ фыдыбæстæйы кадæн
Нывонд ыскодтай ды дæ цард.
Æвзонг дохтыр, ирон чызг Нинæ,
Æхсæз мæ ссæдз азы æрмæст!
Куы зонин ныр, кæм ис дæ ингæн,
Уæд уаин катайæ ирвæзт.
2000
Ныхъхъуыстай та дæхимæ
«У диссаг цард! Дæтты Хыуцау ыстæмтæн
Æнæкусгæ дæрдтыл фæллæйдтæ, цард.
Гъе, аннæтæй, цы загъдæуа хъысмæтæн….
Сæхи æлвасынц рухс бæллицтæ дард..
Мæн арæх цард дæрзæг къухæй ысхуыста.» —
Фæзæгъыс ды, куы ́рбаймысыс ивгъуыд….
Ныхъхъуыстай та дæ зæрдæмæ, ныхъхъуыстай!
Куы нæ зонынц æнкъард хъуыдытæ ́мгъуыд!
Тæрк къæвдайау ныссæххæтт кæнынц растæн,
Æнцой фæхæссынц, амæлы уæд онг…
Цæй ферох кæн… Кæрон ыскæн дæ мастæн.
Цин кæн! Дæ фарсмæ – сахъ фæдонты ́рдонг!
Дæ мæстытæ сæрдыгон митау тайæнт,
Æмбаргæ уд, дзæвгар азты фæцæр.
Дæ зæнæгæй дæ фæлмæн зæрдæ райæт,
Дæ фезмæлд фестæт арт æмæ цæхæр!
2000
Фæдзæхст адзалы раз
(арын дзы мæ фыды рухс ном)
О, ма кæн мæт, кæй нæ уадзын фæллæйттæ, —
Нæ нымадтон æз царды аппыл – ис!
Мæрдтæм йæ мулкæй чи фæцыд æд хæйттæ?
Лæгæн йæ фаг цыппар фæйнæджы ис.
Уысммæ ́ввахс раст лæджы ́рцыд æмæ ацыд.
Хæрзиуæг кæн æдзух æмæ лæггад.
Фæрсыс: «Йæ фæстæ удгоймаг цы уадзы?»
– Фæдонтæн хорз ном, адæмы ́хсæн – кад!
Фæлмæн ныхасæй искæй кæд æрцардтай,
Кæнæ кæстæрæн бацамыдтай зонд,
Тыхст удмæ кæд æххуысы къух фæдардтай,
Уæд макуы зæгъ, кæй фесæфтис дæ бон!
Хæрзгæнæг, мæ хур, царды у æвæсмон.
Йæ фын дæр у сыгъдæгзæрдæйæн арф.
Фыдгæнæг æмæ хинæйдзаг – æнæсом.
Сæ зæрдæтæм æввахс нæ цæуы фарн.
Бæрзонд бæллицтæ хъаггæдтон æз царды,
Мæхи æвзæрст – мæ цардвæндаг, мæ уаргъ.
Тырынæй мæн фæлвæрдта дуг йæ арты
Æмæ уыдтæн æз тар æхсæв – цырагъ.
Мæ архайд, гъе, мæ фыдæбон, – æппæтдæр —
Нæ дзыллæйæн йæ фидæнимæ баст!
Фæсмон мæм нæй, дунейы раз сыгъдæг дæн…
Ныр дуг фæзылд æд хæзнатæ æваст!
Узæлæг уыдтæн æз æппæт дзыллæтыл,
Нæ ардтон æз мæ сабитæн рæстæг…
Ахъаз сын æз сæрбахъуыды нæ фæдæн,
Гъе, уыцы азым хонын ныр хъæстаг.
Æз динты хуыздæр равзæрстон мæхицæн, —
Хæрзиуæг кæнын, адæмæн лæггад.
Дунейы фарн фæуæд мæнæн æвдисæн, —
Мæ ном нæ уыдзæн кæстæртæн æгад!»
Æхсарджын бонтæ уадысты йæ цæстыл:
«Уæларвæй, зæххæй, денджызæй, – æмткæй…
Мæлæццаг саха рацыди нæ сæрыл,
Бындзы сæфт кодтой дунетæ зæфцæй!»
Адзалы раз, гъе, ахæм катай кодта
Фыдыбæсты æнувыд фырттæй иу.
Æнкъард цæстытæй сусæг сыг æзгъордта…
Нæ урæдта йæ зæрдæйы рис – риу.
2000
Фыццаг «балц»
Дæ уынынмæ фыццаг «балцы» фæцыдтæн.
«Минасы» фæстæ кодтай ды фынæй.
Кæцæй æмбæрстай, дзидзидай, мæ дзырдтæ…
Фæлæууыдтæн дæ райхъалмæ зынæй.
Фæци дæ «æртæг», базмæлыдтæ, скуыдтай,
Ысуæгъд кодта дæ гыццыл къухтæ мад.
Агат цæстытæй ́нæзонгæйы суыдтай, —
Фæсабыр куыд, æркаст дæм цыма́гад.
Нымдзаст мæм дæ дыууæ фæрдыгæй, джихæй,
Бæрæг зындис, – дæ чысыл уд фæтыхст.
Стæй ферттывта – раст хуры тынтау мигътæй —
Дæ мидбылхудт, – хæрзиуæг дыл æрцыд!
Æрыууæндыдтæ, къухтæ мæм ивæзтай,
Фæзындис дын сæрибары амал…
Ныццин кодтай, – дæ «рæхыстæй» ирвæзтæ….
Лæууыд дæ разы фидæны æмбал!
2000
Чи зоны?
Фæндзай æхсæз азы рацыд ныр хæстæй.
Дæрдтыл архивтæ Рейхы, йеныр – гом.
Ивгъуыд зонджытæ федтой ныр сæ цæстæй
Фашизмы мон, дæрдтыл фæндтæ, йæ бон.
Хæстагъоммæ Дунейы Фарн æнхъæлдта, —
Бæрзонд хъуыдытæ хъаггæндзæн Адольф.
Йæ рухсы дуар æрбакодта, – лæвæрдта
Егъау тыхтæ уый фюрерæн хæстон.
Ныхдур нæ лæууыд Рухс Фарны хæстонтæн, —
Хъæбатыр, бурхил, сагамад, цъæхдзаст.
Уыдысты Рейхы иузæрдыг фæдонтæ,
Æгас дуне сæм дисгæнгæ ныккаст.
Нæртон æгъдæуттыл тохгæнæг нæ разынд
Æртыккаг Рейхы аразæг, йæ уд.
Европæйыл уый арвæрттывдау азылд, —
Дзæвгар адæмтæ банкъардтой фыддуг.
Куы равдыста фашизм сырды уæх иугæр,
Уæд ́рыхгæдта Дунейы Фарн йæ рухс.
Йæ хæстонтæ дæр баззадысты иунæг,
Хæстæргомæн æваст йæ тых фæцух!
Цæгаттаг скандинавтæ-иу хъайтары
Æнусон бæстæм арвыстой цытæй
Йæ фæлгонц уыд фыдæй-фыртмæ сæ тары,
Йæ ном ын ардтой, рухсгæнгæ, нымдæй.
Куы-иу фæмарди карз тохы бæгъатыр,
Фæстаг уысммæ йæ армы мидæг кард,
Ызнаджы рæгътæ карста кæд æгъатыр,
Уæд-иу йæ уд Валгалламæ фæраст.
Валгалла хуыдтой мард хъайтарты галуан,
Фæхонынц ма йæ Одинæн йæ кæнт.
Хуыдта Адольф раст ацы бынат – «уаз ран»,
Ыскодта ́нæмæнг йе ссарыны фæнд!
Пысылмонтæн сæ хаджы нысан – Мекка.
Йæ нысан, дам, уыд фюрерæн – Цхинвал.
Æнæсæрфат мыййаг нæ кодта лекка…
Зæгъынц, хуыдта нæ горæты – Валгалл.
Дзæвгар азты бæллиц йæ риуы хаста, —
Ыссардзæнис йæ фыдæлты куывддон…
Йæ сæнтты Нибелунгты хæзна къахта,
Бынаты ардта Зигфридæн йæ ном.
Табугæнæг йæ рагфыдæлтæм схъомыл,
Сæ уæлмæрды ыссарынмæ бæллыд.
Цæгат Кавказмæ ́рбакалдта йæ хъомыс,
Ныхдур æнхъæл Ирыстонæй нæ уыд.
Зæгъынц, нæ бæстæм сау фæндтимæ не ́рцыд,
Нæ, зæгъ, фæнд кодта ирæтты цæгъдын.
Ариæгтæ кæй хуыдта, – йе ́мтуг, йе ́мдзыт
Фæндыд æй семæ ́рвадæлау цæрын.
Нæ йæ урæдта зымæгæн йæ карз дæр, —
Бæллицагур ныллæууыди зыдæй…
Нæ рацыд Ир æд дзул, æд цæхх йæ размæ,
Кæйдæртау ыл нæ сæмбæлди цытæй!
Æрвад кæй хуыдта, уый йæ ныхмæ растад,
Чысылæй стырмæ фестади хæцæг!
Хæддзуйы ныфс нæ хæхты митау батад, —
Нæ йæ ́руагъта йæхимæ Ир хæстæг!
2001
«Дыууæ мин азы ацыд! Мæнæ диссаг!..»
Дыууæ мин азы ацыд! Мæнæ диссаг!
Нæ фæуид кæд нæ фæндиаг æвæд,
Кæд разынид нæ рухс æнхъæлцау цинаг,
Æнустæм рох – нæ катай æмæ мæт!
2001
Милленниум
Фæцис æнус, æрлæууыд мин аз!
Æрхæссæд нын сабырад, цинад.
Нæртон, хъæзныг царды æвдисæг,
Цы ́суæм æппæт дзыллæтæн диссаг!
Уæнт хистæртæ æрдаг, куырыхон.
Æнæниз – фæсивæд нырыккон.
Сылгоймаг уæд уæзданæй цардхъом.
Рæвдыдцух макуы уæд æнахъом!
Фæрныг зæххыл цы зонæм кусын,
Нæ кæстæртæ цы зоной хъусын.
Сæ зонды тых цы ́нхъæвза дардыл,
Цы архайой нæ бæсты фарныл.
Æрттивæнт зонады сæ нæмттæ
Æмæ цы рухс кæной нæ кæмттæ.
Зындзинд ма фенæд нæ фæдон,
Хуыцау ын раттæд даргъ цæрæнбон!
Æгъдауыл сæххæст уæнт нæ фæндтæ,
Ахъаз нын уым фæуæнт нæ зæдтæ.
Уæд дидин калдзæнис нæ бæстæ,
Паддзахад баззайдзæн нæ фæстæ!
Куы лæууа Иры мæсыг фидар,
Уыдзыстæм йеуæд мах сæрибар!
Фæдонтæн ног мин аз мæ арфæ:
Æртымбыл ут аланты артмæ!
2001
Гергиты Валерийæн
Цæуылнæ уой сæрыстыр уæд нæ адæм?
Курдиатджын, хъæбатыр гуырдтæ – фаг!
Уырдыг лæууынц сæ раттæг Иры кадæн.
Цырагъ сæ удты, фидар у нæ таг!
Хæххон цæргæс нæ уæзæгæй ыстахтис,
Дæрдтыл нытыгъта базыртæ, æвзыгъд.
Уæздан Музæты кувæндоны ́рбадтис,
Йæ къухы ́взыст – æрвон бæллицты ́ссыгъд!
Фæрнæй цæрай аивады тыгъдады,
Иры хъæбул! Дæ номæй – буц нæ уд!
Мæнг нæу мæ фын, – Дæсныйады куырдадзы
Дæумæ Ыскæнæг уаз мидбылты худт.
Ыссис дæуæн æгас дуне цытгæнæг.
Хуыздæрты ́хсæн – нымад æмæ хæрзном.
Æвидийгæ æнтыстытæ – цыртдзæвæн
Дæхицæн, гъе, дæ адæмæн бæрзонд!
2001
Бзарты Русланæн
Нæ бæстæйæн йæ намысыл куы дзурынц,
Дæ рухс фæлгонц уæд ауайы цæстыл:
Куырыхон лæг, уæздан гоймаг… Нæ цуды
Дæ удвæрнон, æгъдауыл раст хæцы.
Бæрзонддæр къæпхæн зонады куы райстай,
Фæцин кодтон дæ æнтыстыл дзæвгар.
Куы ма фехъусин – цардæмбал ыссардтай,
Нæ Ирæн скодтай диссаджы хæдзар.
Цы адæм уарзыс, уый фидæн куыд уыдзæн,
Куы нæ уа йедзаг ́взонг фæлтæрæй, уæд?
Фылдæр кæнæт нæртон гуырдтæ дæ хуызæн,
Кæд уаит къаддæр сомбоныл нæ мæт.
2001
Царды дидин
Куы фæзæгъынц: «Æрдхæрæны сылгоймаг!»,
Кæсы мæм уæд, – ирон чызгыл у дзырд.
Хæдæфсæрм, уазамад, – раст дидин дойнаг!
Дæуæн кодтой тъымы-тъыматы цыт!
Сылгоймаг, ды – Ирыстонæн йæ фæрдыг,
Йæ уаз хъæбул, йæ цины сæр, йæ ныфс.
Сæрбахъуыды фæстæ нæ лæууы хæрды..
Æмбаргæдзинад – рухс цæстыты фыст!
Ирон сылгоймаг, царды ́мбал, ныййарæг,
Йæ уæздан уд – бæрзонд монимæ баст.
Фыдыбæсты, хъæбулы ́фхæрд – йæ марæг.
Фыд-заманы цæугæ уарт фесты ́васт!
Фæцæр мын уас зæрдæрайгæ æнусты,
Бæрзæндты хæсс нæ рагфыдæлты кад.
Дæ хорзы кой фæлмæн рæвдауæт хъусты,
Сæрыстыр уæт дæуæй Ирыстон – Мад!
2001
Хорз сых
Æрбатымбыл абон нæ къуыммæ
Нæ хæлæрттæй иу чысыл къорд.
Куы ́рцыдаид ́гас сых нæ фынгмæ…
Къуындæг у нæ фатеры сконд.
Æмбаргæ, уæздан сыхы астæу
Æнцон у, бæгуыдæр, цæрын.
Сæрæгас уат иу æнус, уастæн,
Вæййы мын уæ фенд дæр æхцон!
«Сыхаг у сæууон хур!» – фæзæгъынц.
Æцæг у, ныхас дæр ыл нæй!
Хуыцауæн уæ ́рвыл хатт фæдзæхсын,
Цæуæд уыл хæрзиуджыты зæй!
Хъыджы, зæгъай, цины – нæ фарсмæ,
Æфсымæртау ́ххуысмæ – цæттæ.
Цæуæд, уас, уæ байзæддаг размæ
Сæ амæндтæ ́ссарæд хæрзтæ.
2001
Лæджы бындзæфхад
Мæ чысыл хур, ныстуан мæнæй æрдомдтай:
«Лыстæг тыхтæй йæ авджы бын нывæр.
Нæ кæндзынæн дзæгъæлы́ндæртау цоппай,
Кæндзынæн ахуыр алкæмæй хуыздæр.
Ыссардзынæн мæ авгæн дæр æвæрæн,
Фæуыдзæн уым дæс азы бæрц æмбæхст.
Мæхицæн æй æрхæсдзынæн лæварæн,
Куы мыл кæной фынддæс азы æххæст».
Дæ æнхъарæн мæ рыййæфта æдзæттæ,
Нæ дын радтон, зæнджын хъæбул, æз дзуапп…
Дæттой дын тых нæ хæхты фарн, нæ дæттæ,
Ыссарай мын фæрныг цардæн йæ апп!
2001
Сабитæ
Донæн йæ урс сыфыл хъазы,
Райгæйæ сабиты бардз.
Дымгæйæ бæлæстæ тасынц,
Сæры хил сбады уæд арц!
Чысылтæ уазал кæм хатынц,
Цъилау ныззилынц, бырынц.
Ихæн йæ айдæныл кафынц,
Цингæнгæ размæ тырнынц.
Айзæлы комы зæлланг худт,
Цæстытæ калынц цæхæр…
Ма зонат царды зæрдæхудт,
Ма уын уа зондæй æмсæр!
2001
Фыццаг къахдзæфтæ
Фæуайы узгæ-узгæ саби,
Кæлдзæн фыццаг къахдзæфтæй зæхх…
Фæзылд мæ чысыл хуры баби, —
Фæцыди кæрдæгыл йæ дзæхст.
Хъуытаз хъæлæсы къæл-къæл хъуысы,
Ысиу и цæссыгимæ худт.
Мæ зæды къалиу сиды ́ххуысмæ, —
Фæтыхст фыццаг цæфæй йæ уд!
2001
«Саувадыг арвыл ныддымстис…»
Саувадыг арвыл ныддымстис.
Фæкъæрттæввонг къæвда ныхъхъус.
Царддæттæг хур дæр фæтыхстис,
Æрнымæг йæ зынг цæсты рухс!
2001
«Куы райа зæрдæ, уæд æнцон у уарзын…»
«Куы райа зæрдæ, уæд æнцон у уарзын
Дæхи дæр æмæ ́гас дуне æмткæй!»
– Нæ буц фыдæл нæ уаит демæ разы, —
Æгас дуне нæ уарзта уый бæрцæй!
2001
Сослан
Мæ чысыл хæлар, бафтыдис дæм иу аз.
Ды рæзыс бон уыдисны, ́хсæв – уылынг!
Нанайæн дæ йæ сæууон хур, йæ цинаг…
Дзаджджын, рæсугъд дæ гуырæнбны фынг.
О, байрæзай дæ гыццийы фæндиг,
Дæ фидæнæй цы барухс уа йæ уд.
Ныфсы цæджындз цы басгуыхай, фæзминаг.
Лæгау-лæгæй цы фæхæссай дæ худ!
2001
Æхцон нæ фембæлд…
Уысм дæр нæ сæфы дун-дунейы мисхал.
Зæгъынц, цæуы фæрныг къæбицты ́вæрд.
Хæларæй бадæм… Мысинæгты иу хал
Æлвисæм цадæг, – рухс хъуыдыты ́взæрд..
Кæддæриддæр æхцон нæ фембæлд удæн.
«Уæззау къахдзæф, сындæг гакъон – нæ цыд».
Зындзинæттæй, мæ буц хæлар, нæ цудæм,
Нæ дæр фæкæнæм истæуылты зыд.
Нæ катай махæн – фæсивæды фидæн.
Сæ æнтыстытæ – зæрдæйæн æвдадз!
Хæстæфхæрд сабитæм йеныр цы взидæм,
Хæссæд сын рухс нæ зонады куырдадз!
2001
«Дыууæ мин дыккаг аз æрцыдис!..»
Дыууæ мин дыккаг аз æрцыдис!
Ныфсытæй у нæ цард ныр дæр.
Быхста лæг, алцæуыл хъæцыдис,
Нæ фидæн уаид кæд хуыздæр.
Миййаг куы нæ аива уавæр,
Мыййаг куы фæцудæм ныфсæй,
Кæндзæн йæ лыгъд нæ адæм дарддæр,
Уæд бабын фæсивæд зæфцæй.
2002
«Хæххон доны был чи райгуырд, уый зоны …»
Хæххон доны был чи райгуырд, уый зоны —
У доны сæр-сæр мады «Алолай».
Кæм фæнды ма уай стæй, уый рох нæ комы…
Дæ уды ис Фыдыбæстæйы хай!
2002
Нарты фæдонтæ
1
Ысхъæл æгæр, сæрæстыр – нартæ,
Тыхгæнæг сын нæ ардта тых.
Хуыцауæй сын – æгæрон бартæ,
Пайда сæ кодтой уыдон ́взыгъд.
Фæнык сын нал уыдис уæд артмæ,
Къæсæртæ сарæзтой бæрзонд:
«Кæд махæй дæ, æрбад нæ фарсмæ,
Кæннод дын нал арæм дæ ном!»
Ныххаудис хъуыдыты Ыскæнæг:
«Цæуыл фæхъыг уыдаид Нарт?
Æви мæнæй уынынц фыдгæнæг?
Нымадтон сæ мæхицæй,́рвад…»
Фæд-фæдыл минæвар æрвыста,
Цы кæнынц Нарт? Цы сын нæй фаг?»
Нæ хъуыстой Нартæ, фесты ́лгъыстаг, —
Хуыцаумæ фесæфтой фæндаг;
Æгæр, æгæр куы кодтой Нартæ,
Уæд сæм фæхъызыдис Хуыцау.
Тызмæг сын ́рæхгæдта сæ бартæ,
Зынг суагъта, кода сæ фыдцагъд.
Гас чи баззад, цъыссымы дардта…
Фыдæбон дзессы цъассы – фаг…
Уæдмæ сæ сæр фыдзинтæ сдардтой,
Фæнд ́скодтой аскъуынын нæ таг!
Нæ бæстыл байдыдтой цъыфкалæн,
Куыд риссагдæр æвзæрстой дзырд.
Милуантæ! Кодтой нæ хылкъахæн,
Лæбурын райдыдтой раст сырд…
2
Мин фараст сæдæ нæуæдз фыццаг.
Дыууадæс сахат. Уалдзæг. Хъарм.
Цыдис та нарты хъысмæт скъуыддзаг…
Нынкъуыст зæхх, ниудта …Бон ныттар!
Ызнæт фурдау ызмæлыд асвальт,
Дæлзæхх цæтджджинагау фыхтис.
Æрдз тæсæй бамынæг, зæхх афаст,
Ызнæт улæфыдис, рызтис.
3
Йæ бон Ыскæнæгæн нæ бацис
Сабыр нæ тухитæм кæсын….
Фыдбылыз Дзаугоммæ куы кастис,
Уæд та ныл райдыдта хъæцын.
Æрвыст зæдау хæрзгæнæг Дзаумæ
Фæци зæнджын сылгоймаг уæд.
Зын лæууæн уыд сыхаджы даутæм…
Дзуапп раттын знагæн ́ссис йæ мæт.
Æрсидтис Дзаугоммæ æмбырдмæ…
Гуылф кодтой районмæ æмткæй.
Чысылæй райдайгæ ыстырмæ
Тындзыдтой митингмæ рæвдзæй…
Ирон æмбаргæ чызг, Заирæ,
Хуыцауæй минæвар фæдæ.
Куывта кæд исчи, уæд – нæ ирæн…
Хæссынц дæм рухс зæды зæрдæ.
2003
Нæ ALMA MATER
Нæ ALMA MATER, хъомылгæнæг Мад
Нæ бæстæйæн йæ зонады куырдадз,
Ныууагътой дæу зæнджын фыдæлтæ махæн.
Ды хуссайраг алантæн дæ æвдадз,
Цæрдхъомæй лæуу æнус-æнус дæ къахыл.
Бындур æвæрын афтæ ́нцон кæм уыд, —
Ныхдуртæ – фаг. Хъуыд алы къахдзæф барын.
Сæ архайд цадæг, – ма ́руадзой рæдыд….
Сæ рухс фæлгонц нæ Ир йæ зæрдыл дары.
Æмæ ныр дæр нæ кæстæртæ сæ цард,
Сæ æвзонг удтæ ́снывонд кодтой Ирæн.
Фыдыбæстæ – сæ сомыгæнæн, с́ ард!
Уый бахызтой æхсарджынæй нæ цинæн.
Цæсты гагуыйау хъаггæнынц æдзух
Сæ рухс кувæндсн, архайынц йæ кадæн.
Кæд уыдис Ир хъæбатыр гуырдтæй цух?
Сæ хуыздæртæй сæрыстыр у нæ адæм.
Нырма æвзонг дæ æмæ размæ цу!
Æрсдонау айгæрд зонадмæ фæндæгтæ.
Æвзонг фæлтæр кæнæт дæуимæ ́мдзу,
Æнусон тулдзау фидар уадз уидæгтæ.
Нæ иумæйаг Мад, макуы у хъæстаг!
Æвзыгъд фæсивæд уæт дæ рухсæй хайджын.
Цæуæнт дæ удæй ахуыртæ, æрдаг,
Уæнт зонды сæ уынаффæтæ барджын!
2003
Поэмæ Нæмыгдзæф бонтæ
Цы уыд, цавæр цæрæгой, уагæр?
Дæу чи схаста, дæу, – удсахъат лæгсырд!
Санайы сахъ гуырдæн йæ марæг —
Зындонæй иппæрд зин, æлгъыст!
Рæстæггай æнусты фæзыны
Ызмæнтæг, дæлимон, æлгъыст.
Уæд цардæн йæ бындур фæзилы,
Фыдбылызæй нал вæййы хызт.
Дæлимон йæ алыварс тауы
Хъазуатонæй фыд æмæ хæст.
Йæ хъæстæ пырхæндæгæй калы,
Бæстæйæн æрцæуы йæ сæфт;
Дзыллæйы хуыздæртæм фæхъызы,
Æмбулы æвзæрстыты ́взыгъд…
Гуымсæджыты хъæрмæ кæм хъуысы
Куырыхоны рухсхæссæг дзырд.
Рæстаг лæджы уавæры – ме ́знаг, —
Мæгуырæг, ныккодтой йыл гакк.
Æмбаргæ, хæрзиуджытæй йедзаг…
«Хъайтартæ» йын фесты аккаг!
* * *
Уæд дыккаг мин азы кæроны,
Куы ныппырх нæ Цæдис бæстон,
Цы сау кард æмбæхста йæ роны,
Уый фелвæста не ́рдхорд æргом.
Сæнтæзнæт нæ сыхаг – зыдгæнæг,
Нымбæрзта нæ ивгъуыды сыф.
Йæ дзыллон фæрæзты тыхгæнæг
Нæ Ирыл фæкалдта йæ цъыф.
Рыстис иу лæджы уд æгæрон,
Куы-иу хъуыстам хабæрттæм, уæд.
Хъыг ныхас ызгъæлстой æбæрнон,
Хуыдтой нын нæ рацæуæн – хъæд!
Ыскæнæг, æркæс сæм лæмбынæг!
Нæ фыдæл дунетæн – зындгонд.
Лæджы хурх æрцахсы кæуындзæг…
Бецау, Скиф! Хъæбатыр, цыргъзонд.
Аланты культурæйæ хайджын
Европæ йæ рæстæджы ́ссис.
Артуры Тымбыл фынг уæд кадджын
Аланты Ныхасæй уыд ист!
Нæ æнусон фидар уидæгтыл
Нæ дзурæм æндæрты ́хсæн мах.
Куы зæгъой: «Æппæлой ирæттæ!»
Фыдгул ныл æркъуыры йæ къах!
Ыскодта йæхи ныр лæбурæг
Нæ сыхаг. «Мæн у» – зæгъæг нæй.
Мæрддзæст лæг, йæхирдæм рæдувæг,
Кæй фæллойыл ауæрста, кæй?
Фæхъæр кодта: «Нардуарæг!» Байста
Хæцæнгарзæй, алцæмæй хай.
Кæсæгтæ æзмæст доны ахста,
Стæй райдытта ирæтты най.
Фæфидар и, скодта бырсынвæнд.
Тæлтæгимæ рарвыста Сидт.
Куы нæ дзы уыд махæн ныфсæвæрд:
«Нæ сæттынц, уæд фалæмæ – фитт!»
Кæнæ, дам, æмырæй ныхъхъус уæнт,
Кæд сæ ам цæрын фæнды, уæд.
Быхсæнт æмæ гомыгæй кусæнт,
Æрбайсæфдзæн кæннод сæ фæд!
Кæмæ ма ис ахæм æмбисонд:
«Йæхи дурæй хæлы мæсыг!»
Хæссæм æй æнусты куыд фистонг,
Лæууы нын егъау туг, цæссыг;
Фæтæнуæхск, ирон богал уадис
Цыбыркъах «джигиты» фæстæ;
Цæргæсау æй хъаггæдта, кастис,
Мæлæтмæ йæ сæрыл цæттæ!
Йæ адæмæй иппæрды ́нцонæй
Нæ фæисынц зæрдæмæ ́ввахс.
Ысхойынц æй цæхæрмæ ́ргомæй,
Ысвæййы сæ дзæмбыты ахст!
* * *
Нæ Лæппутæ бамбæрстой хъуыддаг, —
Æгад у хæддзуйы фæндон.
Куыд уыдзæн нæ сомбон, нæ мыггаг,
Куы ныл цæуа искуы сæ бон?
Хъыгаг уыдис Сидтæн йæ мидис, —
Нæ зæххыл нæ ́рцæуæг хуыдтой.
Кæндзысты нын мин азты фидис,
Нæ бæстæйы хицау куы ́суой!
«О, бузныг алантæн зæрдиаг!
Зæххытæ нын радтой рæдау.
Уыдысты æгъдæуттæй фæзминаг,
Мах бахызтой ́знæгтæй лæгау!»
Фыста афтæ се ́мтугон иу лæг…
Зыдтой ма уæд бузныг зæгъын.
Уæвгæ дæр, æддагон мыст – хилæг
Бынæттоны суры тæрных.
* * *
У йеныр нæ сыхаг гæрзифтонг.
Хылкъахæнтæ райдыдта, загъд!
Æрбаскъуыдис зарæг зæлифтонг,
Ивгъуыд дуджы баззадис дард.
Сæ къахфындзтыл дам-думтæ згъордтой, —
Нæ «фысым» æрцæудзæнис тагъд.
Æмбаргæ уæвын нæ æрдомдтой,
Кæнæ, дам, æрцæудзыстут цагъд.
Æрхаста хæдбарад сыхагæн
Нæ Цæдисы ́нæнхъæлгæ пырх.
Æрдхорд дæр сæ нал хъуыд, хъыгагæн,
Сæ туджы дæр нал хуыдтой сырх.
Ыссардтой паддзах дæр сæхицæн,
Ысисты милуантæ æмзонд.
Сæ бæллиц ныр сæххæст, —
сты хицæн,
Ыскодтой сыхæгтæй æмбонд.
* * *
Цхинвалмæ æрхæццæ лæппутæ
Чысанæй фæдзæхсæг уайтагъд.
Сырды митæ федтой хæддзуйы,
Сахъ хотыхтæй. Самадтой загъд!
Уыд тасы мигъ адæмы уæнгты:
Чысангом Цхинвалмæ – дæрддзæф.
Уырыссаг фыст ракалдтой хъæуты:
«Гуырдзиаг æвзагыл хæцæнт!»
Дзырдтой нын: «Сæ нысан у ардæм!
Цæттæ хъæуы! Дзурæн сæм нæй!»
Цæй цæттæ? Фæткхъаггæнæг адæм
– Æнæхай сæ хæцæнгæрзтæй!
Æхсæнгæрзтæ рауыгътой раздæр…
Зылдысты ныл хинæй æдзух…
Æрцæугæ фæткхалджытæ бардзтæй
Нæ бæстæйыл кодтой цæрддзу.
Æвдисæн «фæткуарзджыты» балцæн
Уыд Ирæн йæ уаз зæрдæ – Дзау…
Фæндаг мын куы нæ кодтой цалцæг…
Нæ хъаггæнæг!
Чи ́рхæсдзæн фау?
Кæмæй, стæй кæй хъаггæдтой Дзауы?
Гуырдзиæгтæ —́ртæ чындзы ́рмæст.
Фæцардысты не ́хсæн æгъдауыл,
Сæ хъæбулты хурæй – æфсæст.
* * *
Æрбатымбыл Лæппуты иу къорд,
Уыди сын æвдисæн цъæх арв.
Фыдыбæстæ уарзджыты иугонд
Куыд карздæрæй бахордта ард:
«Нæ зæххмæ куы ́руадзæм тæлтæджы, —
Нæ фыдæл мæрдты дæр хъæрздзæн.
Кæмæн уыд йæ фæсонæрхæджы, —
Æрдхорд та нæ абон цæгъддзæн.
Куы бауадзæм сахармæ знаджы,
Фæуыдзæн æлгъыстаг нæ ном.
Кæд бахъуызой искæйты руаджы,
Уыдзæнис сыл карздæр тæрхон!
Дзырд ратгæйæ, кастысты ́нхъæлмæ,
Хæс райстой сæхимæ бæрнон.
Ыскодтой сæ фæндаг уæд хъæдмæ,
Уынаффæтæ кодтой хæстон.
Нæ сын уыд хæстон фæтæг, хистæр,
Ныфс ́вæрдтой сæхицæй æрмæст.
Æгом æмæ ́гæрцæй, уæд фистæг…
Хуыцауæй уыдысты фæдзæхст.
Нæ уыдис сæ къухты хæцæнгарз,
Рæстад сын лæвæрдта тыхтæ.
Сæ хуыссæнуат зæххыл…
Мæстæйдзаг.
Фыддуг сæ йæ зынджы сыгъта.
Тызмæг, уæд куырыхон цæстæнгас
Фæзындис нæ кæстæрты ́васт.
О, баззайут махæн сæрæгас, —
Нæ фидæн сымахыл у баст!
* * *
Æддæйæ нæм бирæ уыд уазæг,
Сæ дисæн нæ уыдис кæрон.
Ызмæстыты хинæйдзаг хъазæг,
Куы разынд нæ сыхаг æргом.
Сыгътам мах цырæгътæ нæ удтæй,
Куырдтам иу фæйнæрдыгæй ́ххуыс.
Куы цардыстæм иумæ хъæрмудæй…
Мыстулæгау ивтой сæ хуыз!
«Дæ ныфс у дæ хъару, дæхæдæг!
Нæ фыдæлтæ уарзтой зæгъын.
Æнæххуысæй адæм – æрхæндæг,
Дзырд радтой кæронмæ хæцын.
* * *
Хæстæгдзинад нал уыдис, – амард,
Æздæнонæг хицау куы ссис.
Фæзындис ын диссаджы фадат,
Ныккæна йæ «уазджыты» цъист.
«Гуырдзыстон æрмæстдæр гуырдзыйæн!
Цæй уазæг! Нæ адæм – æддæ!
Ныууадзæнт нæ, кæннод хъыцъытæй
Ныуаздзысты махмæ дæттæ!»
Уыдис нын гуырдзиаг хæлæрттæ…
Ныр зонæм, – тыххæй нæ быхстой.
Сæ калакмæ снадтой фæндæгтæ
Æмбырдтæм…
Цæстæй нæ æхстой!
Сæ фæтæг сæ бандзæрста Ирыл,
Сæ сæрмæ нæ нал хастой ныр.
Æрбайрох сæ хорздзинад иууыл…
Сæрыстыр, нæ сæм уыди сдзырд.
Дæлфадихсыд фесты дыууæрдæм,
Æвзæгтæ ́мæ базыртæ – даргъ!
Сæхимидæг фесты дыууæ ́рдæг,
Хæдбарæй æвзæрстой сæ уаргъ.
Сæ ахстоны иу цау нæ уагътой,
Кæм-иу ныл нæ калдтой сæ сæт.
Нæ ныхмæ уынаффæтæ хастой,
Нæ фæтæрын Ирæй – сæ мæт.
Ирыстонмæ сау марг æрхастой…
Нæ царм нын æстъыгътой æргом.
Нæ тыхтæ нын аууонмæ ссадтой.
Гъе, уый дын æмкусæг нæртон!
Дзæвгар рæстæг немæ фæкуыстой,
Лæггадæй нæ уыдысты цух.
Цæстмæ митæ кодтой, ныхъхъуыстой.
Ныр абон нылхъывтой нæ хурх.
Куы нæ ́ххæссы алкæуыл хур дæр,
Цы ма кæнæм йеныр мæсты.
Ныр нал хъæуы катай мах мур дæр,
Нæ лæггад нæ фæцыд бæсты.
Æндзыг сæ ныккодта нæрæмон,
Йæ хъал зæрдæ агуырдта хæст.
Раст афтæ лæсæгой æнæном
Нындзыг кæны цæстытæй хæфс!
* * *
Дзæнæттаг æмкусæг мыггагмæ
Мæ хъуыдыйы рухсæй цæрдзæн.
Æррынчын тыхст дуджы, хъыгагæн,
Æндæвта йыл уавæр…
Мæлдзæн.
«Йæ зонадон куысты нæ Ирыл
Ныффыста,
фæцис æй къæпхæн!
Куыннæ худы абон йæхиуыл,
Цы цæсгомæй дзуры, сæрхъæн!
Куырыхон уæздан лæджы рухс ном
Ныррох кодта…
Уый фæрцы ́слæг!
Гуырдзыстон куы сæмтъеры абон,
Æбузн уæд уый разынд æцæг!
Ныр нал зоны Ирæн йæ Хуссар
«Йæ зæххæй» йын байстой тыхæй!
Æнæфсармы ахæссæд хуысар,
Кæд ын Ир нæ баззад фыдæй.
Хъæстæйæдзаг митъингты ́взиды,
Чъыребамæ балцы тырны.
Фæтæрынмæ ирæтты сиды,
Зыд сырдау сæ бодзæн хъырны!»
Нæ раздæры ́мкусджытæй иуыл
Æмбаргæ сылгоймаг дзырдта….
Лæг не ́ууæнды абон йæхиуыл, —
Фæлитой нæ Ирыл фыста!
Уый иунæг кæм уыдис. Хæлæрттæй
Нæ фестадис цъус, миййаг, знаг.
Цæсгомæй ныр домынц хæдзæрттæ,
Ысластой та сайæн æвзаг.
* * *
Ысисты ныр «лигъдæттæ»! ́Рвитынц
«Дзæнæтæй» Цхинвалмæ «салам!»
Ныры онг кæйæдæр къуымты хитынц,
Ыскодтой нæ дунейæн «мамм»!
Кæцы сæ фæтардта нæ бæстæй?
Зæгъæнт ма йæ ́ргомæй, зæгъæнт.
Лыгъдысты…
О, зонынц, кæй тасæй…
Хуыцау сын тæрхонгæнæг уæд!
Нæ фæлыгъдис алчи, мах зонæм.
Нæ уыдысты се ́ппæт «тæрсаг».
Ам чи баззад немæ, уый хонæм
Мах не ́фсымæр. Нæу нын хъæстаг.
Дыууæ мины баззад гуырдзыйæ
Фыдзаманы немæ цæргæ.
Куыд сæм кæсæм йеныр хъуынтызæй…
Фæндыд сæ сабырад, бæргæ.
Цæсгомджынæй дохтыртæ цалдæр
Хæстæфхæрдтæн кодтой лæггад.
Нæ уыдис хуымæтæг сæ уавæр,
Нæ цæсты раз рæзти сæ кад.
Нæ цины, нæ хъыджы – æгъдауджын,
Æфсымæртау немæ цæрынц.
«Ысуыдзæнис Ир дæр бæркадджын»,
Цæстуарзонæй арæх зæгъынц.
* * *
Фæндзай мины «уаритæ» ́ртахти,
«Хæларады ́мбырдмæ» – цæттæ.
Сæ фæтæг æрцахста йæ тъахтъи,
Æуырдыгæй цагъта сæнттæ:
«Æрмæстдæр гуырдзыйæн Гуырдзыстон!
Нæ уазджытæн фаг у, цæуæнт!
Нæхи фаг нæ кæны нæ исбон,
Фæцæуæнт, сæ зæххыл цæрæнт!
О, басудздзæн уыдон мæ азар,
Æнхъæлмæ сæм уисой кæсы!»
Зындгонд у, – нæ донбыл йæ хæдзар,
Нырма дæр йæ фæстæ кæуы.
«Æрцæуæг тæппудтæ мын хицау
Ыскодтой нæ зæххыл сæхи.
Нæй ́рхæссæн мæ хъуыдытæм иу фау,
Кæрон сын ыскæнæм! Фæци!»
Йæ карз ныхас загъта, фæрастис
Лæбурæг Цхинвалмæ цæхгæр.
Ыскæнæгæй мисхал нæ тарстис,
Кæм хуыдта йæ миты æвзæр!
* * *
Æназым уæрыччыты дзугтæ
Цхинвалмæ сæ хицау кæны.
О, не сты фæндзай минæй цухдæр.
Гæппæввонг… Цы маст нæм кæсы?.
Фæндаграст сæ кодтой зæрдыйæ…
Илиайы сыгъдæг уд ыстыхст:
«Кæд амара исчи гуырдзыйæ,
Мыггагмæ фæуæт уæд æлгъыст!
Дзыуæрттæ æфтыдта йæ фырттыл:
«Фæут мын фыдбылызæй хызт!»
Æнхъæл дæр нæ уыдис йæ фынты,
Кæй фæуыдзæн а стæр æлгъыст!
Кæм ма кæнынц диссагыл дис дæр!
Нæ къуыммæ цæгъдынмæ бырстой.
Сæ разæй – паддзахады хистæр…
Цæйдæр усы ном æм дзырдтой.
* * *
Икъарустæ – дуне! Фыдуæргътæ.
Тырныдтой Цхинвалмæ æмвæнд.
Раст афтæ ныххал вæййынц мæргътæ,
Куы фæтæхынц хъарм бæстæм, уæд!
Лæгау-лæджы йеуæд æвæрдтой, —
Æнувыд фырт Ирæн, æрдаг!
Мæнгард митæ зонады ́ндæвтой
Хæдæфсæрм, зæнджын лæгыл фаг.
Сыгъдæг уд нывондæн æрхаста
Нæ бæстæйы кадæн нæртон.
Нæ ивгъуыдыл раст ныхас загъта,
Сæ удхæссæг фестад йæ ном.
Фæндаграст, куырыхон, уæздан лæг,
Нæ Ирæн дæ лæггад – хæлар.
Кæм цардтæ, уыдис уым дзæвгар мæнг,
Дæ уды фарн баззад хæдбар.
Фæраст и дæ рухс уд дзæнæтмæ,
Цæвиттойнаг махæн – дæ ном.
Фæлвæрттой дæу царды цæвæнтæ,
Æнæцудгæ баззад дæ мон.
Æризæр, фæстæмæ цыдысты
Мæрддзыгойы адæм…
Æнкъард.
Æрбырсджыты къухты зындысты
Лæдзгуытæ æд зæгæлтæ даргъ.
* * *
Сæ аргъуан йæ дуджы Сосланы
Гуырдзыстонæй фервыста дард.
Дзуархæссæг балцты фæлвары
Алайнаг бæгъатыр йæ кард.
Æддæмæ йæ ́ргомæй ысхуыстой,
Æрхæсс, зæгъ, Чырыстийы дзуар.
Йæ фæстæ æлхæд лæгты ́рвыстой…
Мыййаг сын куы нæ уыд бындар.
Æмсæр ын нæ уыдис æхсары!
Æрыздæхт хæстæсгуыхт, фæллад.
Лæууыдис егъау хæс йæ разы,
Æххæстгонд æрцыдис æд кад.
Ныййихсыди тугуарæн хæсты,
Æрхаста сыгъдæг Дзуары хай.
Æлдариуæг кодтой йæ бæсты,
Мæгуырæг, Цæразонты стай!
Йæ фæрцы ам сфидар паддзахад,
Ныфс дæр сæм уæд нал хаста ́знаг.
Æдас цард ныр кодтой, парахат…
Ыссардтой фæллой дæр сæ фаг.
Æвзонгæй ныууагъта йæ уæзæг,
Æсирвæрзт ыл уарзты цъæх арт.
Йæ мыггаг нæ хастой йæ зæнæг…
Йæ нæртон уд кодта цъæхахст.
Йæ каисты сæрыл нывондæн
Æрхаста алантæй дзæвгар.
Ныр абон цæрæм мах «æввонгæй»…
Сæхи нын ыскодтой æлдар.
* * *
Æнæхонгæ уазджытæ… Марæг
Ноябыры махмæ æрцыд.
Нæ горæтмæ бахизæн – нарæг,
Æхсарджын ныхмæлæууæн уыд.
Хъылмайæ хæбатыр фæсивæд
Тырныдта нæ артмæ тæрных.
Бардз уæлмæрдты сæрмæ æрривæд,
Æндон риуыл сæмбæлд сæ ных.
Чысыл къорд – аланты фæдонтæ,
Сæ цæнгтæй æрбыдтой рæхыс.
Уас бастъæлæнт знагæн йæ бонтæ,
Нæ кæстæрты бахъуыд æххуыс.
Нæ тагъд кодтой махмæ æххусмæ:
Куы нæ стæм Кувейтау хъæзныг —
Лыстæг æхца Цæдисы бодзтæн…
Нæ хъысмæтæй хъазынц фæрныг.
* * *
Нындзыг ис æрдз. Уæлдæф – æнæзмæлд.
Нæ алыварс дуне – ныммыр…
Стæй иу гуыпп ныккодта ́мæ айзæлд
Нæ горæты сæрмæ гуыр-гуыр.
Æнхъæлдтон æз: зæхх та æнкъуысы,
Фыдгæнæг куы ́рбалæууыд, уæд.
У диссаг, нырма дæр – мæ хъусты,
Уæдыккон хъæлæбайы фæд.
Мæ цæстытыл уайы, – лыгъдысты
Нæ Лæппутæ хæрды æвзыгъд.
Хъæбатыр зæрдæтæ сыгъдысты,
Лæгдзинады пиллон ыссыгъд!
* * *
Æрцыди равг иу ахæм царды, —
Хæдтулгæйы фелвæста мад…
Дон калдис, мæгуырæг, йæ артыл, —
Йæ саби цæлхыты бын бадт…
Нæ паркæн йæ алварс – æфсæн кау,
Фæкæнын æз абон дæр дис…
Куы ́рбырста нæ бæстæм хæтæндзау,
Нæ Лæппутæ ́рбайхæлдтой сис.
Фыццаг ныхдур – знагæн. Нæ зыдтой,
Хъысмæтæй кæй уыдысты ́взæрст.
Æфсæйнаг кау къухтæй рæдывтой…
Æндонæй Батырадзау сæрст!
«О, ма фæрæдиут!» – фæдзæхстой
Нæ хистæртæ Лæппуты уæд.
Тыхгæнджытæ а дзырд æнхъæлдтой
Æнахуыр хæцæнгарз ызнæт.
* * *
Ныккодта нæ горæт æмызмæлд,
Ысхъомпал ис дуне бынтон.
Нæ фæсивæд ́рлæууыд хæдуæлвæд
Æрбырсджыты ныхмæ хæстхъом.
«Афгайнаг» æвзонг лæппу бавзæр,
Уый не ́мбæрста, чемæ хæца.
Æфсымæр кæй хуыдтам мах раздæр,
Ныр уымæй фыдракæнд хъæца?
Мæнг ныхас «æфсæрмы» – нæ марæг!
Цæвиттонæн, уазæг æрцыд.
Сæдæйæ фæивæм нæ «зарæг»,
Куы не ́мбара уазæг нæ дзырд.
Цæрæнбонты ́фсæрмы кæйдæр раз,
Хи хатыди не ́рдхорд – æхсин.
Йæ ахаст уыд махмæ хæйрæгдзаст…
Æртæфстис ныл абон йæ хин.
Бынæттон гуырдзийæгты иу хай
Æрбырсджытæм скъæфта хуынтæ.
Сæ бæллиц – нæ Иры суой хицау,
Нæ баззад æнæ зынд æддæ.
Куыд фæрæзтой уал азы немæ,
Фыдзæрдæ сæ тары – æмбæхст?
Сæ бакаст – зæрдæхæлар, фенæг….
Сæ мидис – пæлæзæй æмбæрзт.
Нæ горæты равæрд у диссаг, —
Раст армы тъæпæнау у гом.
Рæхуыстой фæйнæрдыгæй риссаг,
Нæ сафджытæ калдтой сæ бон!
Дыууæ ́хсæвы Згъудерæй ниудтой,
Дзырдтой нæм æнахуыр нæмттæй.
Дыууæ ́хсæвы судзинтæй схъиудтой,
Стæй аздæхти се ́рдæг къæдзæй;
Уæд се ́мтугон адæммæ хъæуты
Сæ иннæ хай ́ркодта бынат.
Бырыдысты ́уырдыгæй хъæдты,
Нæ хъæуты фос кодтой тæлæт!
* * *
Цыфæнды хъæддаг сырдтæй карздæр
У царды ыссонт уæвгæ лæг!
Уыд Присы цау ́нкъардæй æнкъарддæр,
Ысуыдзæн хъуыдыты æрмæг:
Уæд тугамæхст авдæн ыскъæфтой,
Сæ горæтты алы къуымты.
Ызнæт куырау адæмы змæстой,
Сæ митыл нæ кодтой хъуыды.
Цæгъдынц, дам, нæ авдæнмæ знæгтæ.
Сæ ном ныл нындæгътой – лæгмар!
Æбуалгъ ми нæ уромы зæд дæр…
Милуантæ, цæсгомæй хæдбар!
Кæцæй зыдта алчи, фыдмарæг
Сæхицæй у!
Удсахъат сырд!
Кæнæ уæд, куыд ыссис фыд – марæг
Йæ дзидзидай сабийы ныр?
Ирон усмæ систа хæцæнгарз, —
Йæ сабийы мадмæ рæвдзæй.
Фæирвæзт ын…
Саби мæлæтдзаг,
Йæ чысыл уд бабын зæфцæй.
Дзæвгар цаутæ рабæрæг хæсты, —
Ирон ус йæ хъæбултæй —́схуыст.
Уый какосындз фестад сæ цæсты,
Сæ хæдзары уыд цыма ́ххуырст.
Ныййарæджы бафхæрд нæ бары
Фыдæлтæй фæстæмæ ирон.
Лæггад та йæ зæрдæйы дары,
Æнувыд у царды, æргом.
* * *
Нæ хъыг дарæм никæй бынтондæр.
Фæнды нæ хæларæй цæрын.
Нæ кæнæм дзыллæтæй æмбонд дæр,
Уæт алчидæр царды фæрныг!
Нæ зоны нæ дуне дзыллæтæ —
Дыууæ дзыллæ афтæ хæстæг, —
Куыд Ир æмæ Гуырдзы фыдæлтæй,
Ирон у сæ туджы æрдæг!
Алайнаг хæстæгдзинад уарзы.
Æнувыд – æрдхордыл æрдзæй.
Ныр рахис къух галиуы мары…
Æбуалгъ ми! Зæгъæн дæр ын нæй!
* * *
Цыппурсы та ́рбафсæрстой ногæй
Æд куыйтæ, хæстагур æмвæнд.
Æфсæдтæ сæ бауагътой рогæй, —
Мæскуыйæ сын бардзырд лæвæрд.
Мыййаг мын йæ хъæбул куы нæ уыд
Блокадон Цхинвалы тыхстæй…
Цæдисы сæргълæууæгæн нæ зынд,
Нæ уыдис нæ уавæр æмткæй.
Раст уыцы ́хсæв Лæппутæ иу хатт
Сæ уæттыл æруагътой сæхи…
Цæй фынæй?
«Фæдис!» – хъæр æвирхъау,
Сæ фынæй сæ фарсæй фæци.
Уысмы бæрц лæууыдысты джихæй:
«Цæмæн æхсынц топпæй нæ фæд?
Кæд хъавынц фæцæгъдын мах хинæй,
Уæд зонæнт, – сæ бæллиц фæмæнг!»
Сылгоймæгтæй иутæ ныккуыдтой:
«Нæ сыхаг æгæр кæны, ́гæр!»
Æрбырсджытæ се ́ппæт нæ зыдтой
Цы уыдис сæ æрцыды сæр.
«Тæссаг у! Ис немæ лæгмартæ», —
Фæдзæхстой сæ иутæ тæрсгæ.
Сæ ахстытæй уагътой дзæвгæрттæ,
Гæрзифтонг сæ скодтой: «Хæцгæ!
Лæгмартæ, хъылмаджынтæ – разæй,
Сæ фæстæ – нæ «къудиджынтæ», —
Уæд лиддзысты фыццæгты тасæй,
Æмбæхсдзысты хохы хуынчъы!»
* * *
Æвзарæнтæм радтой хæцæнгарз:
«Ныр хъахъхъæнут, ацыт, уæ зæхх!»
Куы нæ мын уыдысты æнæлаз,
Уыдис сын хъæддаг сырды уæх.
Раст ахæмтыл скодтой пъагæттæ,
Сæрибарæй расыг æгæр!
Нæ зæххыл æвæрдтой закъæттæ,
Сæ къæхты бын не ́нкъардтой мæр.
Зыд сырдау нæ знæтæй рæхуыстой.
Нæмгуытæй ныл уагътой къæвда!
Нæ райгуырæн горæт рæмыгътой
Зындис-иу арв —́нæбын къæрта.
Кæй ахстой, уый мардтой фыдудæй…
Нæ урæдта зæрдæ сæ ард!
Фыдгул нæ ныгæдта цæрдудæй,
Æндзæрста ныл торнеты арт.
Уæд дыууынæм азты тырыса
Нæ цæсты раз худгæ тылдтой.
Нæ удты сыгъта – раст пысыра.
«Бæрæгбон» нæ фыдаз хуыдтой.
Джугъели æрыздæхт зындонæй, —
Сыгъд дыууынæм азты «хъайтар».
Сырдтæ нæм лæбурдтой сырддонæй,
Зонд фесæфтой, «рлæууыд мæйдар!
* * *
Ирон лæг, мæрдрох дыл ысхæцы,
Куы фæтæрыс де ́знаджы, уæд.
Дæ додой дæр бирæ нæ хæссы….
Кæд дын уыдзæн зондзонæн, кæд?
О, уыцы зынг азты фыдмитæ,
Куыд ныууагътай рохуаты, куыд?
Сæ сæртæ та сдардтой фыдзинтæ,
Кæнынц та кæйдæр зæххыл зыд.
Мæ хъуыдыйы ́мбисонд æрбынат,
Куырыхон æй загъта кæддæр:
«Дзыллæйы фæнды кæд сабырад,
Уæд хъуамæ уа хæстмæ цæттæ!»
* * *
Нæ Иры аивады уды
Фыдгæнæг æвæрдта фынгтæ.
Дыкъахыг цæрæгойтæ – худджын
Ныууагътой ам чъизи фæдтæ.
Мæгуырæг, нæ буц фыдæл, уастæн…
Ныппырх кодтой цыртæн йæ сæр!
Сæ поэтты хъаггæнæг карздæр
Къоста уыд, – сæрхъызой цæхæр!
«Гуырдзыстоны аивады музей», —
Театры дуарыл уыд фыст.
Цыдысты йæм уазджытæ дуне,
Сæ зæрдæ æбуалгъ митæй рыст.
Æгъуыссæг хæххон дон – æвдисæн,
Цыртытæ куыд цыдысты пырх.
Æппæрстой сæ донмæ нæ рисæн.
Æвзæрстой мæрдты дуртыл тых.
* * *
Хъайтарты уынг. Фехъуыст æхстытæ…
Фæткæвæрæг хорз лæг æрхауд…
Лæппутæ æрцахстой, æсхуыстой.
Сæ рауадзын домдта… Фæмард!
Æмбæлттимæ рудзынгæй кастæн,
Мæгуырæг, йæ туджы мæцыд.
Йæ марæджы баййафæт, уастæн,
Сæхи ́рвыст рæстдзæвин нæмыг!
Рæстаг лæг мæстыйæ тæссаг у.
Йæ бафхæрд нæ бары, йæ хъыг.
Дзырдтой-иу сæ бодзтæн: «Хъæстаг у
Сыхæгты ́хсæн бандзарын зынг!»
Нæ хъуыста сæ раздзогтæй иу дæр,.
Нæ бæстæй нæ кодтой зыгъгъуытт…
Мыстыл дæр куы фæлæууынц иугæр,
Уæд уый дæр фæкæны цъыззытт!
* * *
Фæстæдæр цæгъддзæнис йæ æрмттæ
Хæствæлтæрд уырыссаг булкълон:
«Хана вам, чысыл къорд ирæттæ!
– Кæуинаджы уавæр уыдтон, —
Æрбырсджытæ се ́ппæт – гæрзифтонг,
Бынæттонтæ – ́дзæттæ, æрхуым.
Сæ тызмæг цæстыты – фыст: «Фиддон!»
Цы уыдзæн?! Барц слæууыд мæ хъуын.
Цæстныкъуылд… Æмæвнæлд фæкодтой
Уæд Лæппутæ фистæг, лæгдых.
Хæддзуйы йæ хотыхæй хостой,
Æддæмæ йæ ́ппæрстой æмдых.
Ысхъомпал ис горæт… Лæбурæг
Уыдысты гæдыйæ, куыдзæй,
Чысылтæ дæр систы рæмудзæг,
Нæ тарстысты знаджы æхстæй.
Гæдытæ сæ куыйтыл æппæрстой,
Фæйнæрдыгæй ниуд, уæд цъæхахст.
Лыгъдысты, сæ зæвæттæ ́рттывдтой,
Фæстæмæ сæ иу дæр нæ каст!»
Изæрмæ сæ фехстой æддæмæ, —
Нæ горæты хаххæй дæрддзæф.
Сæ раздзог сæ тардта фæстæмæ…
Куы нæ уыд сæ фарсмæ хæцæг!
* * *
Нæ Царддæттæг Фæндаг – ныр арæзт.
Хъæу Зарæн йæ хъæдыл – нывæст.
Цхинвалæй тыхст адæмтæ араст
Уæд цардагур…
Фесты бынсæфт!
Фыдракæнд фыдракæнды ивта…
Ныр айзæлди Зары фехст дард.
Цæф сырдау лæджы зæрдæ ниудта,
Æртын æмæ ́хсæзæй – фыдмард!
Тыхст дуджы-иу фестад нæ фарсмæ
Таболты уæздан чындз, нæ хо.
Ныв систа – фыдмитæн сæ карздæр,
Ныр айхъуыст – цæгъды нæ лæгхор.
Туг кодта лæсæнтæ…
Цард аскъуыд!
Сылгоймæгтæ, зæрæдтæ – цагъд!
Уый хотыхджын Дракула басгуыхт, —
Ныссагъта нæ фæсонты кард.
Лæгау мын куы нæ ́рлæууынц тохы,
Цæсгомæздæхт знагмæ, æргом…
Ысуагъта «хæдбарад» сæ рохтæ,
Сур кодта нæ тугæй сæ ком.
Хуыцауы сконд не знаг дæр… Аргъуыд!
Зæрæдтыл, сывæллæттыл – тых…
Ныр скифты фæдоны сæр бахъуыд, —
Дæлвæндагмæ скодта йæ ных.
Дæсаздзыд йæхицæн нæ тарстис, —
Æндæртæм фæдзæхсæг лыгъдис.
Уысммæ йыл йæ дуне æртар ис, —
Лæгсырдты нæмыгæй сыгъдис…
Тæригъæдæй Зары хъæд – йедзаг.
Фæдисонтæ ́мбуйæ кæуынц…
Ныууагъта ам туджы зæй не знаг,
Æрдз ферхуым, нæ хæхтæ кæрзынц.
Цард иу у, Хуцауæй лæваргонд.
Кæмæн ис бар аскъуына цард?
Кæйдæр фæллой уарзæг, мæнгард зонд,
Фæлитой дæ ныхас, дæ ард!
Къæбысты Батрадзæн йæ марæг,
Хæсдзæнис лæгмары фыдуаргъ.
Ныййарæджы уал азы хъарæг
Кæндзæнис йæ цоты бындзагъд!
* * *
Ысног та фыдæвзарæн сонт дуг.
Нæ рохстдзинад – аххосджын уым.
Сæ зæрдыл та ́рлæууыд ирон туг..
Мæрдуарзтæй нын уарзтой нæ къуым.
О, тынг зынаргъ махæн ыслæууыд,
Сыхаджы уæдыккон ыссонт.
Фыдми йын æнæзынд куы нæ уыд…
Бырста нæм Жорданиайы цот!
Фыдæзнаг нæ тар кæмтты ахатт,
Йæ фарс уыд уæййаг лæг, æлхæд.
Нæ хъæутæн сæ фæрныг цард атахт,
Сæ цæрджытæ – мастæй æлгъæд.
.Мæнгард æмæ ́гъатыр у не знаг, —
Сыгъд хъæутæ сæдæйæ фылдæр!
Зæххы кæлæн, арвы хин – йе ́взаг…
Кæм сæтты йæ митыл фыдлæг?!.
Æнæ хæлц, æнæ рухс, æнæ суг
Фæрæзтам. Цы уыди нæ бон?
Фыдбылыз æрхаста хæццæ дуг,
Æнцойадæн загътам «хæрзбон!»
* * *
Æрытыдта сау дуг йæ пæлæз,
Нæ Ирыл хъызт зымæджы ́васт.
Уæззау катай сæхгæдта хъæлæс,
Ныццæнд ис нæ зæрдæты маст.
Фæлыгъдис нæ хуыссæг æхсæвты, —
Нæ хуыздæртæ бонгай – æддæ.
Нæ зæрдæты тугдзæссыг згъæлыд,
Уыдыстæм æппæтмæ цæттæ!
Æрбацъæх-иу бон æмæ адæм
Кæрæдзимæ ́рлæууынц хæстæг.
Фыдæхсæв та, оххай, кæй мадæн
Фæуыдзæни сау уац хæссæг.
Фыдхабар тæхгæ кæны, уадау.
Æрхæндæгæй адæм лæууынц.
Кæй зæрдæ та скъахдзæнис фатау…
Мæстæлгъæдæй адæм кæрзынц.
– Цæй диссаг дæ, удгоймаг, уастæн!
Нæ цæссыг– иу кодта гæр-гæр.
Æнæбын цъай – цæссыгдон, – кастæн,
Сур кодта, мæ дисæн, уæддæр.
Иронвæндаг хъуыстис æрвылбон
Нæ горæты алы къуымтæй.
Ныррæсыд лæджы уд гуыппæввонг,
Раст саувадыг арвыл дымстæй.
Куы ́рцæуы цæхгæр æвæрд фарста,
Цæра æви ма уа нæ цот,
Фæхатæм уæд дадзинты растад,
Фæзынынц фыдæлты фарн, зонд!
* * *
Æстæмтæн и царды фыдкурдиат —
Пырх кæнын …Неронæн æмбал!
Сæ сау митæ свæййынц хъуыдиаг,
Куы ацæуы ацы мæйдар.
Хæццæ рæстæг – йедзаг фыдцаутæй,
Хæцæнгарз дæм ис, ды – æлдар!
Дыкъахыг æздæнонæг даутæй
Æндзæрста фыдæхы цъæх арт!
* * *
– Æгас дуне уарзæг, зæнджын лæг,
Кæй хъуыды уыд дардыл, бæрзонд,
Зæрдæскъуыд æрбацис, мæгуырæг,
Куы фехъуыста, чи ́сси сæ бодз!
Ис се ́хсæн æмбаргæтæ бирæ,
Фыр-тасæй нырруади сæ уд.
Цы бар дардтой уыдон нæ Ирмæ?
Нæ сæм каст сæ архайд рæсугъд.
Фæтых ис æвзæрдзинад хорзыл,
Рæстаг адæм уым дæр – æфхæрд.
Нымадтой сæм ахæмты рохстыл.
Сæ дзурæнтæ тасæй æхгæд.
Куырыхонтæм кодтой æртхъирæн, —
Зæгъут, дам, уæ ахаст æргом
Нæ уазджытæм! Кæннод уæхи дæр
Нæ быхсдзыстæм…
Гомыг æргъом!
Хъуыдыгæнæг нал уыд рæстадыл.
Кæй хъæуыс? Кæмæ кæныс хъаст?
Кæм ма уыд паддзахад йæ уагыл!
Лыгъдысты фæйнæрдæм æд маст.
Йæ хорз цардæй чи лидзы дардмæ,
Фыдыбæстæ чи уадзы рог?
Рæстаг удæн истой йæ бартæ…
Сабыр цард пырхгæнджыты ́рдонг!
Сæ ахуыртæй зонæм лæггæдтæ.
Нæ кодтой нæ Иримæ тох.
Нæ ивгъуыды, ́взаджы хæлæрттæ…
Нæ уыдзысты кæстæртæй рох.
* * *
Фыдмитæ фæкодта «зæххуарзæг»,
Ыссардта дзыллæйы фыдæх.
Æрдхорды ысхуыдта сæ «уазæг»,
Йæ фæллой йын иста, йæ зæхх.
Гуырдзыстоны схъиуæццаг адæм —
Ирон адæм! Гудзарет – давд…
Дзадджын фынгтæ ́вæрдтой сæ кадæн,
Сæ къуымæй æрцыдысты тард!
Сæ мыггæгтæ ивтой сæдæгай, —
Кæй фæнды æдзæм мард фæуын.
Ысбирæ нæ сыхаг сындæггай…
Пайда сæ кæндзæнис зæнджын.
Ызнæгты ́хсæн чи цард зын дуджы,
Гъе, уыдон мæгуырдæр, тыхстдæр.
Цы фæллой ыскодтой сæ тугæй,
Уый фесæфт! Цы ма уа фыддæр?
* * *
Нæ сафæг фыдмитæй – цытæнхъæл…
Æрцæттæ нын кодта зындон.
Æрбацис ызмæнтæг фыдæнхъæл,
Ызнæтæй ныккалдта йæ бон.
Гъе, афтæ ыссардта йæ кæрон
Сабырад пырхгæнæг фыдзин…
Йæ раивæг кодта сæ кæнон, —
Дзæгъæлы йыл бакодтам цин.
Фæкарздæр ис йе ́рцыдæй уавæр, —
Ыздыйæ ныл рауагътой зæй.
Пырхгæнæг, – нæ Цæдисы сафæг…
Ныккодта йæ урс рувас уæй!
Æмзæндтимæ сæххæст йæ нысан.
Ызмæст бæсты хицау ыссис.
Мæлгъæвзаг уæларвон, зæдыстæн!
Æнæлаз цæстæнгасы – дис.
Цы адæймаг иу хатт фæсайдта,
Фæсайдзæн æндæр хатт фыддæр!
Мæлгъæвзаг йæ бартæ куы райста,
Нæрæмонæй разынд зыддæр.
* * *
Рæстæгмæ мах ферох бæрæгбон, —
Ныхæстæй йын ардтам йæ ном.
Уас бабын уа, змæнтæг – хæстæргом,
Хæрамы ныссыса йæ бон!
Ысгуыхт дæр нæ ардта уæлмæрды
Йæ фæстаг æнусон бынат, —
Æрбадтысты Згъудеры хæрды,
Нæмгуытæй ныл уагътой зынг уад.
Нæ фæндзæм ыскъолайы кæрты
Фæйнæрдæм фæцыди уæлмæрд.
Æнусмæ æрвыстой æмгæртты
Нæ Лæппутæ….
Сау дугæй ́фхæрд.
* * *
Фыдгултæ сæ кæрæдзи ивтой,
Нæ сабитæн нал уыд æдас.
Æхстытæм фынæйæ ысхъиудтой,
Фыдбылыз нæ Соммæ ныккаст.
Куы ныууадзæм сабиты хæсты,
Фæуыдзыстæм йеуæд æвæд
Цæгатмæ сæ кодтам уæд хæхтыл,
Бæрзонд миты айгæрстам фæд.
Сты митджын зымæджы нæ хæхтæ,
Æдас нæу сæ бынты цæуын.
Куы иу фæцыд – «гъæйтт!», уæд æд
бæхтæ
Тындзыдтам Цæгатмæ… Æрхуым.
Зымæг нæм – æвæндаг. Нæ фæндаг
У мит æмæ знæгтæй æхгæд.
Мах, сабийау, рагæй – æууæндаг,
Ныр миты цыдыстæм ныгæд.
Тызмæг æрдз ныл разылдис хинæй, —
Цыдысты фæд-фæдыл зæйтæ.
Фыдгултæ уæд мардысты цинæй,
Æркасти сыл хуртæ – мæйтæ.
Куырой ма нæ сæрыл нæ разылд,
Зæххæнкъуыст уæд, донивылд хæст!
Нæ адæм æндонæй сæрст разынд,
Зыдта махæй алчи йæ хæс.
Тæрсгæ та куыд нæ кодтой адæм, —
Уый зондцух нæ кæны тæрсгæ.
Нæ ныфс мах æнцонæй нæ сафæм,
Йæ фæрцы кæнæм мах цæргæ.
Æврæгътæ мæ сæрмæ, æврæгътæ.
Сæ фæстæ æнкъардæй кæсын.
Нæ хæхтæ нæ урсзачъе хæхтæ,
Лæгмар уæ зымæджы уынын;
Нæртон гуырдтæй цалдæры ́рцахстой
Фыдзæйтæ. Уæт рухсаг сæ ном!
Хæсты уæз сæ уæхсджытыл хастой,
Ныууагътой нæ удты хъæдгом.
* * *
Ивгъуыд заман. Марынц сыхаджы,
Æрвиты хъæргæнæг «фæдис!»
Уæхски-уæхск куы тардтам ызнаджы,
Уæд-иу нын æфсымæр уыдис.
Нæ фыдæлты нымæц – милуантæ.
Уыдысты тызмæг æмæ ́ргом.
Сæрбæрзонд, хъæбатыр алантæ,
Раст арвы нæрд хæсты сæ ном;
Тызмæг денджыз сызнæт и уæртæ,
Фынк калы, гуылфгæнгæ….Сæнтцъæх.
Гъе, афтæ-иу скифты æфсæдтæн
Сæ бæхты бын змæлыди зæхх!
Нæ фыдæлтæ махæн – æнæмæт,
Цæлы фынгтæ уарзтой æдзух.
Æнæмæт – зындгонд у – æнæкæрт, —
Сæ зæхх дæр-иу уайтагъд фæцух.
Нæ фыдæл нæ тарстис мæлæтæй,
Кæйдæр сæрыл калдта йæ туг.
Куы-иу сæ ныццагътой сæдæтæй,
Нырхæндæг-иу йеуæд йæ дуг.
Нæ фыдæл нæ ныссагъта иу мих,
Кæм-иу цардис, уыцы зæххыл.
Тырныдта-иу дарддæр, раст сау мигъ,
Дзыназæм ныр хæхты фæхстыл.
Хъуына дæр нæ фæхæцы дурыл,
Куы нæ ́рлæууы тулынæй, уæд.
Нæ фыдæл æрзылдаид хурыл, —
Нæ кодта йæ фæдонтыл мæт!
О, иунæг хæст ахæм нæ уыдис,
Ирон туг кæм нæ калд дзæвгар.
Фæразон ирон лæг хъæцыдис…
Æхсар ын – Хуыцауы лæвар.
Хæдзар-иу нæ баззадис Иры,
Кæцæй-иу нæ бабын и лæг.
Фыддуг та ныл абон дæр ниуы, —
Нæ ныфс та куы разынди мæнг.
Нымадтой сæ уаз хæсыл адæм
Æрхæссын Фыдыбæстыл сæр.
Ды ратдзынæ цард дæр йæ кадæн,
Йæ цæрайæ фестдзæ цæхæр!
* * *
Нæ горæты ́хсæвты сыгъдысты
Уæд скифты æртытæ æдзух.
Æд къæбæр-иу уырдæм лыгъдыстæм,
Нæ хъаггæнæг ма уа хæрдцух.
Тыхст заманы свæййæм фæндвидар,
Фыдгулæн мæлæтдзаг дзæккор.
Алантæй нын баззад сæрибар.
Нæ йæ байсдзæн махæн лæгхор!
Цъыссымы ысвæййæм сыгъдæгдæр
Ыстырæй чысылæй – цæхæр!
Зынг иумиаг моны цыртдзæвæн,
Дæуæн нæй дунеты æмсæр!
Нæ Цæдисы къуымтæй Лæппутæ
Æрхæццæ сты ́ххуысмæ уайтагъд.
Нæ кæстæртæ радтой сæ удтæ,
Хъызт æхсæв сæм нал касти даргъ.
Дзыллæйы хуыздæртæ æрхæссынц
Нывондæн Фыдыбæстыл цард.
Сæ зæххыл æрхъæцмæ нæ хъæцынц, —
Ирыстоны хъаггæнæг уарт.
* * *
Гыццыл лæппу уайы мæ цæстыл,
Нæ йыл цыдис авд азы ́ххæст.
Цырыхъхъытæ ихсыд йæ къæхтыл,
Йæ цæстытæ худæй æмбæхст.
Æвæццæгæн, фыды уыд худ дæр, —
Хъуыдис ыл æдзух дæр хæцын.
Нæ йæ дардта ницæмæ мур дæр,
Фæндыд æй лæджы ном хæссын.
Къæбыла йæ фарсмæ ызгъордта,
Зæрондау йæ къухы – лæдзæг.
Хæстон уавæр сабийæ домдта:
«Лæуу, хистæр Лæппутæм хæстæг!»
«Кæдæм у дæ фæндаг, мæ зæрдæ?»
Ысхæцыд йæ худыл хæрдмæ.
Дыууæ цъæх ыстъалыйы уæртæ,
Куырыхон каст кодтой мæнмæ.
Йæ сатæг цæстыты уыд фарста:
«Цытæ дзуры ацы ус ныр?»
Æнæдзуапп мæ фарста ныууагъта,
Лæууыдис уысмы бæрц æмыр….
Фæцамыдта бæрзæндмæ къухæй,
Æрхауди та цæстытыл худ.
Кæм зындысты Лæппутæ къохæй,
Цыд уырдæм чысыл зæды уд!
* * *
Нæ дохтыртæй чи уыд Цхинвалы,
Цæрат нын уæнгрогæй, рæсугъд.
Адзалы нæ уагътат æвналын
Нæ цæфтæм. Сæ уæлхъус – æдзух.
Хос кодтой нæ хирургтæ цæфтæн —
Цырæгътæм! Кæцæй истой тых?
Фæллад дæр нæ зындис сæ цæсты.
Бæрзонд рухс сæ зæрдæты сыгъд!
Цы фæрæзта ́ххуысы хæдтулгæ!
Æнæрынцой, удаист – дугъ!
Хъайтартæ, ай-айдæр, хъайтартæ —
Нæ дохтыртæ. Арæзтой къух.
Уай фидар, нæ дзулфыцæн уагдон!
Цæсгомджынæй кодтой сæ куыст.
Сæ бæллицц уыд – дзултæ ысфаг уой.
Сæ лæггад нæ зæрдæты – фыст.
Нæ Иры сылгоймæгты дисæн
Фæхастой нæ уазджытæ дард.
Ысбарæн нæ уыдис сæ рисæн,
Тыхст дуджы – лæджы ́мсæр, æрдаг;
Æхсæвæй-иу бонмæ – æгъуыссæг…
Сæ хъæбултæ иууыл – æддæ.
Ысбон ис – тындзыдтой-иу куыстмæ
Улæфтгъуыз… Æххуысмæ – цæттæ!
* * *
Æрвыстам мах бонтæ нæмыгдзæф,
Нæ тухитæ хастам зынтæй.
Нæ уагътам фыдæлты фæрныг зæхх,
Нæ цардыстæм йеуæд фынтæй.
Хъызт зымæджы раивы уалдзæг,
Фыдæхсæвы раивы бон.
Ыскæнæм нæ тухитæй хатдзæг,
Нæ кæндзыстæм йеуæд фæсмон.
Нæ зыдта хъæбулы уæздан ад,
Нæ банкъардта уарзты кæлæн
Нæ Лæппуты иу хай. Хæларад
Сæ дин уыд!
Куыд сын уыд мæлæн?!
Нæ фæсивæд хаста фыддуджы
Æвæлтæрд уæхсджытыл зынг уаргъ.
Хъару ис фыдæлтæй йæ туджы.
Æдас цард нын слæууыд зынаргъ!
Æнæмсæр хæст рамбылдтой кадæй
Нæ Лæппутæ…
́Вдисæн уыд хæст.
Дзæвгар сæ уæд ацыди цардæй.
Æрцæуæд сæ рухс фæндтæ ́ххæст!
Ивгъуыды ныууадзæм нæ цæссыг.
Фæрныг зæххæй скæнæм дзæнæт!
Уæд фидар лæудзæнис нæ Мæсыг,
Знаг ардзæн йæ быны мæлæт.
Ирыстоны ́хсарджын хъæбултæ,
Æнувыд сæрхъызой бæстæн,
Таг тулдзвидар уадзут, мæ хуртæ,
Ут рухсзонд нæ Иры хæрзæн!