Электронная библиотека » Юля Санахъоты » » онлайн чтение - страница 1

Текст книги "Нæмыгдзæф бонтæ"


  • Текст добавлен: 6 апреля 2023, 09:23


Автор книги: Юля Санахъоты


Жанр: Поэзия, Поэзия и Драматургия


Возрастные ограничения: +16

сообщить о неприемлемом содержимом

Текущая страница: 1 (всего у книги 2 страниц) [доступный отрывок для чтения: 1 страниц]

Шрифт:
- 100% +

Нæмыгдзæф бонтæ
Юля Санахъоты

© Юля Санахъоты, 2023


ISBN 978-5-0056-1122-2

Создано в интеллектуальной издательской системе Ridero

Нæ Иры æнувыд, æхсарджын хъæбулты цытæн…

Ю. Санахъоты

ПРЕДИСЛОВИЕ

Уважаемый читатель!


Вы держите в руках книгу «Израненные дни» прекрасного поэта, переводчика, преподавателя Юго-Осетинского Государственного университета, члена Российского союза профессиональных литераторов  Юли Георгиевны Санакоевой.

Для любителей изящной словесности будет интересно познакомиться с её произведениями, в которых она в поэтической форме повествует о событиях в Южной Осетии в период  1989-2008-х годов.

Стихотворения написаны на иронском диалекте осетинского языка. Автор делится с читателем о своей любви к родине, к окружающему её миру. Она посвящает произведения своим друзьям, а так же известным осетинам: дирижеру,  художественному руководителю и генеральному директору Мариинского театра  В. А. Гергиеву; языковеду-иранисту¸ профессору В. И.   Абаеву; учёному-математику, основателю и научному руководителю Владикавказского научного центра Российской академии наук  А. Г. Кусраеву; композитору и пианистке Ж. В. Плиевой и другим.

Особое место в сборнике занимает поэма "Израненные дни", которая является своеобразной летописью военных событий Южной Осетии 1989-2008-х годов.


Чаяния автора тронут сердца читателей всех возрастов, и книга станет прекрасным подарком для всех ценителей поэтической словесности.


Главный редактор альманаха «Горный ветер»,

полковник, доктор биологических наук

Юрий Бадтиев

ÆМДЗÆВГÆТÆ

Хъуыдытæ фæсивæдыл
 
Цæмæн фыссæм арæх фыдцардыл,
Нæ зарæг цæмæн хъуысы ́нкъард?
Цæмæн дзурæм иууыл тыхстадыл?
Нæ цард дæр куы свæййы æнад!
 
 
«Нæ ивгъуыд уæззау уыд» – фæзæгъæм.
Кæмæн уыдис йеуæд уый рог?
Лæмбынæг нæ цардмæ æркæсæм,
Нæ ахаст æм скæнæм мах ног.
 
 
Цæмæн вæййæм иууыл кæуындзаст,
Цæй сагъæс нæ ́лвасы бынмæ?
Нæ фæсивæд махæн – цæхæрцæст,
Æви йæ нæ зонут нырмæ?
 
 
Цæвиттойнаг Ирæн фæдонтæ!
Куы фæцæуы «гъæйтт!», уæд – цæттæ.
Сæрабхъуыды се ́ппæт – хæстонтæ.
Нæ баззайынц искуы, æддæ.
Бæлуæттау сæ зæххмæ æртæхынц,
Æрлæууынц уæхски-уæхск æнгом.
Фыдызæхх сæхицæй нымбæрзынц,
Æнæхъæнæй фестынц æндон.
 
 
Ныууадзæм нæ додой ивгъуыды,
Ыссудзæм нæ зæрдæты рухс!
Кæм ма и сæрфатæн æмгъуыд дæр…
Æрдарæм нæ кæстæртæм хъус!
 
 
Нæ уарзты зынджытæ ма сисæм,
Нæ зæрдæты къуымтæй бæрзонд!
Нæ уарзтæй, цæй, кæстæрты фидæн
Ныррухс кæнæм иумæ æмзонд.
 
 
Ыскæнæм ма цинады зарæг,
Уæнгтæрогæй размæ цæуæм!
Рæсугъд бæллиц ма кæнæм нарæг,
Нæ фидæнмæ райгæ тырнæм.
 
 
Нæ хъæбултæм раздахæм не ́ргом,
Сæ удтæм æрлæууæм хæстæг.
Фæрог кæнæм кæстæртæн се́ргъом,
Нæ уыдзыстæм йеуæд хъæстаг!
 
 
Ныууадзæм æрвылбоны минас,
Кæрæдзийæн ма кæнæм маст.
Куы нæ цæры удгоймаг мин аз!
Нæ рæдыд куы скæниккам раст.
 
 
Хъуыдыгæнгæ ́взарæм дзырдтæ дæр, —
У авгау лæджы уд сæртæг.
Кæны нæ хъыг ныхас æддæдæр,
Фæлмæн ныхас – адæм бæттæг.
Фæзæгъынц, ныхас, дам, дымгæ у, —
Зæгъыс æй – æрбайсæфт йæ фæд.
Ис ахæм ныхæстæ… Цы мæнг у, —
Зæд дæр сæ нæ уромы, зæд!
 
 
Узæлæм кæрæдзийыл! Талас
Нæ фидæны тырыса суæд.
Уæд ́нафоны урс-урсид халас
Нæ сæртыл нæ уадздзæн йæ фæд.
 
 
Цæй, райдайгæ абонæй, цинаг
Ысуæд немæ царды æмдзу.
Уæд не суыдзæн фæсивæд суинаг
Кæйдæр бæсты искуы хæддзу.
 
 
Нæ Иры хæстæфхæрд хъæбултæ,
Сæрбахъуыды кодтат лæггад,
Ут амонджын иууыл, мæ хуртæ,
Æвидийгæ царды – уæ кад!
 
1994
Нæ буц фыдæл
 
Къоста, нæ хур, куыд æнкъард у дæ Фæндыр,
Ысхъызы мыл дæ «Додой» -йæ тымыгъ.
Рæнхъыты́хсæн куы фехъусын дæ хъæрзын,
Ныммыр вæййы æрхæндæгæй мæ дзых!
Ивгъуыдæн нæй бынтон рохгæнæн царды,
Фæстæмæ кæсгæ, размæцыд дæр нæй!
Уыдзæн ивгъуыд нæ хъуыдыты йæ уагыл,
Уæт не ́ргом арæзт сомбонмæ рæвдзæй.
 
 
Дæ адæмуарзон мах фæхæссæм дисæн,
Дæ удау уарзтай адæмы бæргæ:
Куы уыдаид дунейы мæтæн исæн,
Æвæсмонæй йæ райстаис уæвгæ!
 
 
Нæ буц фыдæл, бæргæ ма ды куы фенис,
Ысты уæнгрог дæ фæдонтæ, куыстхъом.
Æртхутæгæй дæр растдзыстæм, куыд феникс,
Ысуыдзытæм дæ фæндиаг цæрдхъом!
 
 
Ыскæндзыстæм мах рухс цинады зарæг,
Цъæх арвы онг æй сисдзыстæм бæрзонд!
Ивгъуыды мах ныууадздзыстæм нæ хъарæг,
Тырндзыстæм райгæ фидæнмæ æмзонд!
 
1995
Хъæбатыр сылгоймаг
 
Битарон, Битарон,
Æмбæхст æй цы дарон.
Тыхст дуджы дæ митæн
Фæдæн æз æвдисæн.
 
 
Сæрбахъуыды арт дæ.
Дæ адæмыл радтæ.
Фæлварæн куы ́рлæууыд,
Æнцой дын уæд нал уыд.
 
 
Фыд-заман дæ ́рхаста,
Ызнаг нæ куы цагъта.
Фæтыхстис уæд алчи, —
Ныр ма ́ппæлæт мачи.
 
 
Дæ хæдзар ныууагътй,
Дæ уды зынг хъардтай
Нæ Ирæн нывондæн,
Нæ кæстæрты Сомæн.
 
 
Чысыл къуым æркуырдтай,
Куыстуат æй ысхуыдтай.
Æмбаргæ – дæ митæ, —
Æмбæстæгтæм сидтæ:
 
 
«Нæ кæстæртæ хæсты
Ныссæлдзысты́хсæвты.
Хъæрмттæ сыл ыскæм,
Хæлцæй сæм фæкæсæм!»
 
 
Ды ардтай фæрæзтæ,
Гъе, кодтай амæлттæ.
Æнæ хæлц нæ уагътай
Нæ кæстæрты. Загътай:
 
 
«Нæ зæххы кæд уарзæм,
Уæд хъуамæ фæразæм.
Мæнгард куы у не знаг,
Фыдцъаммар та йе ́взаг!»
 
 
Ды дард рæттæм хæсты
Æскъæфтай нæ цæфты.
Ды искæмæ,́ндæрмæ
Нæ кастæ æнхъæлмæ.
Ныхдур дын нæ лæууыд, —
Куы нæ дæ æнæуд.
Ды нал зыдтай «Нæйы!»
Æристаис мæйы.
 
 
Æххæссыдтæ дардыл
Фыддугæн йæ карзы.
Стæй ахуырмæ фондзæй
Фæкодтай нæ хорзтæй.
 
 
Сæ фæстæ ызгъордтай,
Бынæттæ сын домдтай.
Куы сæххæст дæ бæллиц,
Фæсабыр дæ фæдис.
 
 
Рæвдыдтай сæ мадау,
Фæтадтæ сыл царвау.
Бæсты сын фæцуæт,
Ныддаргъ уæт сæ цæуæт.
 
 
Дæ хъуыдытæ – дардыл,
Нæ кæстæрты фарныл.
Цырагъау сыл судзыс,
Хъазуатонæй кусыс.
 
 
Æнтысæт дын бирæ
Лæггæттæ нæ Ирæн.
Цыртдзæвæн дæхицæн
Нæ домыс æсхицæн.
 
 
О, макуы суай ́нæбон,
Цæхæрцæст Битарон.
Иры дон дын тайæд,
Дæ зæрдæ дзы райæд!
 
1999
Æмбаргæ чызг
 
Фæхæссай æмбаргæ чызг амонд,
Зæрдæрайгæ размæ цæуай!
Кæд гас дуне схæццæ ис абон,
Уæддæр дзы зæнджынæй цæрай.
 
 
Нæ адæмыл иууыл дæ катай,
Нæ фæразыс йе ́фхæрд бынтон.
О, алцæуыл афтæ тынг ма тай,
Сылгоймаг куы нæ у æндон.
 
 
Кæмдæриддæр ма уай, Ирыстон
Дæ хъуыдыйы ́дзухдæр дæуæн.
Куы кодта мах не знаг гæныстон,
Дæ цæссыгæн нал уыд фæуæн.
 
 
Цы фыссыс, цы зарыс, æппæтдæр —
Дæ райгуырæн бæстæн нывонд.
Цыдис нæм кæд карз тох æнæ дæу
Уæддæр дын уыд алцы зындгонд.
 
 
Куы кæныс Къуыдаргомыл кадæг,
Дæ хъæлæсы хъуысы цæссыг.
Мелоди æнкъард, цыма – хъарæг,
Йæ мидисæй хæлы мæсыг!
 
 
Дæ «Реквием» арауы зæрдæ,
Хъайтартæн ыссардтай сæ ном.
Æнкъард зæлтæй баризынц уæнгтæ…
Ехх, чи ́вдисы цæссыг æргом.
 
 
Ирыстоны хоныс – « Мæ уарзон»,
Фæу мын йæ зæдтæй фæдзæхст!
Лæггад ын кæныс ды цæстурзон,
Дæ бæллицтæ ́рцæуæнт æххæст!
 
1997
Зымæгон ныв
 
Чындзау ныфсæрм и назбæласы хих,
Ныллæг æртасыд митуæзæй, фæдих.
Куы фестынц назы рухс цæссыгтæ их,
Уæд сæ нымбæрзы урс пæлæзæй мигъ.
 
 
Куы йæм ныккæсы дыккаг бон рæу хур, —
Куы йыл æртыхсынц хара тынтæ – бур,
Уæд нал аззайы митхъæпæнæй мур,
Æваст уæд фесты дондыппыр зæхх сур!
 
1998
Митæй «хæст»
 
У ногуард мит фæлмæн, сæртæг.
Йæ уæлæ сабитæ цæрдæг
Æрцамайдзысты митæй лæг,
Йæ фарсмæ ́рсадздзысты лæдзæг!
 
 
Ысцырын миткъуыбæрттæй «хæст»,
Сæ фезмæлдыл нæ хæцы цæст.
Къуыбар кæйдæр фындзмæ æваст,
Хæмыцы даргъ фатау фæраст.
 
 
Ныккодта арвы онг цъæхахст,
Фæкодта ́нæхъæн къуыри маст,
Фæлæ нæ загъта мадæн раст, —
Æмбæрста саби: уыд уый хъазт!
 
1997
Нанайæн
 
Нанайæн ног азмæ æрхастон
Лæварæн иууылдæр фæндзтæ!
Æз сæ мæ хорз ахуырæй райстон,
Æххуысмæ алкуы дæр – цæттæ..
 
 
Куыд байрайдзæн нана, уый зонын.
Хъæбыс ныккæндзæн мæн фæлмæн.
Мæн та йæ зæрватыкк ысхондзæн,
Мæ цинæн нал уыдзæн фæуæн.
 
 
Æруадздзæн хъарм къухтæ мæ рустыл,
Рæвдаудзæн рухс цæстæнгас мæн.
Йæ уаз, фæлмæн хъæлæс – мæ хъусты,
Кæндзæни аргъæуттæ мæнæн.
 
 
Мах иумæ сфæлындзæм нæ зазы, —
Йæ быны ссарын æз лæвар.
Цæгаттаг Митын лæг нæ хъазы, —
Лæвæрттæ ́рхæссы уый дзæвгар.
 
1998
Уалдзыгон ныв
 
Митдон
Куы ́рлæууы цадæг уалдзæг, —
Ныззæлланг кæны æрдз.
Зымæг – нæ урссæр уазæг,
Рæвдз феппары йæ кæрц.
 
 
Цæрдæг ызгъоры митдон,
Дзæнгæрджытæ цæгъды:
«Фæдис, фæдис! Ныр лидзон!»
Æхситтгæнгæ тæхы.
 
 
Дидин
Цъæх-цъæхид гауыз зæххыл, —
Æрхаста уалдзæг хуын!
Фæзындис дидин рæгътыл,
Рæвдауы цæст йæ уынд.
 
 
Ныдздзагъыр и, ныджджих ис,
Гуылфæг цардæй тæрсы.
«Цы у нæ царды мидис?» —
Цæстæнгасæй фæрсы.
Æрдзы фидыц фæлгæсы…
Йæ цардæй алыгъд бон!
Зæрин хур æм ныккæсы,
Узæлы йыл зæдон.
 
 
Рæсугъддзинад æрдз тауы,
Ныййазæлы йæ цин.
Фæндтæ нæ дидин уафы,
Йæ уаз уды нæй хин.
 
 
Мыдыбындз
Мæ цæсты раз мыдыбындз
Кæны æвзыгъд кæлæн.
Фæллойгæнæг, æрдзы чындз, —
Йæ куыстæн нæй фæуæн!
 
 
Гæлæбу
Дзыгъуыр гæлæбу сæрра, —
Йæ мæтæн нæй кæрон:
Уысмæн гуырдæй куыд цæра,
Куыд айваза йæ бон?
 
 
Хъæдхой
Хъæдхойтæ тулдзы фадынц,
Ерысæй ́хсиды куыст.
Уæд булæмæргъы уадындз
Фæсуры уды рыст!
 
 
Сæрдтон бон
Хæрздæфæй дуне байдзаг,
Улæфын у æнцон.
Зæлифтонг уалдзæг – райдзаст,
У зæрдæйæн æхцон!
 
1998
Фæндагыл
 
«Сраст кæнут бандæттæ, бабæттут рæттæ!»
Сарæзта хæдтæхæг зæхмæ йæ ных.
Дардæй мæм нал зынынц райгуырæн хæхтæ…
Йеныр мæн бахъæудзæн хорз митæн тых!
«Стыр Хуыцау, ́сфæндæт дæ, срæвдз кæ нæ хъуыддаг!
Фенæт нæ хæствæллад адæмы ́ддæ.
Базонæт Белгийы адæм нæ мыггаг,
Рттивæд нæ аивад!» – цагътон сæнттæ.
 
1998
* * *

Ныууагътой адæм цардагур сæ уæзæг, —

Фæйнæрдæм сæ ныппырх кодта хъысмæт.

Тæхуды, уæт дæ фæндиаг дæ фæззæг, —

Æнцойад – уды… Зымæг, уадз, хъызæт!

1999
«Цыбыр у лæджы фæндаг царды…»
 
Цыбыр у лæджы фæндаг царды.
Цæргæйæ фæкæнæм мах дугъ.
Ыстæмты ном айзæлы дардыл, —
Фыдыбæстыл чи тад æдзух.
 
1999
Уарди
(Арын дзы мæ мады рухс ном)
 
«Нæ сыхæгтæ æрхастой уарди!» —
Ысдзырдтой иу сыхы æмткæй.
Æцæг йæ уындæй зæрдæ ради, —
Нæ хуыдтой дидин уый мæнгæй.
 
 
Ивылд донау гуылф кодтой азтæ.
Хуыцау ын радта хорз зæнæг, —
Цыппар фырты! Æхсин уыд, уастæн!
Æхцон сæ уынд, егъау – сæ мæт.
 
 
Нымдæй йæ чысыл хуртыл тади,
Сæ хурæй байдзаг ис йæ риу.
Æнæфынæй сæ цуры бадтис,
Кæд иу ысхъæрзыдта сæ иу.
 
 
Нæ йæм уыд мисхал дæр гуырысхо,
Сæ Сом кæй уыдзæнис рæсугъд….
Фыдуац æрвнæрæгау Уырысæй:
«Æрбырста знаг, кæны нæ хурх!»
 
 
Йæ цардæмбал фæраст и хæстмæ, —
Нæ дардта фидыцæн уый худ.
Тырынæй дæр сæрхъызой бæстæн,
Йæ адæмыл сыгъдис зынг уд…
 
 
Æмæ сæртæг уæхскыл æруагъта
Хæстон дуг алы мæт, йæ уæз.
Лæджы куыст райста, – къахта, сагъта,
Цæмæй цæрдхъом лæууа йæ къæс.
 
 
Йæ уаз уд катайы ныххауди,
Æхсæв дæр нал кодта фынæй.
Æмæ уæззау куыстæй ныруади…
Цух кодтой сабитæ хæлцæй.
 
 
Нæ уыд сæ фынæйыл хъæцынхъом!
Æххуыс ын кодтой ныр цæрдæг.
Дих кодтой мадимæ хæсты ́ргъом, —
Лæджы бындзæфхæдтæ æцæг!
 
2000
Фæдис
 
Уæ хъысмæтыл абон нæ катай, —
Кæй хъæуы фæдонтæ – рынчын?
Куы сæфынц нæ цæсты раз радгай…
Кæй фæнды æвæдæй мæлын?
 
 
Фыдгул уыл нæ фæтых æхсарæй,
Ныр сагъæссаг сомбон фæцис.
Фыдбылыз, фыдмарг нæм ысарæх, —
Куыд сабырæй бадæм… Фæ-ди-и-ис!
 
 
Ирыстоны мæсыг æнусты
Нæ цудыдта знаджы цæфтæй,
Ныр уайы йæ къæс-къæс мæ хъустыл, —
Кæлдзæнис, кæлдзæнис зæфцæй!
 
 
Ныййарæджы ́гомыг цъæхахстæй
Нæ хæхтæ нырризынц, хъæрзынц.
Дзæнæттаг хъайтартæн зæхх аскъуыд,
Уæ мæтæй дыккаг мард кæнынц:
 
 
«Мах не ́взонгад раттам нывондæн
Нæ фидæны фарнæн рæдау.
Нæ бæллиц нæ сæнтты нывгондæй,
Нæ зæрдæты хастам цыртау.
 
 
Кæд суаид нæ уæзæг сæрибар,
Кæд рафтауит дидинæг Ир.
Ныууадзиккой мах кæд нæхи бар,
Нæ нысан кæд разынид ирд!
 
 
Æгæрц æмæ гомæй, æххормаг,
Нывондæн уын хастам нæ цард.
Кæд бакуымдтай сайын, æмкоймаг,
Зон, фехстай нæ бæллицы дард!»
 
 
Нæ фыдæл Къоста нæ фæдзæхста, —
Фыдæзнаг нæ былмæ тæрдзæн…
Ныр, акæс, фыдгул уын æрхаста
Уæззау «хуын», кæны уæ цæгъдæн!
 
 
Куы нал ыстæм скифтау милуантæ,
Ызгъæлæм фæззæджы дыргъау.
Аккаг, зæгъгæ, не стут алантæн, —
Кæнынц нын лæджы цард æвгъау!
 
 
Ыскæнæм нæ удтæй цæугæ уарт, —
Нæ Сом-мæ фыдбылыз нымдзаст!
Ыссудзæм ныхдуры цæхæр арт,
Ныссур кæнæм ацы цъыфдзаст!
 
2000
Цы уыдзæн нæ фидæн?
 
Æндон цирхъау Иры зæрдæйы арæн!
Куыд æрцыд уый, куыд баистæм фынæй?
Куыд ис лæгæн йæхи удимæ уарæн?
Цæмæн хæссæм уынаффæтæ цъындæй?
 
 
Цæнгæткъух æмæ их зæрдæйæ дихгонд —
Нæ зæхх. Хæссæм æгомыгæй нæ уаргъ.
Цæмæн фестæм, цæ, арвы ́лгъыстæй хингонд?
Куы нал кæнæм нæ сæртæн, гормон, аргъ.
 
 
Дыууæ дзæкъулау иу хохыл зæбулæй
Ныммыр нæ дзыллæ, алы хъыг быхсы…
Нæ фыдæлтæн нæ лæууыд хох цæлхдурæн,
Куы-иу фæцыд фæдис: «Цæгат тыхсы!»
 
 
Ныр мах нæ зæххыл «оммен» -ы бон нал ис, —
Фæйнæрдыгæй нын амонынц цæрын.
Мыййаг кæд Ир æваст мæрдвынæй бацис, —
Нæ йæм хъуысы тызмæг хæхты хъæрзын.
 
 
Æнус фæцис, нæ та разынд нæ «Фыййау»,
Мах чи скæнид æмзонд æмæ æмвæнд.
Фыдæлты фарныл чи схæцид уæлиау,
Кæй зондæй ́рттивит мин азты нæ фæд!
 
 
Дунескæнæг, о, ма нæ фесаф растæй!
Кæндзыстæм дын нæ рыст удтæй лæггад.
Фыдбылызæй нæ бахъаггæн, фыдмастæй,
Нæ зæххыл байтау фарн æмæ бæркад!
 
2000
Лигъдæттæ
 
О, лигъдæттæ, лигъдæттæ, лигъдæттæ…
Бындзытау æмызмæлд кæнынц!
Фæцыдысты митрæгътыл, ихдæтты,
Сæ хъысмæт æмырæй хæссынц.
 
 
Ыскæнæг уæ хъаггæнæг, лигъдæттæ,
Ыстæмтæ æмбарынц уæ рыст.
Уас атона знагæн йæ ихзæрдæ…
Цæй тыххæй æййафут ысхуыст?
 
 
Цæрæн бынат фесæфтой лигъдæттæ…
«Æрцæуæг» -æй уыдон тыдтой.
Сæхи ма æппæрстой нæ дих бæстæм, —
Цæгаты ныфсы рухс уыдтой.
 
 
Хæзнатæ – æвзаг æмæ не ́гъдæуттæ
Ирвæзтысты къухæй бынтон!
Æлгъывтой фыдæлты ́взаг не знæгтæ,
Сæхион сын хъардтой бæстон.
 
 
Гей, джиди! Фыдгултæ ма зониккой, —
Æмзонд ыстæм, иу у нæ Ир.
Нæ бæстæм кæсын дæр нæ уæндиккой,
Нæ куыст махæн уаид хайыр!
 
 
Нæ адæм, Цæгат æмæ Хуссары,
Фæдарæм кæрæдзимæ къух.
Æртымбыл уæм урс хæхты уаз раны,
Уым ссудзæм нæ фидæны рухс!
 
2000
Катай
 
Нæ дæн уынæг æз афæдзгай цæгаты, —
Мæ зæрдæйæн йæ удæнцой йæ ныфс.
Куы иу фестин æнæтухи Цæгаты…
Хъæуы лæджы æнæбасæтгæ уысм!
 
 
Ныццæнд вæййынц хæдтулгæтæ фæд-фæдыл
Ирыстонæн йæ тызмæг тары раст.
Зынджы зæйтæ ивылынц ам дæ сæнттыл…
Куыд уыдзыстæм?
                            Кæдмæ быхсдзыстæм маст?
 
2000
Абайты Васойы 100 азмæ
 
Нæ Иры Хур Дæу буц номæй куы схонынц,
Дæ дисæн уæд куы нал вæййы кæрон:
«Хур иу вæййы, – уый адæм тынг хорз зонынц, —
Къоста хуыйны нæ Иры хуры ном!»
 
 
Дунейы сæрмæ зонады цъæх арвыл
Ирон Ыстъалы калы ирд цæхæр.
Нæ буц æвзагæн чи схæцыд йæ кадыл,
Мах уый номæй бæрзонд хæссæм нæ сæр!
 
 
Ирон дзыллæ – Дæ уды фарнæй хайджын.
Кæндзæн Дæ фæд тьымы-тьыматы рухс.
Дæ тырысайы ́взыгъд фæсивæд барджын,
Бæрзонд хæсдзæни зонады æдзух.
 
 
Цы у æнус дæр? Афардæг и уайтагъд.
Æцæг лæгæн у ахсджиаг йæ фæд…
Дæ мæсыг – амад, фæндтæ —́ххæст, сты райдзаст!
«Дæ цыртмæ фæндаг не ́суыдзæн кæрдæг!»
 
2000
Гуырæнбоны цытæн
 
Ис абон Нафийæн гуырæнбон.
Ирыстон ын арфæ кæны.
Хæлар ын чындæуы цæрæнбон.
Йæ адæм ын бузныг зæгъы.
 
 
Фæнды нæ æнæниз уай, хъæлдзæг,
Хуыздæр дуджы райгæ цæрай.
Дзаджджын уа, фæлмæн уа Дæ фæззæг,
Фыдыбæсты амонд уынай.
 
 
Ирыстоны иузæрдыг хъæбул,
Уæзданæй, сабырæй цæрыс.
Тыхст дуджы нæ мæсыг куы фæкъул, —
Ныфсы цæджындз уымæн лæууыс
 
 
Цæсгомæздæхт адæммæ ́дзухдæр,
Йæ тыхст у Дæ зæрдæйы рыст.
Нæ йæ уарзыс искæмæй цъусдæр,
Нæ фæразыс уымæй ысхуыст.
 
 
Æнцон фæндаг царды нæ зыдтай,
Нæ Ирыл цырагъау сыгътæ.
Дæ адæмыл дардæй нæ фыстай, —
Фыдызæххæй истай тыхтæ.
 
 
Дæ фæндиаг Ирæн йæ фидæн,
Нæ кæстæртæй райæт Дæ уд.
Нæ уæзæг цы нæ уал уа хицæн,
Ирыстоны фидæны цинæй
 
 
Ныккæсæт Дæ зæрдæмæ рухс!
Нымайæд нæ мин хатты минтæй,
Дæ дзыллæйы хорздзинад хъус!
 
2000
Къусраты Анатолийæн
 
Куыд дæм бадзурон? Ме ́фсымæр, мæ хæлар?
Нымад гоймаг, егъау ахуыргонд, ныфс!
Ды федтай, – знаг сыгъта нæ Ир – нæ хæдзар…
Сыгъд хъæуты нымæц иу сæдæйæ хыст.
 
 
Чысыл рæстæгмæ дард ранæй æрцыдтæ
Фæцин кодта уæ фембæлдыл дæ мад.
Раст йеуæд ныл æрхъула сты лæгсырдтæ,
Фæкодтой уын уæ цины дæр æнад.
 
 
Хъуыды кæныс, куыд сызнæт ис нæ горæт?
Куыд ныл æзгъæлста знаджы къух æзды…
Æгас дунейыл айхъуыстис нæ кой уæд,
Дис кодтой, – ис ма скифты знæм æрдзы.
 
 
Дæу ́рцагуырдтой бæрнон адæм дæ куыстæй.
Æвæстиад дæу ацæуын хъуыдис.
Мæстæлгъæдæй дæ уды рыстмæ хъуыстай, —
Балсæджы цалх дæ адæмыл тылдис…
 
 
Æмкусджытæн нæ тухитыл фæдзырдтай,
Уырныдтой сæ дæ ныхæстæ зынтæй:
«Куыд ис гæнæн? Хуыцауы сконд кæй хуыдтой,
Цæгъда æназым адæмы зæфцæй?»
 
 
Фæдис хъæр кодтай, дун-дунемæ сидтæ,
Уæзгæ ныхас нæ адæмыл зæгъой.
Гъе, райхалой фыдгæнæгæн йæ хинтæ
Æмæ ахъаз нæ адæмæн фæуой.
 
 
Зæгъын хъæуы, – нæ тагъд кодтой æххуысмæ…
Хуыцауæн бузныг! Фидар у нæ мон…
Æвзонг фæлтæрæн бабын ис йæ хуыздæр…
Цæрдзæн æнусты уыдонæн сæ ном!
 
 
Æгъдау куы уа нæ архайды, нæ миты,
Æххæст куы кæна алчи дæр йæ хæс,
Уæд хурх кæндзæн нæ бафхæрæг йæ хинты,
Цæрдхъом æрттивдзæн Ирæн уæд йæ цæст!
 
2000
Джон Эндрюйæн
 
Мæ хæлар Джон, цы Хуыцау дæ æрхаста
Нæ уæзæгмæ тымыгъы фæстæ, цы?
Дæ хъысмæт дæу нæ адæмимæ сбаста,
Кæныс ын ды хъæбулы лæггад, цыт.
 
 
Æхцон дæ удæн не ́гъдæуттæ, нæ бæстæ.
Нымдгæнгæ арыс рухс дзуæрттæн сæ ном.
Хæстæфхæрд Иры федтай ды дæ цæстæй,
Ныр архайыс, рæсугъддæр уа йæ сом.
 
 
Æххуысгæнгæ дзæвгар бæстæтыл зилыс,
Дæ уды дуар тыхст адæймагæн – гом.
Зындзинæдтæй, зыны, дæхи нæ хизыс…
Дæрдтыл зындгонд у махмæ дæр дæ ном.
 
 
Дæ цонгфæдард зыны нырид бæрæгæй…
Хæлар дын уæнт Иры уæлдæф, йæ дон!
Дæ зæрдæ, мæ хур, барухс уæд зæнæгæй,
Фæдонтæ схæссут а зæххыл нæртон.
 
 
Фæдзæхт фæу бæрзонд зæдтæй æнустæм,
Дæ лæггæдтыл цы нæ кæнай фæсмон.
Дæ дзæбæхтæ хæццæ кæнæт нæ хъустæм,
Ахъаз дын уæнт нæ Иры фарн, йæ мон.
 
2000
Джыккайты Шамилæн
 
Фæбада уас дæ ныййарæг дзæнæты,
Дæу чи схаста – зæрдæйы хицау лæг.
Дзыллæйы хъысмæт чи хæссы йæ мæты,
Бæрзонд нысанмæ чи тырны æцæг!
 
 
Æндон хæтæлты не знаг мах куы ́ндæгъта,
Куы ́ндзæрста махыл торнеты фыдарт,
Дæ зæлланг хъæлæс арвы цæфау згъæлдта
Йæ сау фæндтæ æзнагæн раст зынг кард!
 
 
Дæттыс ныхдур нæ фыдгултæн æгъатыр.
Дæ хуым дæр у дзыллæйы фарнæй зад.
Иры бæллицтыл тохгæнæг – бæгъатыр,
Фынджы сæрыл
                           Иры Стыр
                                           Куывды бад!
 
2000
Нæртон гуырд
 
Уæздан мыггаджы сахъ гуырд лæппу, байрай!
Дзæвгар адæм уынынц дæуæй сæ ныфс.
Цы дзура лæг дæ хорздзинæттыл радгай…
Сты се ́ппæт дæр дæ рухс цæстыты фыст!
 
 
Хъаруйæ, зондæй ды – нæртон Батырадз,
Уындæй, мæ хæлар, – лæгты дзуар æд бæх…
Æнæзæрдæхудт адæмы, бæсты раз.
Дæ фæсивæд уæнт даргъ æмæ уæрæх!
 
 
Хæрзиуджытæй дæу сфæлыста Ыскæнæг,
Дæ уды фарн бæрзонд æмæ хъæзныг.
Ирон æгъдæуттæн кадгæнæг, цытгæнæг,
Ахъаз дын уæд Иры зæдтæ фæрныг!
 
2000
Композитор Плиты Жаннæйæн
 
Зынгзæрдæ чызг, нæ курдиатджын Жаннæ,
Ирон дзыллæ сæрыстыр у дæуæй.
Бæллицтæмгæсгæ сах дæ хъул цы ран уа,
Фæцæгъдæт уым дæ буц уадындз фæрнæй!
 
 
Дæ уды́взæрд «Эдемыл Монцтæ» -м хъусын…
Бæгуыдæр,́ссардтай арвы къуырфы фæз!
Æз исдугмæ æнæуæлдæфæй цудын, —
Æрбайсæфы æвиппайды мæ уæз:
 
 
Фæхæссынц мæ кæлæн зæлтæ уæларвмæ,
Сæ тырнæнтæй æрыхгæны мæ хурх…
Фæцаразынц мæ стæй зындоны артмæ,
Мæ алыварс – цъæхпиллон арт, зынг хуыр.
 
 
Æхсидынц «Монцтæ», абухынц, рæмудзынц,
Ысиу ысты дæлзæхх æмæ уæларв.
Цавæр тых ис дæ музæйæн? Ыссудзы
Лæджы зæрдæ, гъе, батайы куыд царв.
 
 
Зæххы æвзæрын рог кæм уыд, æз хъуыстон:
Къæдзæхты згъæлын, знæт фурды хъæрзын.
Фæсабыр зилдух… Мæргъты зард æхсызгон
Мæ уды сисы уаз зæлтыл, – тæхы…
 
 
Кæцæй исыс уæлкурдиат, мæ хæлар?
Тыхст заманы дæр диссæгтæ кæныс!
Нæ дзыллæйæн йæ фæдисон – цæхæр арт,
Нырид æртыккаг мин азы цæрыс!
 
2000
Рохгонд
 
Цымæ дæм чи фæкаст дæ тыхсты,
Дæ былтæм чи бадавта дон?
Иппæрд фыдызæххæй….Фыдхъызты
Мыййаг кæд баталынг дæ бон!
 
 
«Цæуын æз хæстмæ», – загътай мадæн.
Зынгзæрдæ ахаста дæу дард.
Æмæ фыдыбæстæйы кадæн
Нывонд ыскодтай ды дæ цард.
 
 
Æвзонг дохтыр, ирон чызг Нинæ,
Æхсæз мæ ссæдз азы æрмæст!
Куы зонин ныр, кæм ис дæ ингæн,
Уæд уаин катайæ ирвæзт.
 
2000
Ныхъхъуыстай та дæхимæ
 
«У диссаг цард! Дæтты Хыуцау ыстæмтæн
Æнæкусгæ дæрдтыл фæллæйдтæ, цард.
Гъе, аннæтæй, цы загъдæуа хъысмæтæн….
Сæхи æлвасынц рухс бæллицтæ дард..
 
 
Мæн арæх цард дæрзæг къухæй ысхуыста.» —
Фæзæгъыс ды, куы ́рбаймысыс ивгъуыд….
Ныхъхъуыстай та дæ зæрдæмæ, ныхъхъуыстай!
Куы нæ зонынц æнкъард хъуыдытæ ́мгъуыд!
 
 
Тæрк къæвдайау ныссæххæтт кæнынц растæн,
Æнцой фæхæссынц, амæлы уæд онг…
Цæй ферох кæн… Кæрон ыскæн дæ мастæн.
Цин кæн! Дæ фарсмæ – сахъ фæдонты ́рдонг!
 
 
Дæ мæстытæ сæрдыгон митау тайæнт,
Æмбаргæ уд, дзæвгар азты фæцæр.
Дæ зæнæгæй дæ фæлмæн зæрдæ райæт,
Дæ фезмæлд фестæт арт æмæ цæхæр!
 
2000
Фæдзæхст адзалы раз
(арын дзы мæ фыды рухс ном)
 
О, ма кæн мæт, кæй нæ уадзын фæллæйттæ, —
Нæ нымадтон æз царды аппыл – ис!
Мæрдтæм йæ мулкæй чи фæцыд æд хæйттæ?
Лæгæн йæ фаг цыппар фæйнæджы ис.
 
 
Уысммæ ́ввахс раст лæджы ́рцыд æмæ ацыд.
Хæрзиуæг кæн æдзух æмæ лæггад.
Фæрсыс: «Йæ фæстæ удгоймаг цы уадзы?»
– Фæдонтæн хорз ном, адæмы ́хсæн – кад!
 
 
Фæлмæн ныхасæй искæй кæд æрцардтай,
Кæнæ кæстæрæн бацамыдтай зонд,
Тыхст удмæ кæд æххуысы къух фæдардтай,
Уæд макуы зæгъ, кæй фесæфтис дæ бон!
 
 
Хæрзгæнæг, мæ хур, царды у æвæсмон.
Йæ фын дæр у сыгъдæгзæрдæйæн арф.
Фыдгæнæг æмæ хинæйдзаг – æнæсом.
Сæ зæрдæтæм æввахс нæ цæуы фарн.
 
 
Бæрзонд бæллицтæ хъаггæдтон æз царды,
Мæхи æвзæрст – мæ цардвæндаг, мæ уаргъ.
Тырынæй мæн фæлвæрдта дуг йæ арты
Æмæ уыдтæн æз тар æхсæв – цырагъ.
 
 
Мæ архайд, гъе, мæ фыдæбон, – æппæтдæр —
Нæ дзыллæйæн йæ фидæнимæ баст!
Фæсмон мæм нæй, дунейы раз сыгъдæг дæн…
Ныр дуг фæзылд æд хæзнатæ æваст!
 
 
Узæлæг уыдтæн æз æппæт дзыллæтыл,
Нæ ардтон æз мæ сабитæн рæстæг…
Ахъаз сын æз сæрбахъуыды нæ фæдæн,
Гъе, уыцы азым хонын ныр хъæстаг.
 
 
Æз динты хуыздæр равзæрстон мæхицæн, —
Хæрзиуæг кæнын, адæмæн лæггад.
Дунейы фарн фæуæд мæнæн æвдисæн, —
Мæ ном нæ уыдзæн кæстæртæн æгад!»
Æхсарджын бонтæ уадысты йæ цæстыл:
«Уæларвæй, зæххæй, денджызæй, – æмткæй…
Мæлæццаг саха рацыди нæ сæрыл,
Бындзы сæфт кодтой дунетæ зæфцæй!»
 
 
Адзалы раз, гъе, ахæм катай кодта
Фыдыбæсты æнувыд фырттæй иу.
Æнкъард цæстытæй сусæг сыг æзгъордта…
Нæ урæдта йæ зæрдæйы рис – риу.
 
2000
Фыццаг «балц»
 
Дæ уынынмæ фыццаг «балцы» фæцыдтæн.
«Минасы» фæстæ кодтай ды фынæй.
Кæцæй æмбæрстай, дзидзидай, мæ дзырдтæ…
Фæлæууыдтæн дæ райхъалмæ зынæй.
 
 
Фæци дæ «æртæг», базмæлыдтæ, скуыдтай,
Ысуæгъд кодта дæ гыццыл къухтæ мад.
Агат цæстытæй ́нæзонгæйы суыдтай, —
Фæсабыр куыд, æркаст дæм цыма́гад.
 
 
Нымдзаст мæм дæ дыууæ фæрдыгæй, джихæй,
Бæрæг зындис, – дæ чысыл уд фæтыхст.
Стæй ферттывта – раст хуры тынтау мигътæй —
Дæ мидбылхудт, – хæрзиуæг дыл æрцыд!
 
 
Æрыууæндыдтæ, къухтæ мæм ивæзтай,
Фæзындис дын сæрибары амал…
Ныццин кодтай, – дæ «рæхыстæй» ирвæзтæ….
Лæууыд дæ разы фидæны æмбал!
 
2000

Внимание! Это не конец книги.

Если начало книги вам понравилось, то полную версию можно приобрести у нашего партнёра - распространителя легального контента. Поддержите автора!

Страницы книги >> 1
  • 0 Оценок: 0

Правообладателям!

Данное произведение размещено по согласованию с ООО "ЛитРес" (20% исходного текста). Если размещение книги нарушает чьи-либо права, то сообщите об этом.

Читателям!

Оплатили, но не знаете что делать дальше?


Популярные книги за неделю


Рекомендации