Электронная библиотека » Юля Санахъоты » » онлайн чтение - страница 2

Текст книги "Нæмыгдзæф бонтæ"


  • Текст добавлен: 6 апреля 2023, 09:23


Автор книги: Юля Санахъоты


Жанр: Поэзия, Поэзия и Драматургия


Возрастные ограничения: +16

сообщить о неприемлемом содержимом

Текущая страница: 2 (всего у книги 2 страниц)

Шрифт:
- 100% +
Чи зоны?
 
Фæндзай æхсæз азы рацыд ныр хæстæй.
Дæрдтыл архивтæ Рейхы, йеныр – гом.
Ивгъуыд зонджытæ федтой ныр сæ цæстæй
Фашизмы мон, дæрдтыл фæндтæ, йæ бон.
 
 
Хæстагъоммæ Дунейы Фарн æнхъæлдта, —
Бæрзонд хъуыдытæ хъаггæндзæн Адольф.
Йæ рухсы дуар æрбакодта, – лæвæрдта
Егъау тыхтæ уый фюрерæн хæстон.
 
 
Ныхдур нæ лæууыд Рухс Фарны хæстонтæн, —
Хъæбатыр, бурхил, сагамад, цъæхдзаст.
Уыдысты Рейхы иузæрдыг фæдонтæ,
Æгас дуне сæм дисгæнгæ ныккаст.
 
 
Нæртон æгъдæуттыл тохгæнæг нæ разынд
Æртыккаг Рейхы аразæг, йæ уд.
Европæйыл уый арвæрттывдау азылд, —
Дзæвгар адæмтæ банкъардтой фыддуг.
 
 
Куы равдыста фашизм сырды уæх иугæр,
Уæд ́рыхгæдта Дунейы Фарн йæ рухс.
Йæ хæстонтæ дæр баззадысты иунæг,
Хæстæргомæн æваст йæ тых фæцух!
 
 
Цæгаттаг скандинавтæ-иу хъайтары
Æнусон бæстæм арвыстой цытæй
Йæ фæлгонц уыд фыдæй-фыртмæ сæ тары,
Йæ ном ын ардтой, рухсгæнгæ, нымдæй.
 
 
Куы-иу фæмарди карз тохы бæгъатыр,
Фæстаг уысммæ йæ армы мидæг кард,
Ызнаджы рæгътæ карста кæд æгъатыр,
Уæд-иу йæ уд Валгалламæ фæраст.
 
 
Валгалла хуыдтой мард хъайтарты галуан,
Фæхонынц ма йæ Одинæн йæ кæнт.
Хуыдта Адольф раст ацы бынат – «уаз ран»,
Ыскодта ́нæмæнг йе ссарыны фæнд!
 
 
Пысылмонтæн сæ хаджы нысан – Мекка.
Йæ нысан, дам, уыд фюрерæн – Цхинвал.
Æнæсæрфат мыййаг нæ кодта лекка…
Зæгъынц, хуыдта нæ горæты – Валгалл.
 
 
Дзæвгар азты бæллиц йæ риуы хаста, —
Ыссардзæнис йæ фыдæлты куывддон…
Йæ сæнтты Нибелунгты хæзна къахта,
Бынаты ардта Зигфридæн йæ ном.
 
 
Табугæнæг йæ рагфыдæлтæм схъомыл,
Сæ уæлмæрды ыссарынмæ бæллыд.
Цæгат Кавказмæ ́рбакалдта йæ хъомыс,
Ныхдур æнхъæл Ирыстонæй нæ уыд.
 
 
Зæгъынц, нæ бæстæм сау фæндтимæ не ́рцыд,
Нæ, зæгъ, фæнд кодта ирæтты цæгъдын.
Ариæгтæ кæй хуыдта, – йе ́мтуг, йе ́мдзыт
Фæндыд æй семæ ́рвадæлау цæрын.
Нæ йæ урæдта зымæгæн йæ карз дæр, —
Бæллицагур ныллæууыди зыдæй…
Нæ рацыд Ир æд дзул, æд цæхх йæ размæ,
Кæйдæртау ыл нæ сæмбæлди цытæй!
 
 
Æрвад кæй хуыдта, уый йæ ныхмæ растад,
Чысылæй стырмæ фестади хæцæг!
Хæддзуйы ныфс нæ хæхты митау батад, —
Нæ йæ ́руагъта йæхимæ Ир хæстæг!
 
2001
«Дыууæ мин азы ацыд! Мæнæ диссаг!..»
 
Дыууæ мин азы ацыд! Мæнæ диссаг!
Нæ фæуид кæд нæ фæндиаг æвæд,
Кæд разынид нæ рухс æнхъæлцау цинаг,
Æнустæм рох – нæ катай æмæ мæт!
 
2001
Милленниум
 
Фæцис æнус, æрлæууыд мин аз!
Æрхæссæд нын сабырад, цинад.
Нæртон, хъæзныг царды æвдисæг,
Цы ́суæм æппæт дзыллæтæн диссаг!
 
 
Уæнт хистæртæ æрдаг, куырыхон.
Æнæниз – фæсивæд нырыккон.
Сылгоймаг уæд уæзданæй цардхъом.
Рæвдыдцух макуы уæд æнахъом!
 
 
Фæрныг зæххыл цы зонæм кусын,
Нæ кæстæртæ цы зоной хъусын.
Сæ зонды тых цы ́нхъæвза дардыл,
Цы архайой нæ бæсты фарныл.
 
 
Æрттивæнт зонады сæ нæмттæ
Æмæ цы рухс кæной нæ кæмттæ.
Зындзинд ма фенæд нæ фæдон,
Хуыцау ын раттæд даргъ цæрæнбон!
 
 
Æгъдауыл сæххæст уæнт нæ фæндтæ,
Ахъаз нын уым фæуæнт нæ зæдтæ.
Уæд дидин калдзæнис нæ бæстæ,
Паддзахад баззайдзæн нæ фæстæ!
 
 
Куы лæууа Иры мæсыг фидар,
Уыдзыстæм йеуæд мах сæрибар!
Фæдонтæн ног мин аз мæ арфæ:
Æртымбыл ут аланты артмæ!
 
2001
Гергиты Валерийæн
 
Цæуылнæ уой сæрыстыр уæд нæ адæм?
Курдиатджын, хъæбатыр гуырдтæ – фаг!
Уырдыг лæууынц сæ раттæг Иры кадæн.
Цырагъ сæ удты, фидар у нæ таг!
 
 
Хæххон цæргæс нæ уæзæгæй ыстахтис,
Дæрдтыл нытыгъта базыртæ, æвзыгъд.
Уæздан Музæты кувæндоны ́рбадтис,
Йæ къухы ́взыст – æрвон бæллицты ́ссыгъд!
 
 
Фæрнæй цæрай аивады тыгъдады,
Иры хъæбул! Дæ номæй – буц нæ уд!
Мæнг нæу мæ фын, – Дæсныйады куырдадзы
Дæумæ Ыскæнæг уаз мидбылты худт.
 
 
Ыссис дæуæн æгас дуне цытгæнæг.
Хуыздæрты ́хсæн – нымад æмæ хæрзном.
Æвидийгæ æнтыстытæ – цыртдзæвæн
Дæхицæн, гъе, дæ адæмæн бæрзонд!
 
2001
Бзарты Русланæн
 
Нæ бæстæйæн йæ намысыл куы дзурынц,
Дæ рухс фæлгонц уæд ауайы цæстыл:
Куырыхон лæг, уæздан гоймаг… Нæ цуды
Дæ удвæрнон, æгъдауыл раст хæцы.
 
 
Бæрзонддæр къæпхæн зонады куы райстай,
Фæцин кодтон дæ æнтыстыл дзæвгар.
Куы ма фехъусин – цардæмбал ыссардтай,
Нæ Ирæн скодтай диссаджы хæдзар.
 
 
Цы адæм уарзыс, уый фидæн куыд уыдзæн,
Куы нæ уа йедзаг ́взонг фæлтæрæй, уæд?
Фылдæр кæнæт нæртон гуырдтæ дæ хуызæн,
Кæд уаит къаддæр сомбоныл нæ мæт.
 
2001
Царды дидин
 
Куы фæзæгъынц: «Æрдхæрæны сылгоймаг!»,
Кæсы мæм уæд, – ирон чызгыл у дзырд.
Хæдæфсæрм, уазамад, – раст дидин дойнаг!
Дæуæн кодтой тъымы-тъыматы цыт!
 
 
Сылгоймаг, ды – Ирыстонæн йæ фæрдыг,
Йæ уаз хъæбул, йæ цины сæр, йæ ныфс.
Сæрбахъуыды фæстæ нæ лæууы хæрды..
Æмбаргæдзинад – рухс цæстыты фыст!
 
 
Ирон сылгоймаг, царды ́мбал, ныййарæг,
Йæ уæздан уд – бæрзонд монимæ баст.
Фыдыбæсты, хъæбулы ́фхæрд – йæ марæг.
Фыд-заманы цæугæ уарт фесты ́васт!
 
 
Фæцæр мын уас зæрдæрайгæ æнусты,
Бæрзæндты хæсс нæ рагфыдæлты кад.
Дæ хорзы кой фæлмæн рæвдауæт хъусты,
Сæрыстыр уæт дæуæй Ирыстон – Мад!
 
2001
Хорз сых
 
Æрбатымбыл абон нæ къуыммæ
Нæ хæлæрттæй иу чысыл къорд.
Куы ́рцыдаид ́гас сых нæ фынгмæ…
Къуындæг у нæ фатеры сконд.
 
 
Æмбаргæ, уæздан сыхы астæу
Æнцон у, бæгуыдæр, цæрын.
Сæрæгас уат иу æнус, уастæн,
Вæййы мын уæ фенд дæр æхцон!
 
 
«Сыхаг у сæууон хур!» – фæзæгъынц.
Æцæг у, ныхас дæр ыл нæй!
Хуыцауæн уæ ́рвыл хатт фæдзæхсын,
Цæуæд уыл хæрзиуджыты зæй!
 
 
Хъыджы, зæгъай, цины – нæ фарсмæ,
Æфсымæртау ́ххуысмæ – цæттæ.
Цæуæд, уас, уæ байзæддаг размæ
Сæ амæндтæ ́ссарæд хæрзтæ.
 
2001
Лæджы бындзæфхад
 
Мæ чысыл хур, ныстуан мæнæй æрдомдтай:
«Лыстæг тыхтæй йæ авджы бын нывæр.
Нæ кæндзынæн дзæгъæлы́ндæртау цоппай,
Кæндзынæн ахуыр алкæмæй хуыздæр.
 
 
Ыссардзынæн мæ авгæн дæр æвæрæн,
Фæуыдзæн уым дæс азы бæрц æмбæхст.
Мæхицæн æй æрхæсдзынæн лæварæн,
Куы мыл кæной фынддæс азы æххæст».
 
 
Дæ æнхъарæн мæ рыййæфта æдзæттæ,
Нæ дын радтон, зæнджын хъæбул, æз дзуапп…
Дæттой дын тых нæ хæхты фарн, нæ дæттæ,
Ыссарай мын фæрныг цардæн йæ апп!
 
2001
Сабитæ
 
Донæн йæ урс сыфыл хъазы,
Райгæйæ сабиты бардз.
Дымгæйæ бæлæстæ тасынц,
Сæры хил сбады уæд арц!
 
 
Чысылтæ уазал кæм хатынц,
Цъилау ныззилынц, бырынц.
Ихæн йæ айдæныл кафынц,
Цингæнгæ размæ тырнынц.
 
 
Айзæлы комы зæлланг худт,
Цæстытæ калынц цæхæр…
Ма зонат царды зæрдæхудт,
Ма уын уа зондæй æмсæр!
 
2001
Фыццаг къахдзæфтæ
 
Фæуайы узгæ-узгæ саби,
Кæлдзæн фыццаг къахдзæфтæй зæхх…
Фæзылд мæ чысыл хуры баби, —
Фæцыди кæрдæгыл йæ дзæхст.
 
 
Хъуытаз хъæлæсы къæл-къæл хъуысы,
Ысиу и цæссыгимæ худт.
Мæ зæды къалиу сиды ́ххуысмæ, —
Фæтыхст фыццаг цæфæй йæ уд!
 
2001
«Саувадыг арвыл ныддымстис…»
 
Саувадыг арвыл ныддымстис.
Фæкъæрттæввонг къæвда ныхъхъус.
Царддæттæг хур дæр фæтыхстис,
Æрнымæг йæ зынг цæсты рухс!
 
2001
«Куы райа зæрдæ, уæд æнцон у уарзын…»
 
«Куы райа зæрдæ, уæд æнцон у уарзын
Дæхи дæр æмæ ́гас дуне æмткæй!»
– Нæ буц фыдæл нæ уаит демæ разы, —
Æгас дуне нæ уарзта уый бæрцæй!
 
2001
Сослан
 
Мæ чысыл хæлар, бафтыдис дæм иу аз.
Ды рæзыс бон уыдисны, ́хсæв – уылынг!
Нанайæн дæ йæ сæууон хур, йæ цинаг…
Дзаджджын, рæсугъд дæ гуырæнбны фынг.
 
 
О, байрæзай дæ гыццийы фæндиг,
Дæ фидæнæй цы барухс уа йæ уд.
Ныфсы цæджындз цы басгуыхай, фæзминаг.
Лæгау-лæгæй цы фæхæссай дæ худ!
 
2001
Æхцон нæ фембæлд…
 
Уысм дæр нæ сæфы дун-дунейы мисхал.
Зæгъынц, цæуы фæрныг къæбицты ́вæрд.
Хæларæй бадæм… Мысинæгты иу хал
Æлвисæм цадæг, – рухс хъуыдыты ́взæрд..
 
 
Кæддæриддæр æхцон нæ фембæлд удæн.
«Уæззау къахдзæф, сындæг гакъон – нæ цыд».
Зындзинæттæй, мæ буц хæлар, нæ цудæм,
Нæ дæр фæкæнæм истæуылты зыд.
 
 
Нæ катай махæн – фæсивæды фидæн.
Сæ æнтыстытæ – зæрдæйæн æвдадз!
Хæстæфхæрд сабитæм йеныр цы взидæм,
Хæссæд сын рухс нæ зонады куырдадз!
 
2001
«Дыууæ мин дыккаг аз æрцыдис!..»
 
Дыууæ мин дыккаг аз æрцыдис!
Ныфсытæй у нæ цард ныр дæр.
Быхста лæг, алцæуыл хъæцыдис,
Нæ фидæн уаид кæд хуыздæр.
Миййаг куы нæ аива уавæр,
Мыййаг куы фæцудæм ныфсæй,
Кæндзæн йæ лыгъд нæ адæм дарддæр,
Уæд бабын фæсивæд зæфцæй.
 
2002
«Хæххон доны был чи райгуырд, уый зоны …»
 
Хæххон доны был чи райгуырд, уый зоны —
У доны сæр-сæр мады «Алолай».
Кæм фæнды ма уай стæй, уый рох нæ комы…
Дæ уды ис Фыдыбæстæйы хай!
 
2002
Нарты фæдонтæ
 
1
Ысхъæл æгæр, сæрæстыр – нартæ,
Тыхгæнæг сын нæ ардта тых.
Хуыцауæй сын – æгæрон бартæ,
Пайда сæ кодтой уыдон ́взыгъд.
Фæнык сын нал уыдис уæд артмæ,
Къæсæртæ сарæзтой бæрзонд:
«Кæд махæй дæ, æрбад нæ фарсмæ,
Кæннод дын нал арæм дæ ном!»
Ныххаудис хъуыдыты Ыскæнæг:
«Цæуыл фæхъыг уыдаид Нарт?
Æви мæнæй уынынц фыдгæнæг?
Нымадтон сæ мæхицæй,́рвад…»
Фæд-фæдыл минæвар æрвыста,
Цы кæнынц Нарт? Цы сын нæй фаг?»
Нæ хъуыстой Нартæ, фесты ́лгъыстаг, —
Хуыцаумæ фесæфтой фæндаг;
Æгæр, æгæр куы кодтой Нартæ,
Уæд сæм фæхъызыдис Хуыцау.
Тызмæг сын ́рæхгæдта сæ бартæ,
Зынг суагъта, кода сæ фыдцагъд.
Гас чи баззад, цъыссымы дардта…
Фыдæбон дзессы цъассы – фаг…
Уæдмæ сæ сæр фыдзинтæ сдардтой,
Фæнд ́скодтой аскъуынын нæ таг!
Нæ бæстыл байдыдтой цъыфкалæн,
Куыд риссагдæр æвзæрстой дзырд.
Милуантæ! Кодтой нæ хылкъахæн,
Лæбурын райдыдтой раст сырд…
 
 
2
Мин фараст сæдæ нæуæдз фыццаг.
Дыууадæс сахат. Уалдзæг. Хъарм.
Цыдис та нарты хъысмæт скъуыддзаг…
Нынкъуыст зæхх, ниудта …Бон ныттар!
Ызнæт фурдау ызмæлыд асвальт,
Дæлзæхх цæтджджинагау фыхтис.
Æрдз тæсæй бамынæг, зæхх афаст,
Ызнæт улæфыдис, рызтис.
 
 
3
Йæ бон Ыскæнæгæн нæ бацис
Сабыр нæ тухитæм кæсын….
Фыдбылыз Дзаугоммæ куы кастис,
Уæд та ныл райдыдта хъæцын.
Æрвыст зæдау хæрзгæнæг Дзаумæ
Фæци зæнджын сылгоймаг уæд.
Зын лæууæн уыд сыхаджы даутæм…
Дзуапп раттын знагæн ́ссис йæ мæт.
Æрсидтис Дзаугоммæ æмбырдмæ…
Гуылф кодтой районмæ æмткæй.
Чысылæй райдайгæ ыстырмæ
Тындзыдтой митингмæ рæвдзæй…
Ирон æмбаргæ чызг, Заирæ,
Хуыцауæй минæвар фæдæ.
Куывта кæд исчи, уæд – нæ ирæн…
Хæссынц дæм рухс зæды зæрдæ.
 
2003
Нæ ALMA MATER
 
Нæ ALMA MATER, хъомылгæнæг Мад
Нæ бæстæйæн йæ зонады куырдадз,
Ныууагътой дæу зæнджын фыдæлтæ махæн.
Ды хуссайраг алантæн дæ æвдадз,
Цæрдхъомæй лæуу æнус-æнус дæ къахыл.
Бындур æвæрын афтæ ́нцон кæм уыд, —
Ныхдуртæ – фаг. Хъуыд алы къахдзæф барын.
Сæ архайд цадæг, – ма ́руадзой рæдыд….
Сæ рухс фæлгонц нæ Ир йæ зæрдыл дары.
Æмæ ныр дæр нæ кæстæртæ сæ цард,
Сæ æвзонг удтæ ́снывонд кодтой Ирæн.
Фыдыбæстæ – сæ сомыгæнæн, с́ ард!
Уый бахызтой æхсарджынæй нæ цинæн.
Цæсты гагуыйау хъаггæнынц æдзух
Сæ рухс кувæндсн, архайынц йæ кадæн.
Кæд уыдис Ир хъæбатыр гуырдтæй цух?
Сæ хуыздæртæй сæрыстыр у нæ адæм.
Нырма æвзонг дæ æмæ размæ цу!
Æрсдонау айгæрд зонадмæ фæндæгтæ.
Æвзонг фæлтæр кæнæт дæуимæ ́мдзу,
Æнусон тулдзау фидар уадз уидæгтæ.
Нæ иумæйаг Мад, макуы у хъæстаг!
Æвзыгъд фæсивæд уæт дæ рухсæй хайджын.
Цæуæнт дæ удæй ахуыртæ, æрдаг,
Уæнт зонды сæ уынаффæтæ барджын!
 
2003

Поэмæ Нæмыгдзæф бонтæ

Цы уыд, цавæр цæрæгой, уагæр?

Дæу чи схаста, дæу, – удсахъат лæгсырд!

Санайы сахъ гуырдæн йæ марæг —

Зындонæй иппæрд зин, æлгъыст!


 
Рæстæггай æнусты фæзыны
Ызмæнтæг, дæлимон, æлгъыст.
Уæд цардæн йæ бындур фæзилы,
Фыдбылызæй нал вæййы хызт.
 
 
Дæлимон йæ алыварс тауы
Хъазуатонæй фыд æмæ хæст.
Йæ хъæстæ пырхæндæгæй калы,
Бæстæйæн æрцæуы йæ сæфт;
 
 
Дзыллæйы хуыздæртæм фæхъызы,
Æмбулы æвзæрстыты ́взыгъд…
Гуымсæджыты хъæрмæ кæм хъуысы
Куырыхоны рухсхæссæг дзырд.
Рæстаг лæджы уавæры – ме ́знаг, —
Мæгуырæг, ныккодтой йыл гакк.
Æмбаргæ, хæрзиуджытæй йедзаг…
«Хъайтартæ» йын фесты аккаг!
 
 
                     * * *
 
 
Уæд дыккаг мин азы кæроны,
Куы ныппырх нæ Цæдис бæстон,
Цы сау кард æмбæхста йæ роны,
Уый фелвæста не ́рдхорд æргом.
 
 
Сæнтæзнæт нæ сыхаг – зыдгæнæг,
Нымбæрзта нæ ивгъуыды сыф.
Йæ дзыллон фæрæзты тыхгæнæг
Нæ Ирыл фæкалдта йæ цъыф.
 
 
Рыстис иу лæджы уд æгæрон,
Куы-иу хъуыстам хабæрттæм, уæд.
Хъыг ныхас ызгъæлстой æбæрнон,
Хуыдтой нын нæ рацæуæн – хъæд!
 
 
Ыскæнæг, æркæс сæм лæмбынæг!
Нæ фыдæл дунетæн – зындгонд.
Лæджы хурх æрцахсы кæуындзæг…
Бецау, Скиф! Хъæбатыр, цыргъзонд.
 
 
Аланты культурæйæ хайджын
Европæ йæ рæстæджы ́ссис.
Артуры Тымбыл фынг уæд кадджын
Аланты Ныхасæй уыд ист!
 
 
Нæ æнусон фидар уидæгтыл
Нæ дзурæм æндæрты ́хсæн мах.
Куы зæгъой: «Æппæлой ирæттæ!»
Фыдгул ныл æркъуыры йæ къах!
Ыскодта йæхи ныр лæбурæг
Нæ сыхаг. «Мæн у» – зæгъæг нæй.
Мæрддзæст лæг, йæхирдæм рæдувæг,
Кæй фæллойыл ауæрста, кæй?
 
 
Фæхъæр кодта: «Нардуарæг!» Байста
Хæцæнгарзæй, алцæмæй хай.
Кæсæгтæ æзмæст доны ахста,
Стæй райдытта ирæтты най.
 
 
Фæфидар и, скодта бырсынвæнд.
Тæлтæгимæ рарвыста Сидт.
Куы нæ дзы уыд махæн ныфсæвæрд:
«Нæ сæттынц, уæд фалæмæ – фитт!»
 
 
Кæнæ, дам, æмырæй ныхъхъус уæнт,
Кæд сæ ам цæрын фæнды, уæд.
Быхсæнт æмæ гомыгæй кусæнт,
Æрбайсæфдзæн кæннод сæ фæд!
 
 
Кæмæ ма ис ахæм æмбисонд:
«Йæхи дурæй хæлы мæсыг!»
Хæссæм æй æнусты куыд фистонг,
Лæууы нын егъау туг, цæссыг;
 
 
Фæтæнуæхск, ирон богал уадис
Цыбыркъах «джигиты» фæстæ;
Цæргæсау æй хъаггæдта, кастис,
Мæлæтмæ йæ сæрыл цæттæ!
 
 
Йæ адæмæй иппæрды ́нцонæй
Нæ фæисынц зæрдæмæ ́ввахс.
Ысхойынц æй цæхæрмæ ́ргомæй,
Ысвæййы сæ дзæмбыты ахст!
                     * * *
 
 
Нæ Лæппутæ бамбæрстой хъуыддаг, —
Æгад у хæддзуйы фæндон.
Куыд уыдзæн нæ сомбон, нæ мыггаг,
Куы ныл цæуа искуы сæ бон?
 
 
Хъыгаг уыдис Сидтæн йæ мидис, —
Нæ зæххыл нæ ́рцæуæг хуыдтой.
Кæндзысты нын мин азты фидис,
Нæ бæстæйы хицау куы ́суой!
 
 
«О, бузныг алантæн зæрдиаг!
Зæххытæ нын радтой рæдау.
Уыдысты æгъдæуттæй фæзминаг,
Мах бахызтой ́знæгтæй лæгау!»
Фыста афтæ се ́мтугон иу лæг…
Зыдтой ма уæд бузныг зæгъын.
Уæвгæ дæр, æддагон мыст – хилæг
Бынæттоны суры тæрных.
 
 
                     * * *
 
 
У йеныр нæ сыхаг гæрзифтонг.
Хылкъахæнтæ райдыдта, загъд!
Æрбаскъуыдис зарæг зæлифтонг,
Ивгъуыд дуджы баззадис дард.
 
 
Сæ къахфындзтыл дам-думтæ згъордтой, —
Нæ «фысым» æрцæудзæнис тагъд.
Æмбаргæ уæвын нæ æрдомдтой,
Кæнæ, дам, æрцæудзыстут цагъд.
 
 
Æрхаста хæдбарад сыхагæн
Нæ Цæдисы ́нæнхъæлгæ пырх.
Æрдхорд дæр сæ нал хъуыд, хъыгагæн,
Сæ туджы дæр нал хуыдтой сырх.
 
 
Ыссардтой паддзах дæр сæхицæн,
Ысисты милуантæ æмзонд.
Сæ бæллиц ныр сæххæст, —
сты хицæн,
Ыскодтой сыхæгтæй æмбонд.
 
 
                     * * *
 
 
Цхинвалмæ æрхæццæ лæппутæ
Чысанæй фæдзæхсæг уайтагъд.
Сырды митæ федтой хæддзуйы,
Сахъ хотыхтæй. Самадтой загъд!
 
 
Уыд тасы мигъ адæмы уæнгты:
Чысангом Цхинвалмæ – дæрддзæф.
Уырыссаг фыст ракалдтой хъæуты:
«Гуырдзиаг æвзагыл хæцæнт!»
 
 
Дзырдтой нын: «Сæ нысан у ардæм!
Цæттæ хъæуы! Дзурæн сæм нæй!»
Цæй цæттæ? Фæткхъаггæнæг адæм
– Æнæхай сæ хæцæнгæрзтæй!
 
 
Æхсæнгæрзтæ рауыгътой раздæр…
Зылдысты ныл хинæй æдзух…
Æрцæугæ фæткхалджытæ бардзтæй
Нæ бæстæйыл кодтой цæрддзу.
 
 
Æвдисæн «фæткуарзджыты» балцæн
Уыд Ирæн йæ уаз зæрдæ – Дзау…
Фæндаг мын куы нæ кодтой цалцæг…
Нæ хъаггæнæг!
Чи ́рхæсдзæн фау?
 
 
Кæмæй, стæй кæй хъаггæдтой Дзауы?
Гуырдзиæгтæ —́ртæ чындзы ́рмæст.
Фæцардысты не ́хсæн æгъдауыл,
Сæ хъæбулты хурæй – æфсæст.
 
 
                     * * *
 
 
Æрбатымбыл Лæппуты иу къорд,
Уыди сын æвдисæн цъæх арв.
Фыдыбæстæ уарзджыты иугонд
Куыд карздæрæй бахордта ард:
 
 
«Нæ зæххмæ куы ́руадзæм тæлтæджы, —
Нæ фыдæл мæрдты дæр хъæрздзæн.
Кæмæн уыд йæ фæсонæрхæджы, —
Æрдхорд та нæ абон цæгъддзæн.
 
 
Куы бауадзæм сахармæ знаджы,
Фæуыдзæн æлгъыстаг нæ ном.
Кæд бахъуызой искæйты руаджы,
Уыдзæнис сыл карздæр тæрхон!
 
 
Дзырд ратгæйæ, кастысты ́нхъæлмæ,
Хæс райстой сæхимæ бæрнон.
Ыскодтой сæ фæндаг уæд хъæдмæ,
Уынаффæтæ кодтой хæстон.
 
 
Нæ сын уыд хæстон фæтæг, хистæр,
Ныфс ́вæрдтой сæхицæй æрмæст.
Æгом æмæ ́гæрцæй, уæд фистæг…
Хуыцауæй уыдысты фæдзæхст.
 
 
Нæ уыдис сæ къухты хæцæнгарз,
Рæстад сын лæвæрдта тыхтæ.
Сæ хуыссæнуат зæххыл…
Мæстæйдзаг.
Фыддуг сæ йæ зынджы сыгъта.
 
 
Тызмæг, уæд куырыхон цæстæнгас
Фæзындис нæ кæстæрты ́васт.
О, баззайут махæн сæрæгас, —
Нæ фидæн сымахыл у баст!
 
 
                     * * *
 
 
Æддæйæ нæм бирæ уыд уазæг,
Сæ дисæн нæ уыдис кæрон.
Ызмæстыты хинæйдзаг хъазæг,
Куы разынд нæ сыхаг æргом.
 
 
Сыгътам мах цырæгътæ нæ удтæй,
Куырдтам иу фæйнæрдыгæй ́ххуыс.
Куы цардыстæм иумæ хъæрмудæй…
Мыстулæгау ивтой сæ хуыз!
 
 
«Дæ ныфс у дæ хъару, дæхæдæг!
Нæ фыдæлтæ уарзтой зæгъын.
Æнæххуысæй адæм – æрхæндæг,
Дзырд радтой кæронмæ хæцын.
 
 
                     * * *
 
 
Хæстæгдзинад нал уыдис, – амард,
Æздæнонæг хицау куы ссис.
Фæзындис ын диссаджы фадат,
Ныккæна йæ «уазджыты» цъист.
 
 
«Гуырдзыстон æрмæстдæр гуырдзыйæн!
Цæй уазæг! Нæ адæм – æддæ!
Ныууадзæнт нæ, кæннод хъыцъытæй
Ныуаздзысты махмæ дæттæ!»
 
 
Уыдис нын гуырдзиаг хæлæрттæ…
Ныр зонæм, – тыххæй нæ быхстой.
Сæ калакмæ снадтой фæндæгтæ
Æмбырдтæм…
Цæстæй нæ æхстой!
Сæ фæтæг сæ бандзæрста Ирыл,
Сæ сæрмæ нæ нал хастой ныр.
Æрбайрох сæ хорздзинад иууыл…
Сæрыстыр, нæ сæм уыди сдзырд.
 
 
Дæлфадихсыд фесты дыууæрдæм,
Æвзæгтæ ́мæ базыртæ – даргъ!
Сæхимидæг фесты дыууæ ́рдæг,
Хæдбарæй æвзæрстой сæ уаргъ.
 
 
Сæ ахстоны иу цау нæ уагътой,
Кæм-иу ныл нæ калдтой сæ сæт.
Нæ ныхмæ уынаффæтæ хастой,
Нæ фæтæрын Ирæй – сæ мæт.
 
 
Ирыстонмæ сау марг æрхастой…
Нæ царм нын æстъыгътой æргом.
Нæ тыхтæ нын аууонмæ ссадтой.
Гъе, уый дын æмкусæг нæртон!
 
 
Дзæвгар рæстæг немæ фæкуыстой,
Лæггадæй нæ уыдысты цух.
Цæстмæ митæ кодтой, ныхъхъуыстой.
Ныр абон нылхъывтой нæ хурх.
 
 
Куы нæ ́ххæссы алкæуыл хур дæр,
Цы ма кæнæм йеныр мæсты.
Ныр нал хъæуы катай мах мур дæр,
Нæ лæггад нæ фæцыд бæсты.
 
 
Æндзыг сæ ныккодта нæрæмон,
Йæ хъал зæрдæ агуырдта хæст.
Раст афтæ лæсæгой æнæном
Нындзыг кæны цæстытæй хæфс!
                     * * *
 
 
Дзæнæттаг æмкусæг мыггагмæ
Мæ хъуыдыйы рухсæй цæрдзæн.
Æррынчын тыхст дуджы, хъыгагæн,
Æндæвта йыл уавæр…
Мæлдзæн.
«Йæ зонадон куысты нæ Ирыл
Ныффыста,
фæцис æй къæпхæн!
Куыннæ худы абон йæхиуыл,
Цы цæсгомæй дзуры, сæрхъæн!
 
 
Куырыхон уæздан лæджы рухс ном
Ныррох кодта…
Уый фæрцы ́слæг!
Гуырдзыстон куы сæмтъеры абон,
Æбузн уæд уый разынд æцæг!
 
 
Ныр нал зоны Ирæн йæ Хуссар
«Йæ зæххæй» йын байстой тыхæй!
Æнæфсармы ахæссæд хуысар,
Кæд ын Ир нæ баззад фыдæй.
 
 
Хъæстæйæдзаг митъингты ́взиды,
Чъыребамæ балцы тырны.
Фæтæрынмæ ирæтты сиды,
Зыд сырдау сæ бодзæн хъырны!»
 
 
Нæ раздæры ́мкусджытæй иуыл
Æмбаргæ сылгоймаг дзырдта….
Лæг не ́ууæнды абон йæхиуыл, —
Фæлитой нæ Ирыл фыста!
 
 
Уый иунæг кæм уыдис. Хæлæрттæй
Нæ фестадис цъус, миййаг, знаг.
Цæсгомæй ныр домынц хæдзæрттæ,
Ысластой та сайæн æвзаг.
 
 
                     * * *
 
 
Ысисты ныр «лигъдæттæ»! ́Рвитынц
«Дзæнæтæй» Цхинвалмæ «салам!»
Ныры онг кæйæдæр къуымты хитынц,
Ыскодтой нæ дунейæн «мамм»!
 
 
Кæцы сæ фæтардта нæ бæстæй?
Зæгъæнт ма йæ ́ргомæй, зæгъæнт.
Лыгъдысты…
О, зонынц, кæй тасæй…
Хуыцау сын тæрхонгæнæг уæд!
 
 
Нæ фæлыгъдис алчи, мах зонæм.
Нæ уыдысты се ́ппæт «тæрсаг».
Ам чи баззад немæ, уый хонæм
Мах не ́фсымæр. Нæу нын хъæстаг.
 
 
Дыууæ мины баззад гуырдзыйæ
Фыдзаманы немæ цæргæ.
Куыд сæм кæсæм йеныр хъуынтызæй…
Фæндыд сæ сабырад, бæргæ.
 
 
Цæсгомджынæй дохтыртæ цалдæр
Хæстæфхæрдтæн кодтой лæггад.
Нæ уыдис хуымæтæг сæ уавæр,
Нæ цæсты раз рæзти сæ кад.
 
 
Нæ цины, нæ хъыджы – æгъдауджын,
Æфсымæртау немæ цæрынц.
«Ысуыдзæнис Ир дæр бæркадджын»,
Цæстуарзонæй арæх зæгъынц.
                     * * *
 
 
Фæндзай мины «уаритæ» ́ртахти,
«Хæларады ́мбырдмæ» – цæттæ.
Сæ фæтæг æрцахста йæ тъахтъи,
Æуырдыгæй цагъта сæнттæ:
 
 
«Æрмæстдæр гуырдзыйæн Гуырдзыстон!
Нæ уазджытæн фаг у, цæуæнт!
Нæхи фаг нæ кæны нæ исбон,
Фæцæуæнт, сæ зæххыл цæрæнт!
 
 
О, басудздзæн уыдон мæ азар,
Æнхъæлмæ сæм уисой кæсы!»
Зындгонд у, – нæ донбыл йæ хæдзар,
Нырма дæр йæ фæстæ кæуы.
 
 
«Æрцæуæг тæппудтæ мын хицау
Ыскодтой нæ зæххыл сæхи.
Нæй ́рхæссæн мæ хъуыдытæм иу фау,
Кæрон сын ыскæнæм! Фæци!»
 
 
Йæ карз ныхас загъта, фæрастис
Лæбурæг Цхинвалмæ цæхгæр.
Ыскæнæгæй мисхал нæ тарстис,
Кæм хуыдта йæ миты æвзæр!
 
 
                     * * *
 
 
Æназым уæрыччыты дзугтæ
Цхинвалмæ сæ хицау кæны.
О, не сты фæндзай минæй цухдæр.
Гæппæввонг… Цы маст нæм кæсы?.
 
 
Фæндаграст сæ кодтой зæрдыйæ…
Илиайы сыгъдæг уд ыстыхст:
«Кæд амара исчи гуырдзыйæ,
Мыггагмæ фæуæт уæд æлгъыст!
 
 
Дзыуæрттæ æфтыдта йæ фырттыл:
«Фæут мын фыдбылызæй хызт!»
Æнхъæл дæр нæ уыдис йæ фынты,
Кæй фæуыдзæн а стæр æлгъыст!
 
 
Кæм ма кæнынц диссагыл дис дæр!
Нæ къуыммæ цæгъдынмæ бырстой.
Сæ разæй – паддзахады хистæр…
Цæйдæр усы ном æм дзырдтой.
 
 
                     * * *
 
 
Икъарустæ – дуне! Фыдуæргътæ.
Тырныдтой Цхинвалмæ æмвæнд.
Раст афтæ ныххал вæййынц мæргътæ,
Куы фæтæхынц хъарм бæстæм, уæд!
 
 
Лæгау-лæджы йеуæд æвæрдтой, —
Æнувыд фырт Ирæн, æрдаг!
Мæнгард митæ зонады ́ндæвтой
Хæдæфсæрм, зæнджын лæгыл фаг.
 
 
Сыгъдæг уд нывондæн æрхаста
Нæ бæстæйы кадæн нæртон.
Нæ ивгъуыдыл раст ныхас загъта,
Сæ удхæссæг фестад йæ ном.
 
 
Фæндаграст, куырыхон, уæздан лæг,
Нæ Ирæн дæ лæггад – хæлар.
Кæм цардтæ, уыдис уым дзæвгар мæнг,
Дæ уды фарн баззад хæдбар.
 
 
Фæраст и дæ рухс уд дзæнæтмæ,
Цæвиттойнаг махæн – дæ ном.
Фæлвæрттой дæу царды цæвæнтæ,
Æнæцудгæ баззад дæ мон.
 
 
Æризæр, фæстæмæ цыдысты
Мæрддзыгойы адæм…
Æнкъард.
Æрбырсджыты къухты зындысты
Лæдзгуытæ æд зæгæлтæ даргъ.
 
 
                     * * *
 
 
Сæ аргъуан йæ дуджы Сосланы
Гуырдзыстонæй фервыста дард.
Дзуархæссæг балцты фæлвары
Алайнаг бæгъатыр йæ кард.
 
 
Æддæмæ йæ ́ргомæй ысхуыстой,
Æрхæсс, зæгъ, Чырыстийы дзуар.
Йæ фæстæ æлхæд лæгты ́рвыстой…
Мыййаг сын куы нæ уыд бындар.
 
 
Æмсæр ын нæ уыдис æхсары!
Æрыздæхт хæстæсгуыхт, фæллад.
Лæууыдис егъау хæс йæ разы,
Æххæстгонд æрцыдис æд кад.
 
 
Ныййихсыди тугуарæн хæсты,
Æрхаста сыгъдæг Дзуары хай.
Æлдариуæг кодтой йæ бæсты,
Мæгуырæг, Цæразонты стай!
 
 
Йæ фæрцы ам сфидар паддзахад,
Ныфс дæр сæм уæд нал хаста ́знаг.
Æдас цард ныр кодтой, парахат…
Ыссардтой фæллой дæр сæ фаг.
 
 
Æвзонгæй ныууагъта йæ уæзæг,
Æсирвæрзт ыл уарзты цъæх арт.
Йæ мыггаг нæ хастой йæ зæнæг…
Йæ нæртон уд кодта цъæхахст.
 
 
Йæ каисты сæрыл нывондæн
Æрхаста алантæй дзæвгар.
Ныр абон цæрæм мах «æввонгæй»…
Сæхи нын ыскодтой æлдар.
 
 
                     * * *
 
 
Æнæхонгæ уазджытæ… Марæг
Ноябыры махмæ æрцыд.
Нæ горæтмæ бахизæн – нарæг,
Æхсарджын ныхмæлæууæн уыд.
 
 
Хъылмайæ хæбатыр фæсивæд
Тырныдта нæ артмæ тæрных.
Бардз уæлмæрдты сæрмæ æрривæд,
Æндон риуыл сæмбæлд сæ ных.
 
 
Чысыл къорд – аланты фæдонтæ,
Сæ цæнгтæй æрбыдтой рæхыс.
Уас бастъæлæнт знагæн йæ бонтæ,
Нæ кæстæрты бахъуыд æххуыс.
 
 
Нæ тагъд кодтой махмæ æххусмæ:
Куы нæ стæм Кувейтау хъæзныг —
Лыстæг æхца Цæдисы бодзтæн…
Нæ хъысмæтæй хъазынц фæрныг.
 
 
                     * * *
 
 
Нындзыг ис æрдз. Уæлдæф – æнæзмæлд.
Нæ алыварс дуне – ныммыр…
Стæй иу гуыпп ныккодта ́мæ айзæлд
Нæ горæты сæрмæ гуыр-гуыр.
 
 
Æнхъæлдтон æз: зæхх та æнкъуысы,
Фыдгæнæг куы ́рбалæууыд, уæд.
У диссаг, нырма дæр – мæ хъусты,
Уæдыккон хъæлæбайы фæд.
 
 
Мæ цæстытыл уайы, – лыгъдысты
Нæ Лæппутæ хæрды æвзыгъд.
Хъæбатыр зæрдæтæ сыгъдысты,
Лæгдзинады пиллон ыссыгъд!
 
 
                     * * *
 
 
Æрцыди равг иу ахæм царды, —
Хæдтулгæйы фелвæста мад…
Дон калдис, мæгуырæг, йæ артыл, —
Йæ саби цæлхыты бын бадт…
 
 
Нæ паркæн йæ алварс – æфсæн кау,
Фæкæнын æз абон дæр дис…
Куы ́рбырста нæ бæстæм хæтæндзау,
Нæ Лæппутæ ́рбайхæлдтой сис.
 
 
Фыццаг ныхдур – знагæн. Нæ зыдтой,
Хъысмæтæй кæй уыдысты ́взæрст.
Æфсæйнаг кау къухтæй рæдывтой…
Æндонæй Батырадзау сæрст!
 
 
«О, ма фæрæдиут!» – фæдзæхстой
Нæ хистæртæ Лæппуты уæд.
Тыхгæнджытæ а дзырд æнхъæлдтой
Æнахуыр хæцæнгарз ызнæт.
 
 
                     * * *
 
 
Ныккодта нæ горæт æмызмæлд,
Ысхъомпал ис дуне бынтон.
Нæ фæсивæд ́рлæууыд хæдуæлвæд
Æрбырсджыты ныхмæ хæстхъом.
 
 
«Афгайнаг» æвзонг лæппу бавзæр,
Уый не ́мбæрста, чемæ хæца.
Æфсымæр кæй хуыдтам мах раздæр,
Ныр уымæй фыдракæнд хъæца?
 
 
Мæнг ныхас «æфсæрмы» – нæ марæг!
Цæвиттонæн, уазæг æрцыд.
Сæдæйæ фæивæм нæ «зарæг»,
Куы не ́мбара уазæг нæ дзырд.
 
 
Цæрæнбонты ́фсæрмы кæйдæр раз,
Хи хатыди не ́рдхорд – æхсин.
Йæ ахаст уыд махмæ хæйрæгдзаст…
Æртæфстис ныл абон йæ хин.
 
 
Бынæттон гуырдзийæгты иу хай
Æрбырсджытæм скъæфта хуынтæ.
Сæ бæллиц – нæ Иры суой хицау,
Нæ баззад æнæ зынд æддæ.
 
 
Куыд фæрæзтой уал азы немæ,
Фыдзæрдæ сæ тары – æмбæхст?
Сæ бакаст – зæрдæхæлар, фенæг….
Сæ мидис – пæлæзæй æмбæрзт.
 
 
Нæ горæты равæрд у диссаг, —
Раст армы тъæпæнау у гом.
Рæхуыстой фæйнæрдыгæй риссаг,
Нæ сафджытæ калдтой сæ бон!
 
 
Дыууæ ́хсæвы Згъудерæй ниудтой,
Дзырдтой нæм æнахуыр нæмттæй.
Дыууæ ́хсæвы судзинтæй схъиудтой,
Стæй аздæхти се ́рдæг къæдзæй;
 
 
Уæд се ́мтугон адæммæ хъæуты
Сæ иннæ хай ́ркодта бынат.
Бырыдысты ́уырдыгæй хъæдты,
Нæ хъæуты фос кодтой тæлæт!
                     * * *
 
 
Цыфæнды хъæддаг сырдтæй карздæр
У царды ыссонт уæвгæ лæг!
Уыд Присы цау ́нкъардæй æнкъарддæр,
Ысуыдзæн хъуыдыты æрмæг:
 
 
Уæд тугамæхст авдæн ыскъæфтой,
Сæ горæтты алы къуымты.
Ызнæт куырау адæмы змæстой,
Сæ митыл нæ кодтой хъуыды.
 
 
Цæгъдынц, дам, нæ авдæнмæ знæгтæ.
Сæ ном ныл нындæгътой – лæгмар!
Æбуалгъ ми нæ уромы зæд дæр…
Милуантæ, цæсгомæй хæдбар!
 
 
Кæцæй зыдта алчи, фыдмарæг
Сæхицæй у!
Удсахъат сырд!
Кæнæ уæд, куыд ыссис фыд – марæг
Йæ дзидзидай сабийы ныр?
 
 
Ирон усмæ систа хæцæнгарз, —
Йæ сабийы мадмæ рæвдзæй.
Фæирвæзт ын…
Саби мæлæтдзаг,
Йæ чысыл уд бабын зæфцæй.
 
 
Дзæвгар цаутæ рабæрæг хæсты, —
Ирон ус йæ хъæбултæй —́схуыст.
Уый какосындз фестад сæ цæсты,
Сæ хæдзары уыд цыма ́ххуырст.
 
 
Ныййарæджы бафхæрд нæ бары
Фыдæлтæй фæстæмæ ирон.
Лæггад та йæ зæрдæйы дары,
Æнувыд у царды, æргом.
 
 
                     * * *
 
 
Нæ хъыг дарæм никæй бынтондæр.
Фæнды нæ хæларæй цæрын.
Нæ кæнæм дзыллæтæй æмбонд дæр,
Уæт алчидæр царды фæрныг!
 
 
Нæ зоны нæ дуне дзыллæтæ —
Дыууæ дзыллæ афтæ хæстæг, —
Куыд Ир æмæ Гуырдзы фыдæлтæй,
Ирон у сæ туджы æрдæг!
 
 
Алайнаг хæстæгдзинад уарзы.
Æнувыд – æрдхордыл æрдзæй.
Ныр рахис къух галиуы мары…
Æбуалгъ ми! Зæгъæн дæр ын нæй!
 
 
                     * * *
 
 
Цыппурсы та ́рбафсæрстой ногæй
Æд куыйтæ, хæстагур æмвæнд.
Æфсæдтæ сæ бауагътой рогæй, —
Мæскуыйæ сын бардзырд лæвæрд.
 
 
Мыййаг мын йæ хъæбул куы нæ уыд
Блокадон Цхинвалы тыхстæй…
Цæдисы сæргълæууæгæн нæ зынд,
Нæ уыдис нæ уавæр æмткæй.
 
 
Раст уыцы ́хсæв Лæппутæ иу хатт
Сæ уæттыл æруагътой сæхи…
Цæй фынæй?
«Фæдис!» – хъæр æвирхъау,
Сæ фынæй сæ фарсæй фæци.
Уысмы бæрц лæууыдысты джихæй:
«Цæмæн æхсынц топпæй нæ фæд?
Кæд хъавынц фæцæгъдын мах хинæй,
Уæд зонæнт, – сæ бæллиц фæмæнг!»
 
 
Сылгоймæгтæй иутæ ныккуыдтой:
«Нæ сыхаг æгæр кæны, ́гæр!»
Æрбырсджытæ се ́ппæт нæ зыдтой
Цы уыдис сæ æрцыды сæр.
 
 
«Тæссаг у! Ис немæ лæгмартæ», —
Фæдзæхстой сæ иутæ тæрсгæ.
Сæ ахстытæй уагътой дзæвгæрттæ,
Гæрзифтонг сæ скодтой: «Хæцгæ!
 
 
Лæгмартæ, хъылмаджынтæ – разæй,
Сæ фæстæ – нæ «къудиджынтæ», —
Уæд лиддзысты фыццæгты тасæй,
Æмбæхсдзысты хохы хуынчъы!»
 
 
                     * * *
 
 
Æвзарæнтæм радтой хæцæнгарз:
«Ныр хъахъхъæнут, ацыт, уæ зæхх!»
Куы нæ мын уыдысты æнæлаз,
Уыдис сын хъæддаг сырды уæх.
 
 
Раст ахæмтыл скодтой пъагæттæ,
Сæрибарæй расыг æгæр!
Нæ зæххыл æвæрдтой закъæттæ,
Сæ къæхты бын не ́нкъардтой мæр.
 
 
Зыд сырдау нæ знæтæй рæхуыстой.
Нæмгуытæй ныл уагътой къæвда!
Нæ райгуырæн горæт рæмыгътой
Зындис-иу арв —́нæбын къæрта.
 
 
Кæй ахстой, уый мардтой фыдудæй…
Нæ урæдта зæрдæ сæ ард!
Фыдгул нæ ныгæдта цæрдудæй,
Æндзæрста ныл торнеты арт.
 
 
Уæд дыууынæм азты тырыса
Нæ цæсты раз худгæ тылдтой.
Нæ удты сыгъта – раст пысыра.
«Бæрæгбон» нæ фыдаз хуыдтой.
 
 
Джугъели æрыздæхт зындонæй, —
Сыгъд дыууынæм азты «хъайтар».
Сырдтæ нæм лæбурдтой сырддонæй,
Зонд фесæфтой, «рлæууыд мæйдар!
 
 
                     * * *
 
 
Ирон лæг, мæрдрох дыл ысхæцы,
Куы фæтæрыс де ́знаджы, уæд.
Дæ додой дæр бирæ нæ хæссы….
Кæд дын уыдзæн зондзонæн, кæд?
 
 
О, уыцы зынг азты фыдмитæ,
Куыд ныууагътай рохуаты, куыд?
Сæ сæртæ та сдардтой фыдзинтæ,
Кæнынц та кæйдæр зæххыл зыд.
 
 
Мæ хъуыдыйы ́мбисонд æрбынат,
Куырыхон æй загъта кæддæр:
«Дзыллæйы фæнды кæд сабырад,
Уæд хъуамæ уа хæстмæ цæттæ!»
 
 
                     * * *
 
 
Нæ Иры аивады уды
Фыдгæнæг æвæрдта фынгтæ.
Дыкъахыг цæрæгойтæ – худджын
Ныууагътой ам чъизи фæдтæ.
 
 
Мæгуырæг, нæ буц фыдæл, уастæн…
Ныппырх кодтой цыртæн йæ сæр!
Сæ поэтты хъаггæнæг карздæр
Къоста уыд, – сæрхъызой цæхæр!
 
 
«Гуырдзыстоны аивады музей», —
Театры дуарыл уыд фыст.
Цыдысты йæм уазджытæ дуне,
Сæ зæрдæ æбуалгъ митæй рыст.
 
 
Æгъуыссæг хæххон дон – æвдисæн,
Цыртытæ куыд цыдысты пырх.
Æппæрстой сæ донмæ нæ рисæн.
Æвзæрстой мæрдты дуртыл тых.
 
 
                     * * *
 
 
Хъайтарты уынг. Фехъуыст æхстытæ…
Фæткæвæрæг хорз лæг æрхауд…
Лæппутæ æрцахстой, æсхуыстой.
Сæ рауадзын домдта… Фæмард!
 
 
Æмбæлттимæ рудзынгæй кастæн,
Мæгуырæг, йæ туджы мæцыд.
Йæ марæджы баййафæт, уастæн,
Сæхи ́рвыст рæстдзæвин нæмыг!
 
 
Рæстаг лæг мæстыйæ тæссаг у.
Йæ бафхæрд нæ бары, йæ хъыг.
Дзырдтой-иу сæ бодзтæн: «Хъæстаг у
Сыхæгты ́хсæн бандзарын зынг!»
 
 
Нæ хъуыста сæ раздзогтæй иу дæр,.
Нæ бæстæй нæ кодтой зыгъгъуытт…
Мыстыл дæр куы фæлæууынц иугæр,
Уæд уый дæр фæкæны цъыззытт!
                     * * *
 
 
Фæстæдæр цæгъддзæнис йæ æрмттæ
Хæствæлтæрд уырыссаг булкълон:
«Хана вам, чысыл къорд ирæттæ!
– Кæуинаджы уавæр уыдтон, —
 
 
Æрбырсджытæ се ́ппæт – гæрзифтонг,
Бынæттонтæ – ́дзæттæ, æрхуым.
Сæ тызмæг цæстыты – фыст: «Фиддон!»
Цы уыдзæн?! Барц слæууыд мæ хъуын.
 
 
Цæстныкъуылд… Æмæвнæлд фæкодтой
Уæд Лæппутæ фистæг, лæгдых.
Хæддзуйы йæ хотыхæй хостой,
Æддæмæ йæ ́ппæрстой æмдых.
 
 
Ысхъомпал ис горæт… Лæбурæг
Уыдысты гæдыйæ, куыдзæй,
Чысылтæ дæр систы рæмудзæг,
Нæ тарстысты знаджы æхстæй.
 
 
Гæдытæ сæ куыйтыл æппæрстой,
Фæйнæрдыгæй ниуд, уæд цъæхахст.
Лыгъдысты, сæ зæвæттæ ́рттывдтой,
Фæстæмæ сæ иу дæр нæ каст!»
 
 
Изæрмæ сæ фехстой æддæмæ, —
Нæ горæты хаххæй дæрддзæф.
Сæ раздзог сæ тардта фæстæмæ…
Куы нæ уыд сæ фарсмæ хæцæг!
 
 
                     * * *
 
 
Нæ Царддæттæг Фæндаг – ныр арæзт.
Хъæу Зарæн йæ хъæдыл – нывæст.
Цхинвалæй тыхст адæмтæ араст
Уæд цардагур…
Фесты бынсæфт!
 
 
Фыдракæнд фыдракæнды ивта…
Ныр айзæлди Зары фехст дард.
Цæф сырдау лæджы зæрдæ ниудта,
Æртын æмæ ́хсæзæй – фыдмард!
 
 
Тыхст дуджы-иу фестад нæ фарсмæ
Таболты уæздан чындз, нæ хо.
Ныв систа – фыдмитæн сæ карздæр,
Ныр айхъуыст – цæгъды нæ лæгхор.
 
 
Туг кодта лæсæнтæ…
Цард аскъуыд!
Сылгоймæгтæ, зæрæдтæ – цагъд!
Уый хотыхджын Дракула басгуыхт, —
Ныссагъта нæ фæсонты кард.
 
 
Лæгау мын куы нæ ́рлæууынц тохы,
Цæсгомæздæхт знагмæ, æргом…
Ысуагъта «хæдбарад» сæ рохтæ,
Сур кодта нæ тугæй сæ ком.
 
 
Хуыцауы сконд не знаг дæр… Аргъуыд!
Зæрæдтыл, сывæллæттыл – тых…
Ныр скифты фæдоны сæр бахъуыд, —
Дæлвæндагмæ скодта йæ ных.
 
 
Дæсаздзыд йæхицæн нæ тарстис, —
Æндæртæм фæдзæхсæг лыгъдис.
Уысммæ йыл йæ дуне æртар ис, —
Лæгсырдты нæмыгæй сыгъдис…
 
 
Тæригъæдæй Зары хъæд – йедзаг.
Фæдисонтæ ́мбуйæ кæуынц…
Ныууагъта ам туджы зæй не знаг,
Æрдз ферхуым, нæ хæхтæ кæрзынц.
 
 
Цард иу у, Хуцауæй лæваргонд.
Кæмæн ис бар аскъуына цард?
Кæйдæр фæллой уарзæг, мæнгард зонд,
Фæлитой дæ ныхас, дæ ард!
 
 
Къæбысты Батрадзæн йæ марæг,
Хæсдзæнис лæгмары фыдуаргъ.
Ныййарæджы уал азы хъарæг
Кæндзæнис йæ цоты бындзагъд!
 
 
                     * * *
 
 
Ысног та фыдæвзарæн сонт дуг.
Нæ рохстдзинад – аххосджын уым.
Сæ зæрдыл та ́рлæууыд ирон туг..
Мæрдуарзтæй нын уарзтой нæ къуым.
 
 
О, тынг зынаргъ махæн ыслæууыд,
Сыхаджы уæдыккон ыссонт.
Фыдми йын æнæзынд куы нæ уыд…
Бырста нæм Жорданиайы цот!
 
 
Фыдæзнаг нæ тар кæмтты ахатт,
Йæ фарс уыд уæййаг лæг, æлхæд.
Нæ хъæутæн сæ фæрныг цард атахт,
Сæ цæрджытæ – мастæй æлгъæд.
 
 
.Мæнгард æмæ ́гъатыр у не знаг, —
Сыгъд хъæутæ сæдæйæ фылдæр!
Зæххы кæлæн, арвы хин – йе ́взаг…
Кæм сæтты йæ митыл фыдлæг?!.
 
 
Æнæ хæлц, æнæ рухс, æнæ суг
Фæрæзтам. Цы уыди нæ бон?
Фыдбылыз æрхаста хæццæ дуг,
Æнцойадæн загътам «хæрзбон!»
                     * * *
 
 
Æрытыдта сау дуг йæ пæлæз,
Нæ Ирыл хъызт зымæджы ́васт.
Уæззау катай сæхгæдта хъæлæс,
Ныццæнд ис нæ зæрдæты маст.
 
 
Фæлыгъдис нæ хуыссæг æхсæвты, —
Нæ хуыздæртæ бонгай – æддæ.
Нæ зæрдæты тугдзæссыг згъæлыд,
Уыдыстæм æппæтмæ цæттæ!
 
 
Æрбацъæх-иу бон æмæ адæм
Кæрæдзимæ ́рлæууынц хæстæг.
Фыдæхсæв та, оххай, кæй мадæн
Фæуыдзæни сау уац хæссæг.
 
 
Фыдхабар тæхгæ кæны, уадау.
Æрхæндæгæй адæм лæууынц.
Кæй зæрдæ та скъахдзæнис фатау…
Мæстæлгъæдæй адæм кæрзынц.
 
 
– Цæй диссаг дæ, удгоймаг, уастæн!
Нæ цæссыг– иу кодта гæр-гæр.
Æнæбын цъай – цæссыгдон, – кастæн,
Сур кодта, мæ дисæн, уæддæр.
 
 
Иронвæндаг хъуыстис æрвылбон
Нæ горæты алы къуымтæй.
Ныррæсыд лæджы уд гуыппæввонг,
Раст саувадыг арвыл дымстæй.
 
 
Куы ́рцæуы цæхгæр æвæрд фарста,
Цæра æви ма уа нæ цот,
Фæхатæм уæд дадзинты растад,
Фæзынынц фыдæлты фарн, зонд!
                     * * *
 
 
Æстæмтæн и царды фыдкурдиат —
Пырх кæнын …Неронæн æмбал!
Сæ сау митæ свæййынц хъуыдиаг,
Куы ацæуы ацы мæйдар.
 
 
Хæццæ рæстæг – йедзаг фыдцаутæй,
Хæцæнгарз дæм ис, ды – æлдар!
Дыкъахыг æздæнонæг даутæй
Æндзæрста фыдæхы цъæх арт!
 
 
                     * * *
 
 
– Æгас дуне уарзæг, зæнджын лæг,
Кæй хъуыды уыд дардыл, бæрзонд,
Зæрдæскъуыд æрбацис, мæгуырæг,
Куы фехъуыста, чи ́сси сæ бодз!
 
 
Ис се ́хсæн æмбаргæтæ бирæ,
Фыр-тасæй нырруади сæ уд.
Цы бар дардтой уыдон нæ Ирмæ?
Нæ сæм каст сæ архайд рæсугъд.
 
 
Фæтых ис æвзæрдзинад хорзыл,
Рæстаг адæм уым дæр – æфхæрд.
Нымадтой сæм ахæмты рохстыл.
Сæ дзурæнтæ тасæй æхгæд.
 
 
Куырыхонтæм кодтой æртхъирæн, —
Зæгъут, дам, уæ ахаст æргом
Нæ уазджытæм! Кæннод уæхи дæр
Нæ быхсдзыстæм…
Гомыг æргъом!
Хъуыдыгæнæг нал уыд рæстадыл.
Кæй хъæуыс? Кæмæ кæныс хъаст?
Кæм ма уыд паддзахад йæ уагыл!
Лыгъдысты фæйнæрдæм æд маст.
 
 
Йæ хорз цардæй чи лидзы дардмæ,
Фыдыбæстæ чи уадзы рог?
Рæстаг удæн истой йæ бартæ…
Сабыр цард пырхгæнджыты ́рдонг!
 
 
Сæ ахуыртæй зонæм лæггæдтæ.
Нæ кодтой нæ Иримæ тох.
Нæ ивгъуыды, ́взаджы хæлæрттæ…
Нæ уыдзысты кæстæртæй рох.
 
 
                     * * *
 
 
Фыдмитæ фæкодта «зæххуарзæг»,
Ыссардта дзыллæйы фыдæх.
Æрдхорды ысхуыдта сæ «уазæг»,
Йæ фæллой йын иста, йæ зæхх.
 
 
Гуырдзыстоны схъиуæццаг адæм —
Ирон адæм! Гудзарет – давд…
Дзадджын фынгтæ ́вæрдтой сæ кадæн,
Сæ къуымæй æрцыдысты тард!
 
 
Сæ мыггæгтæ ивтой сæдæгай, —
Кæй фæнды æдзæм мард фæуын.
Ысбирæ нæ сыхаг сындæггай…
Пайда сæ кæндзæнис зæнджын.
 
 
Ызнæгты ́хсæн чи цард зын дуджы,
Гъе, уыдон мæгуырдæр, тыхстдæр.
Цы фæллой ыскодтой сæ тугæй,
Уый фесæфт! Цы ма уа фыддæр?
 
 
                     * * *
 
 
Нæ сафæг фыдмитæй – цытæнхъæл…
Æрцæттæ нын кодта зындон.
Æрбацис ызмæнтæг фыдæнхъæл,
Ызнæтæй ныккалдта йæ бон.
 
 
Гъе, афтæ ыссардта йæ кæрон
Сабырад пырхгæнæг фыдзин…
Йæ раивæг кодта сæ кæнон, —
Дзæгъæлы йыл бакодтам цин.
 
 
Фæкарздæр ис йе ́рцыдæй уавæр, —
Ыздыйæ ныл рауагътой зæй.
Пырхгæнæг, – нæ Цæдисы сафæг…
Ныккодта йæ урс рувас уæй!
 
 
Æмзæндтимæ сæххæст йæ нысан.
Ызмæст бæсты хицау ыссис.
Мæлгъæвзаг уæларвон, зæдыстæн!
Æнæлаз цæстæнгасы – дис.
 
 
Цы адæймаг иу хатт фæсайдта,
Фæсайдзæн æндæр хатт фыддæр!
Мæлгъæвзаг йæ бартæ куы райста,
Нæрæмонæй разынд зыддæр.
 
 
                     * * *
 
 
Рæстæгмæ мах ферох бæрæгбон, —
Ныхæстæй йын ардтам йæ ном.
Уас бабын уа, змæнтæг – хæстæргом,
Хæрамы ныссыса йæ бон!
 
 
Ысгуыхт дæр нæ ардта уæлмæрды
Йæ фæстаг æнусон бынат, —
Æрбадтысты Згъудеры хæрды,
Нæмгуытæй ныл уагътой зынг уад.
 
 
Нæ фæндзæм ыскъолайы кæрты
Фæйнæрдæм фæцыди уæлмæрд.
Æнусмæ æрвыстой æмгæртты
Нæ Лæппутæ….
Сау дугæй ́фхæрд.
 
 
                     * * *
 
 
Фыдгултæ сæ кæрæдзи ивтой,
Нæ сабитæн нал уыд æдас.
Æхстытæм фынæйæ ысхъиудтой,
Фыдбылыз нæ Соммæ ныккаст.
 
 
Куы ныууадзæм сабиты хæсты,
Фæуыдзыстæм йеуæд æвæд
Цæгатмæ сæ кодтам уæд хæхтыл,
Бæрзонд миты айгæрстам фæд.
 
 
Сты митджын зымæджы нæ хæхтæ,
Æдас нæу сæ бынты цæуын.
Куы иу фæцыд – «гъæйтт!», уæд æд
бæхтæ
Тындзыдтам Цæгатмæ… Æрхуым.
 
 
Зымæг нæм – æвæндаг. Нæ фæндаг
У мит æмæ знæгтæй æхгæд.
Мах, сабийау, рагæй – æууæндаг,
Ныр миты цыдыстæм ныгæд.
 
 
Тызмæг æрдз ныл разылдис хинæй, —
Цыдысты фæд-фæдыл зæйтæ.
Фыдгултæ уæд мардысты цинæй,
Æркасти сыл хуртæ – мæйтæ.
 
 
Куырой ма нæ сæрыл нæ разылд,
Зæххæнкъуыст уæд, донивылд хæст!
Нæ адæм æндонæй сæрст разынд,
Зыдта махæй алчи йæ хæс.
 
 
Тæрсгæ та куыд нæ кодтой адæм, —
Уый зондцух нæ кæны тæрсгæ.
Нæ ныфс мах æнцонæй нæ сафæм,
Йæ фæрцы кæнæм мах цæргæ.
 
 
Æврæгътæ мæ сæрмæ, æврæгътæ.
Сæ фæстæ æнкъардæй кæсын.
Нæ хæхтæ нæ урсзачъе хæхтæ,
Лæгмар уæ зымæджы уынын;
 
 
Нæртон гуырдтæй цалдæры ́рцахстой
Фыдзæйтæ. Уæт рухсаг сæ ном!
Хæсты уæз сæ уæхсджытыл хастой,
Ныууагътой нæ удты хъæдгом.
 
 
                     * * *
 
 
Ивгъуыд заман. Марынц сыхаджы,
Æрвиты хъæргæнæг «фæдис!»
Уæхски-уæхск куы тардтам ызнаджы,
Уæд-иу нын æфсымæр уыдис.
 
 
Нæ фыдæлты нымæц – милуантæ.
Уыдысты тызмæг æмæ ́ргом.
Сæрбæрзонд, хъæбатыр алантæ,
Раст арвы нæрд хæсты сæ ном;
 
 
Тызмæг денджыз сызнæт и уæртæ,
Фынк калы, гуылфгæнгæ….Сæнтцъæх.
Гъе, афтæ-иу скифты æфсæдтæн
Сæ бæхты бын змæлыди зæхх!
 
 
Нæ фыдæлтæ махæн – æнæмæт,
Цæлы фынгтæ уарзтой æдзух.
Æнæмæт – зындгонд у – æнæкæрт, —
Сæ зæхх дæр-иу уайтагъд фæцух.
 
 
Нæ фыдæл нæ тарстис мæлæтæй,
Кæйдæр сæрыл калдта йæ туг.
Куы-иу сæ ныццагътой сæдæтæй,
Нырхæндæг-иу йеуæд йæ дуг.
 
 
Нæ фыдæл нæ ныссагъта иу мих,
Кæм-иу цардис, уыцы зæххыл.
Тырныдта-иу дарддæр, раст сау мигъ,
Дзыназæм ныр хæхты фæхстыл.
 
 
Хъуына дæр нæ фæхæцы дурыл,
Куы нæ ́рлæууы тулынæй, уæд.
Нæ фыдæл æрзылдаид хурыл, —
Нæ кодта йæ фæдонтыл мæт!
 
 
О, иунæг хæст ахæм нæ уыдис,
Ирон туг кæм нæ калд дзæвгар.
Фæразон ирон лæг хъæцыдис…
Æхсар ын – Хуыцауы лæвар.
 
 
Хæдзар-иу нæ баззадис Иры,
Кæцæй-иу нæ бабын и лæг.
Фыддуг та ныл абон дæр ниуы, —
Нæ ныфс та куы разынди мæнг.
 
 
Нымадтой сæ уаз хæсыл адæм
Æрхæссын Фыдыбæстыл сæр.
Ды ратдзынæ цард дæр йæ кадæн,
Йæ цæрайæ фестдзæ цæхæр!
 
 
                     * * *
 
 
Нæ горæты ́хсæвты сыгъдысты
Уæд скифты æртытæ æдзух.
Æд къæбæр-иу уырдæм лыгъдыстæм,
Нæ хъаггæнæг ма уа хæрдцух.
 
 
Тыхст заманы свæййæм фæндвидар,
Фыдгулæн мæлæтдзаг дзæккор.
Алантæй нын баззад сæрибар.
Нæ йæ байсдзæн махæн лæгхор!
 
 
Цъыссымы ысвæййæм сыгъдæгдæр
Ыстырæй чысылæй – цæхæр!
Зынг иумиаг моны цыртдзæвæн,
Дæуæн нæй дунеты æмсæр!
 
 
Нæ Цæдисы къуымтæй Лæппутæ
Æрхæццæ сты ́ххуысмæ уайтагъд.
Нæ кæстæртæ радтой сæ удтæ,
Хъызт æхсæв сæм нал касти даргъ.
 
 
Дзыллæйы хуыздæртæ æрхæссынц
Нывондæн Фыдыбæстыл цард.
Сæ зæххыл æрхъæцмæ нæ хъæцынц, —
Ирыстоны хъаггæнæг уарт.
 
 
                     * * *
 
 
Гыццыл лæппу уайы мæ цæстыл,
Нæ йыл цыдис авд азы ́ххæст.
Цырыхъхъытæ ихсыд йæ къæхтыл,
Йæ цæстытæ худæй æмбæхст.
 
 
Æвæццæгæн, фыды уыд худ дæр, —
Хъуыдис ыл æдзух дæр хæцын.
Нæ йæ дардта ницæмæ мур дæр,
Фæндыд æй лæджы ном хæссын.
 
 
Къæбыла йæ фарсмæ ызгъордта,
Зæрондау йæ къухы – лæдзæг.
Хæстон уавæр сабийæ домдта:
«Лæуу, хистæр Лæппутæм хæстæг!»
 
 
«Кæдæм у дæ фæндаг, мæ зæрдæ?»
Ысхæцыд йæ худыл хæрдмæ.
Дыууæ цъæх ыстъалыйы уæртæ,
Куырыхон каст кодтой мæнмæ.
 
 
Йæ сатæг цæстыты уыд фарста:
«Цытæ дзуры ацы ус ныр?»
Æнæдзуапп мæ фарста ныууагъта,
Лæууыдис уысмы бæрц æмыр….
 
 
Фæцамыдта бæрзæндмæ къухæй,
Æрхауди та цæстытыл худ.
Кæм зындысты Лæппутæ къохæй,
Цыд уырдæм чысыл зæды уд!
 
 
                     * * *
 
 
Нæ дохтыртæй чи уыд Цхинвалы,
Цæрат нын уæнгрогæй, рæсугъд.
Адзалы нæ уагътат æвналын
Нæ цæфтæм. Сæ уæлхъус – æдзух.
 
 
Хос кодтой нæ хирургтæ цæфтæн —
Цырæгътæм! Кæцæй истой тых?
Фæллад дæр нæ зындис сæ цæсты.
Бæрзонд рухс сæ зæрдæты сыгъд!
 
 
Цы фæрæзта ́ххуысы хæдтулгæ!
Æнæрынцой, удаист – дугъ!
Хъайтартæ, ай-айдæр, хъайтартæ —
Нæ дохтыртæ. Арæзтой къух.
 
 
Уай фидар, нæ дзулфыцæн уагдон!
Цæсгомджынæй кодтой сæ куыст.
Сæ бæллицц уыд – дзултæ ысфаг уой.
Сæ лæггад нæ зæрдæты – фыст.
 
 
Нæ Иры сылгоймæгты дисæн
Фæхастой нæ уазджытæ дард.
Ысбарæн нæ уыдис сæ рисæн,
Тыхст дуджы – лæджы ́мсæр, æрдаг;
 
 
Æхсæвæй-иу бонмæ – æгъуыссæг…
Сæ хъæбултæ иууыл – æддæ.
Ысбон ис – тындзыдтой-иу куыстмæ
Улæфтгъуыз… Æххуысмæ – цæттæ!
 
 
                     * * *
 
 
Æрвыстам мах бонтæ нæмыгдзæф,
Нæ тухитæ хастам зынтæй.
Нæ уагътам фыдæлты фæрныг зæхх,
Нæ цардыстæм йеуæд фынтæй.
 
 
Хъызт зымæджы раивы уалдзæг,
Фыдæхсæвы раивы бон.
Ыскæнæм нæ тухитæй хатдзæг,
Нæ кæндзыстæм йеуæд фæсмон.
 
 
Нæ зыдта хъæбулы уæздан ад,
Нæ банкъардта уарзты кæлæн
Нæ Лæппуты иу хай. Хæларад
Сæ дин уыд!
Куыд сын уыд мæлæн?!
 
 
Нæ фæсивæд хаста фыддуджы
Æвæлтæрд уæхсджытыл зынг уаргъ.
Хъару ис фыдæлтæй йæ туджы.
Æдас цард нын слæууыд зынаргъ!
 
 
Æнæмсæр хæст рамбылдтой кадæй
Нæ Лæппутæ…
́Вдисæн уыд хæст.
Дзæвгар сæ уæд ацыди цардæй.
Æрцæуæд сæ рухс фæндтæ ́ххæст!
 
 
Ивгъуыды ныууадзæм нæ цæссыг.
Фæрныг зæххæй скæнæм дзæнæт!
Уæд фидар лæудзæнис нæ Мæсыг,
Знаг ардзæн йæ быны мæлæт.
 
 
Ирыстоны ́хсарджын хъæбултæ,
Æнувыд сæрхъызой бæстæн,
Таг тулдзвидар уадзут, мæ хуртæ,
Ут рухсзонд нæ Иры хæрзæн!
 

Страницы книги >> Предыдущая | 1 2
  • 0 Оценок: 0

Правообладателям!

Это произведение, предположительно, находится в статусе 'public domain'. Если это не так и размещение материала нарушает чьи-либо права, то сообщите нам об этом.


Популярные книги за неделю


Рекомендации