Электронная библиотека » Коста Хетагуров » » онлайн чтение - страница 1

Текст книги "Ирон фæндыр"


  • Текст добавлен: 14 сентября 2016, 18:30


Автор книги: Коста Хетагуров


Жанр: Литература 19 века, Классика


Возрастные ограничения: +12

сообщить о неприемлемом содержимом

Текущая страница: 1 (всего у книги 2 страниц) [доступный отрывок для чтения: 1 страниц]

Шрифт:
- 100% +

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста
ИРОН ФÆНДЫР

Ныстуан

 
Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, —
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зарæд йæхи фæндиаг!..
 
 
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…
 

Сагъæс

 
Мæ удылхæцæг
Æнæ æнцой уа,
Мæ мады зæнæг
Мæ мардыл кæуа!
 
 
Куыд зæхмæдзыд дæн,
Куыд фыдуаг хæссын, —
Мæ фыдæн фыртæн
Цæуылнæ бæззын?
 
 
Хъæубæстæй – хъоды,
Æмгартимæ – сырд,
Ныхасы – гоби, —
Нæ мæ хауы дзырд.
 
 
Мæ зонд, мæ фæндыл
Нæ лæууы кæстæр,
Кæстæр мæ фæдыл
Нæ цæуы хæстмæ.
 
 
Бæсты сæрвæлтау
Нæ кæлы мæ туг;
Хæссын, къæлæтау,
Цагъайраджы дуг!..
 

Ныфс

 
Тызмæгæй мæм ма кæс,
Мæ фыды зæронд,
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!
 
 
Йæ фыды фæндиаг
Кæм вæййы фырт дæр? —
Лæппуйæ рæдиаг
Нæ вæййы æвзæр!
 
 
Дæ номыл, дæ кадыл
Нæ барын мæхи, —
Ныууадз мæ мæ адыл, —
Фæндон хорз кæм и?!.
 
 
Æз топпæй нæ хъазын,
Æз барæг нæ дæн;
Æхсаргард æсласын
Мæ бон нæу мæнæн…
 
 
Фæхудæнт мыл хъалтæ,
Ды се 'мбал нæ дæ!
Мæ гутон, мæ галтæ —
Мæнæн дæр цæттæ!
 
 
Мæ гутон, мæ галтæ —
Мæ фæндыр, мæ зонд;
Мæ кадæг, мæ зарæг —
Мæ цард хоры конд.
 
 
Нæ дзыллæйы зæрдæ —
Мæ хуымгæнды хай;
Нæ бæсты сагъæстæ —
Мæ фæззыгон най…
 
 
Дзаг хорæй мæ хордон,
Бæркадджын мæ зæхх,
Хæдтулгæ мæ уæрдон,
Мæ фæндаг уæрæх…
 
 
Мæгуырæй мын ма тæрс,
Мæ фыды зæронд, —
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!..
 

Гъæй, джиди!

 
 Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, —
   Бар ма йын радт!..
Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды
   Иуæй-иу хатт.
 
 
– Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, —
   Искуы æздæр
Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн
   Кад æмæ сæр!
 
 
Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид
   Искæй зынад,
Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид
   Уарзондзинад!..
 

Азар!

 
 Æз дæ зарынмæ куы хъусын,
Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,
   О, мæ хуры хай, —
   Азар-ма, чызгай!..
 
 
Мах бар нал æсты нæ сæртæ…
Азар, цалынмæ дæ зæрдæ
   Не ссау фырмæстæй,
   Адæмы мæтæй!..
 
 
Адæмæн зæхх у сæ дарæг…
Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг, —
   «О, мæ бон, – иу зæгъ, —
   Байстой нын нæ зæхх!..»
 
 
Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын..
Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!..
   Ма фæлидз тæргай,
   О, мæхурыхай!..
 

Фесæф!

 
Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме 'намондимæ! —
 
 
Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууыддта
Маст – зæрдæхалæн,
Йæ тых басæтта!
 
 
Афæлывта мæ
Сауæрфыг рæсугъд…
О, мæ худинаг,
О, мæгуыр мæ уд!..
 
 
Дзырд Хуыцауы раз
Радта иннæмæн, —
Къухæй нал ласы
Ныр йæ къухдарæн…
 
 
Гъей, чызгай, цæмæн
Афæлывтай мæн?!.
Цæй, дæ Хуыцау дын
Уæд тæрхонгæнæг!..
 
 
Даргъ хæххон зымæг,
Уалдзыгон бонау,
Ныр æрымысын.
Æз, фынфенæгау…
 
 
Кæд кæрæдзийы
Фаг нæ рæвдыдтам?
Кæд кæрæдзийæн
Фаг нæ фæдзырдтам
 
 
Уарзон ныхæстæ,
Цард æнхъæлæджы?!..
Гъей, цы хъал уыддæн
Уыцы рæстæджы!..
 
 
Ныр дæу чи хæссы,
Уый йæ лæджыхъæд
Мемæ бавзарæд,
Кæд хуыздæр у, уæд!
 
 
Йе – йæ топпæй хъазт,
Йе – йæ бæхыл бадт,
Йе – йæ кæсгон кафт,
Йе – йæ цæгъдгæ зард!.
 
 
Дæу сырх дарийæ
Хорз æсфæлыста!
Дæу сызгъæрин рон
Нарæг балвæста!..
 
 
Риуы 'гънæджытæ
Хъазынц стъалытау…
Уæд дæ хæрдгæхыуд,
Уæд дæ алы 'гъдау!…
 
 
Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме 'намондимæ!
 
 
Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууылдта
Маст – зæрдæхалæн, —
Йæ тых басæтга!
 

Зонын

 
Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæмард,
«Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут,
Ницæмæн уал уыд дæ цард!»
 
 
Зонын, æргæвддзыстут исты, —
Мардыл ма чи дары ком? —
Алчи æфсæстæй мæ хисты
Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.
 
 
Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —
Ничи уал зондзæн мæ цырт.
 

Тæхуды

 
Тæхудиаг, буц хъæбулæй
Йæ уалдзæджы царды хурæй
Чи бафсæст йæ мады хъæбысы!
Тæхуды, æрæгвæззæджы,
Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджы
Йæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы!
 
 
Тæхуды, йæ фыды зæххыл,
Йæ уарзон æмгарты рæгъыл
Кæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг!
Тæхуды, йæ гутонимæ,
Хæрзифтонг бæхуæрдонимæ
Йæ бинонтæн чи у сæ дарæг!
 
 
Тæхуды, йæ дзыллæйы раз
Чи ракæны барджын ныхас,
Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..
 

Хæрзбон!

 
Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,
Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,
Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…
Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон!..
 
 
Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,
Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;
Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,
Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…
 
 
Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,
Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!
Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,
Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном…
 
 
Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл
Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, —
Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл —
Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, —
 
 
Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ
Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, —
Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,
Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…
 
 
Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, —
Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон
Уый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ..
Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..
 

Мæгуыры зарæг

 
Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ
Хъармæй, райдзастæй лæууынц,
Махæн та нæ сывæллæттæ
Уазал лæгæты кæуынц…
 
 
Адæмæн сæ чындзхонты хъазт
Хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы,
Махæн та нæ гæдыйы уаст
Мардыл кæуæгау хъуысы…
 
 
Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ
Царæй фæныкмæ тæдзынц,
Махмæ та хæлынбыттыртæ
Цары ахсдæттæ кæнынц…
 
 
Адæмæн сæ фæззæджы куыст
Не 'ссы афæдзмæ куырой,
Махæн та нæ афæдзы мызд —
'Гасæй иу хоры кæфой!..
 

Мæгуыры зардæ

 
Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —
Лæджы æмбæрц æруары мит;
Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;
Их доныл саразы йæ хид.
 
 
Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…
Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!
Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, —
Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!.
 
 
Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, —
Йæ сихор, йе хсæвæр – йæ мæт;
Иæ уат – ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн,
Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт…
 
 
Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй,
Йæ бон кæд арвиты зынтæй, —
Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй —
Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.
 

А-лол-лай!

 
Къух дæ ауызын фæразы…
Мæй дæ авдæнимæ хъазы.
   Стыр лæг мын ысуай!..
    А-лол-лай!..
 
 
Ракæндзынæн дын мæ зарæг…
Искуы кæд ысуис мæ дарæг,
   Урс уæрыкк дын уон!..
    О, мæ бон!..
 
 
Зындонæй фыддæр нæ цæрæн…
Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн
   Сау хæххон куыстæй…
    Ахуысс, цæй!..
 
 
Искуы мын куы схъомыл уаис,
Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,
   Бирæ мын цæрай!..
    А-лол-лай!..
 
 
Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ,
Къахис митбынæй мæхъитæ,
   Стонг æмæ сыдæй…
    Ахуысс, цæй!..
 
 
Сугтæ мын хæссис æргъомæй…
Бадзурин дæм уæд æргомæй:
   Мады зæрдæ зон,
    О, мæ бон!..
 
 
Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,
Ма цæ суæлдайкæ нæ фæстæ,
   Ма цæ бафæллай!..
    А-лол-лай!..
 

Марды уæлхъус

 
Фæндараст!.. Фервæзтæ нæ мæтæй —
Хуыцауы мацæмæй уал дом! —
Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй,
Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.
 
 
Лæппуйæ базæрондмæ царддæ
Мæстджынæй адæмы мæстæй;
Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæ
Хæларæй, уарзонæй, рæстæй…
 
 
Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ,
Фæцыддæ мæгуыртæн фыййау…
Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ,
Цæмæй дын раддзыстæм æгъдау?!.
 
 
Фыдæй фыртмæ нæ уд, нæ зæрдæ
Дæ рухсæн хъардзыстæм, бæргæ,
Фæлæ та сагъæссаг нæ сæртæ,
Дæ фæстæ чи баззад кæугæ!..
 

Ракæс!

 
Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,
Нæ зонын мæ мады рæвдыд,
Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.
Кæмдæрты æнæсæронæй,
Æдыхæй, æцæгæлонæй,
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…
 
 
Фæхæссон-ма, загътон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, —
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.
 
 
Æрцыддæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..
Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй
Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, —
Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..
 
 
Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,
Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,
Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —
Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй…
Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй
Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..
 

Æнæ хай

 
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
   Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстытысыгæй
   Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..
 
 
Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
   Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
   Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?
 
 
Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
   Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
   Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?
 
 
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
   Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй
   Æнæхай фæкодтонмæ мард!..
 

Æнæ фыййау

 
Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фосы фæд,
   Рындзыл нæ кæны фынæй…
Фесæфай, фесæфай, уастæн, нæ фæсивæд, —
   Иу бахъаггæнæг дæ нæй!
 
 
Тар хъæдмæ бацыддæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, —
   Стонг фосæй сонтдæр, зыддæр, —
Иугæйттæй агурыс фароны хæтæлтæ,
   Стонг фосау сæфыс ды дæр!..
 
 
Гъæй, джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид
   Иу сау къæдзæхы сæрæй!
Хорз фосы дзугау дæ иумæ куы равзарид
   Исчи йæ фарны хъæрæй!..
 

Салдат

 
Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд
   Чи халы барынвæндæй!..
О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, —
   Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..
 
 
Морæ фæсбынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ
   Нал ысрухскодтай, мæ мад! —
Исчи дæ фыртæн куы асæтта йе фсæртæ,
   Додой, куы райса йæ над!
 
 
«Стонгæй мæлын, гыцци!» – никæмæ бадзурдзæн, —
   Буц хæринагæн ын – кас…
Талынг къазармайы къуымы-иу батулдзæн,
   Сау хъæмп – йæ гобан, йæ баз…
 
 
Иртæст йæ дзыллæйæ, уайтагъддæр базондзæн
   Фидиссаг цардæн йæ ад;
Усгур лæппуйау дæ ницæуыл бадомдзæн, —
   Хорз уа, æвзæр уа – салдат!
 
 
Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, —
   Чи ма йын райсдзæн йæ туг?
Ракæн-иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы,
   Аргæвд-иу хистæн нæ хъуг!..
 
 
О, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон,
   Ма ку!.. Фæуыром дæхи!..
Фенæм уал… Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, —
   Чи мæ цы айса – йæхи!..
 

Додой

 
Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!
Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, —
Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..
 
 
Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,
Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,
Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,
Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..
 
 
Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,
Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,
Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,
Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц…
 
 
Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,
Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, —
Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,
Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..
 
 
Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, —
Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм…
Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, —
Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!
 

Катай

 
Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон!
Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?..
 
 
Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон,
Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх?
 
 
Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ айнæг къæдзæхæй,
Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын…
 
 
Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй,
Кæмдæриддæр дæ, – тагъд мæ хъæрмæ фæзын!..
 
 
Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, – куы бамбæхсай барæй,
Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!..
 
 
Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй,
Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд, ма, мæт?
 
 
Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæндонæй,
Æууæнккагæй радтай, рæстæнхъæл, дæ бар?..
 
 
Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,
Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..
 

Сидзæргæс

 
Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы…
Сау айнæджы рындзыл
Нарыхъæу хуыссы…
 
 
Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цардудæн хуыздæр…
Рухс цæуы кæронæй, —
Бадынц ма кæмдæр…
 
 
Иу зæронд ыскъæты, —
'Гас хъæуы уæлдай,
Аззади фæсфæды
Ацы бæстыхай, —
 
 
Ма дис кæ йæ бадтыл! —
Цуайнаджы уæлхъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.
 
 
Артдзæсты кæрæтты,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, —
Чи бæгънæг, чи гом…
 
 
Уазал æмæ стонгæй
Бирæгъ дæр тæрсы, —
Удхæссæг æввонгæй
Ахæмты хæссы…
 
 
– Ма кæут, мæ хуртæ, —
Дзуры цæм сæ мад, —
Афыцой хъæдуртæ…
Абадут æнцад!..
 
 
Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй…
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй…
 
 
Хъуырмæ схæддзæ хъарæг:
«Дудгæ фæбада
Зæйы бын нæ дарæг,
Мах чи фæсайдта!..
 
 
Фондзæй уæ ныууагъта
Иу ныййарæгæн, —
Мады зæрдæ скъахта, —
Царæфтыд фæдæн!..
 
 
Зондæй мыл фæтых дæ,
О, мæ лæджы хай, —
Сидзæртæй фæлыгътæ
Ингæнмæ тæргай!..
 
 
Буц хъæбул дæм дзуры, —
Сфæлмæцыд йæ мад, —
Махæн дæр дæ цуры
Сцæттæ кæ бынат!»
 
 
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй…
Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй…
 
 
Бафæллад кæуынæй
Бинонты кæстæр, —
Къонайыл æрфынæй
Адæмы хуыздæр!
 
 
Иууылдæр дæ адыл
Тулдзысты, фæлæу! —
Стонг æмæ фæлладыл
Тых хуыссæг кæм нæу!..
 
 
– О. гытци кæд уыдзæн?
Райс-ма, цæй, дæ аг!..
– Абадут!.. Фæуыдзæн
Алкæй дæр йæ фаг…
 
 
Аг кæлы йæ былтæй, —
«Хъæдуртæ» фыцынц…
Алы ран тымбылтæй
Сидзæртæ хуыссынц…
 
 
Стонг æмæ кæуынæй
Лæг куы сфæлмæцы,
Тарф у уæд йæ фынæй, —
Маст æм нал хъуысы.
 
 
Лыстæнмæ цæ хаста
Мад йæ хъæбулты,
Æдæрсгæ цæ нуæрста
Алы бызгъуырты…
 
 
Скодта цæ рæбынæй,
Дæлфæдтæм æрбадт…
Гъай-да-гъа! Кæуынæй
Нал æфсæст сæ мад!..
 
 
Сидзæртæн хъæдуртæ
Се 'хсæвæр хуыдта,
Афтæмæй цын дуртæ
Цуайнаджы фыхта:
 
 
Афыцын æфсоны
Байрох уа сæ хæрд…
Стонг æмгъуыд нæ зоны,
Иу сайд ын æгъгъæд!..
 

Хъуыбады

 
Сæрдæй, зымæгæй,
Гуыбыр, тызмæгæй,
Йæ кæрцы мидæг,
Ныхасы бады
Зæронд Хъуыбады,
Нæ фæндырдзæгъдæг…
 
 
Кæйдæр дзæгъæлзад,
Лæппуйæ баззад
Йæ сау бындурыл…
Кæдæм-иу бафтыд,
Уым-иу фæкафыд
Кæрдзыны мурыл…
 
 
Бæгънæг, бæгъæввад,
Ыстонг, уысмæн над
Хуыцауы рæстæй!
Цъыфæй ныррæсыд, —
Хæфсытæ уасыд
Йæ къахы скъуыдтæй…
 
 
Бын бауай, иунæг,
Дзыллæтæй иу лæг
Кæй нæ рæвдыдта!
Фæсмон фæкæна,
Мæрдты дзыназа,
Дæу чи ныййардта!..
 
 
Дæу урс æхсырæй,
Дæу худгæ-хурæй
Чи нæ бафсæста!
Дæу цардуалдзæджы
Йæ хъарм хъæбысы
Чинæ ауызта!
 
 
Фыййау куы уыди,
Уæд-иу хуыссыди
Тæдзгæ-ыскъæты;
Мит-иу куы уарыд,
Уæд-иу ныззарыд
Къæдзæхлæгæты…
 
 
Уæд фос куыд уарзта? —
Фæсал цын ласта
Иæ салд æрчъийæ!..
Йæ зард нæ уагъта, —
Фæндыр ыскъахта
Бæрзбызычъийæ…
 
 
Бæрзонд урс хæхтæ,
Æнкъард къæдзæхтæ,
Æгомыг бæлас
Фыййауы уарзынц
Æмæ йын зарынц
Сæ сусæг ныхас.
 
 
Цæргæсы бæллын,
Уæларвы нæрын,
Дымгæйы хъарæг,
Цæф сæгуыты маст,
Æхсæрдзæны хъазт —
Фыййауы зарæг…
 
 
Фæскъæвда хур бон
Уымæл ривæддон,
Рæсугъд хизæнтæ,
Æфсæст фосы дзуг,
Сæрибары дуг —
Фыййауы сæнттæ.
 
 
Фæлæ нæ амонд
Æнæ сæрнывонд
Нæ хæссы бирæ! —
Æнæ аххосæй
Фыййауы фосæй
Нæ хæссы бирæгъ!
 
 
Æмбаргæ фыййау
Иæ фосы рæгъау
Нымадæй дары,
Фæлæ Хъуыбады
Йæ фоснымады
Фынддæс нæ ары…
 
 
Кæм цæ агура?
Кæмæй цæ кура? —
Хъæр цæ кæм уæнды!
Лæгдзарм тæнæг у,
Æлдар фыдлæг у,
Мæлын кæй фæнды?..
 
 
Фæлидзон, загъта…
Йæ фос фæуагъта
Хъæу-сæр уæзæгыл,
Йæхæдæг алыгъд,
Дыгурмæ ахызт
Адай-æфцæгыл…
 
 
Ирæй, Кæсæгæй,
Фæндырдзæгъдæгæй
Кæм нæ фæхатти?
Цытджын Калачы
Иæ зарды руаджы
Сæндæтты бадти.
 
 
Иæ хорз зарджытæн,
Иæ хорз кадджытæн
Кæрон кæм уыди?
Æнæ фæхудгæ,
Æнæ фæкæугæ
Цæм чи лæууыди?!.
 
 
Йæ къах нæ фæллад,
Йæ зард нæ фенад
Иæ цæугæ-царды…
Æрмæст нæ хъæумæ
Куырмæй фæстæмæ
Æрцыд Хъуыбады…
 
 
Сæрдæй, зымæгæй,
Гуыбыр-тызмæгæй,
Йæ къæрит кæрцы
Ныхасы бады
Зæронд Хъуыбады, —
Нæ йæ зоныс, цы?..
 

Чи дæ?

 
Мыггагæй мæ ма фæрс, —
Уæздан лæг нæ дæн;
Мæ уындмæ мын ма кæс,
Нæ бæззын чызгæн.
 
 
Мæ хæдон – четæнæй,
Мæ куырæт – кæттаг,
Мæ цухъхъа – цъæх тынæй —
Нæхи хохбæстаг.
 
 
Нымæтхуд, æрчъитæ,
Мæронбаст – уæрдæх…
Фæрсыс ма мæ: чи дæ?
Уæд байхъус дзæбæх!..
 
 
Æз райгуырддæн хохы…
Нæ хъæдкъул ыскъæт, —
Ныр дæр мæ нæу рохы, —
Æвгъæддон уыд уæд…
 
 
Рæстмæйы хъуыддагæн
Сыгъдæгдæр ран хъуыд,
Фæлæ дзы мæ мадæн
Хуыздæр ран нæ уыд.
 
 
Æлгъыстæн мын баззад…
Тæрсын дзы ныр дæр…
Рынчынæн «æгæссад
Дæ уæд» зæгъ, æндæр
 
 
Йæ бахъуыд-сахатæн
Мæгуыры бон циу? —
Нæ фæци мæ мадæн
Нæ файнуст, нæ тиу.
 
 
Нæ йæм уыд фæкæсæг…
Йæ мой йæм кæм бадт! —
Æмæ йæ фыдвæззæг
Фæкодта мæ мад.
 
 
Мæн иу ус фæхаста…
Сывæллонахуыр,
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр.
 
 
Куыд фæрæзта, уыйас —
Æппæтæй дæр фаг!
Фæцарддæн æм иу аз,
Фæдæн æм дыггаг.
 
 
Фæхъомыл дæн афтæ, —
Æдæрсгæ цыддæн…
Кæм заргæ, кæм кафгæ
Æмбырдтыл зылддæн…
 
 
Чысыл ма йæ зонын
Мæ фыды… Хæмæт, —
Йæ номæй йæ хонын, —
Кæм кодта мæ мæт!
 
 
Дыггаг ус æрхаста…
Æркодтой мæн дæр…
Мæ «чындз» мæ нæ уарзта, —
Фыдсыл уыд кæмдæр!
 
 
Йæ рард дæр ысхуыстæй,
Йæ рæвдыд дæр – над,
Йæ «цу-ма» рæхуыстæй, —
Гъеуый дам дын – мад!
 
 
Мæ фыд-иу къуыригай
Дзæбидырдзуан цыд,
Йæ ус та æригай
Хæдзар-хæдзар зылд.
 
 
Цуанон лæг мæрдтæм
Хæстæгдæр цæры,
Йæ мард та уæлмæрдтæм
Нæ хæддзæкæны!..
 
 
Фæдзурынц æй алхатт, —
Мæ фыдæй хуыздæр
Лæг цуаны нæ ахатт.
Ныххæррæгъ кæмдæр!
 
 
Ус хистытæ кодта,
Фæуæйкодта зæхх,
Цы ардта, уый хордта
Æввонгæй, дзæбæх.
 
 
Ныр дæр ма æрра дæн,
Сывæллонау, сонт, —
Уæд та?… Цæй, йæ мадæн
Чи амоны зонд?
 
 
Хæрз дзæгъæл кæй зайын,
Уый базыдтон… Ку!
Кæуынæй кæй сайын? —
Дæсаздзыд лæг у!
 
 
Ус афæдзы бонмæ
Йæхиуыл хæцыд, —
Уæлладжыры коммæ
Чындзы та фæцыд.
 
 
Мæн къæйыл ныууагъта…
Йе амæл, йе рæз, —
Æвæдздзæгæн загъта:
Куыст – цардæн фæрæз!
 
 
Цы куыстæн бæззыддæн
Дзæбæхдæр мыздыл? —
Уæлыгæс фæцыддæн
Гуыбыныхæрдыл.
 
 
Мæ фысымтæ радæй,
Мæ хуыссæн – лыстæн,
Уæддæр-иу «дæ-да-дæй»
Куы ныззарыддæн!
 
 
Уæлыгæс – бынхорæй
Фыййау дæр ысдæн, —
Дæс мæрты мын хорæй
Лæвæрдтой мыздæн.
 
 
Фыййауæн – уæлæфтау,
Хæлынхуд, хызын,
Йæ къæбæр – æнæвгъау, —
Йæ куыст нæу уæд зын.
 
 
Æлгъыстæй, уæд надæй
Цы нæ бавзæрстон!
Уæддæр-иу «дæ-да-дæй»
Куы ныццæлхъластон!
 
 
Æхсæрдæсæмаздзыд —
Лæджы бындзæфхад, —
Æгæр дæр фæхъазыд,
Æгæр дæр фæбадт!
 
 
Иæхицæн ныссадзы
Ысхъæлфындз цæвæг,
Уыгæрдæнтæ дасы, —
Иæ риуыгъд – бæрæг!
 
 
Цы цæнгтæ мыл разад,
Цы хосдзау уыддæн!
Фæлæ ма кæм баззад
Уыгæрдæн мæнæн! —
 
 
Гæппæл дæр мын нал уыд.
Цы фæци мæ зæхх? —
Хæрнæгæн дам бахъуыд.
Цу, исты цын зæгъ!
 
 
Ыссæдз азмæ азгай
Æххуырсты цыддæн…
Цы нæ кодтон радгай,
Цы нæ-иу уыддæн?
 
 
Мæ архайд, мæ тыхмæ
Лæг кодта хæлæг;
Æккойæ мæ ныхмæ
Кæм лæууыд хæрæг!
 
 
Мæхи та дын стауын, —
Нæ дын зыдтон, цы.
Тын уæрдын, тын уафын,
Хæрдгæйæ – дæсны;
 
 
Æрцындзæй, хæсгардæй —
Хæрзарæхст, чызгау…
Гъеуæддæр «дæ-да-дæй»
Чи зарыд мæнау?
 
 
Йæ бонæй уа зæрдæ! —
Куыд хивæнд у, куы!
Зæгъ-ма йын: æвзæр дæ, —
Уырны йæ бæгуы!
 
 
Бон хурмæ нывæнды
Рæсугъд хуры тын,
Æхсæв æй æрфæнды
Мæимæ хæтын.
 
 
Кæцæй йæм фæсиды
Сæрибары дуг?
Цæмæн дзы æхсиды
Цæдæджинагау туг?
 
 
Йæ бонæй уа, уастæн,
Дæргъæрфыг рæсугъд!
Кæм лæууы йæ хъазтæн
Лæппуйы тæппуд!
 
 
Куыд уыди йæ фыддзаг?
Куыд разылд мæ сæр?
Куыд уыдзæн йæ фæстаг?
Нæ зонын ныр дæр…
 
 
Йæ уындæй куы райди
Мæ зæрдæ, куы та,
Цыма йæ фæсайди, —
Йе сæфт дзы уыдта…
 
 
Куыддæр-иу ныхъхъус дæн,
Фæлыгътæн-иу дард…
Аргъ нал уыд мæ куыстæн,
Ысуæлдай мæ цард…
 
 
Быцæугонд хъæуимæ…
Æмгартæй тæрсын…
Гъей, зæрдæ, дæуимæ
Кæй бон у хæцын?!.
 
 
Цæмæн-иу мæм касти
Мæ сæфтхуры хай?
Цæмæн-иу фæраст и
Мæ рæзты чызгай?
 
 
Цæмæн-иу мæм бахудт
Хъуызгæ-мидбылты?
Цæмæн мæ хъуыд агъуд, —
Ливорджын дæн цы?
 
 
Ныббар мын, кæд дардæй
Мæ ныхас хæссын, —
Мæстджынæй, æнкъардæй
Мæ сæнттæ мысын…
 
 
Нæ зымæг ингæн у, —
Иæ зæйтæ – нæ мæт;
Нæ фæззæг куыстæн у,
Нæ уалдзæг – дзæнæт.
 
 
Хур арæхдæр тавы,
Ысулæфы зæхх,
Сæгъ хъæмпæй нæ давы, —
Нæ хуссæрттæ – цъæх.
 
 
Фæмил вæййынц хæхтæ,
Фæбур вæййы дон,
Æртæхынц нæм мæргътæ,
Фæтынг вæййы бон.
 
 
Фæзыны гæлæбу…
Зынг фесты зæрдæ…
Гъе, мардзæ, нæ лæппу! —
Цы фæдæ, кæм дæ?!.
 
 
Дæ хъару нын равдис! —
Куыддæрфæнды уæд, —
Ирæдисæн бар ис:
Йе – фыр, йе – рæуæд.
 
 
Мæ ирæд цæттæ у…
Æххуырсты мыздæй
Æрымбырд… Цы хъæуы, —
Æппæт дæр хыгъдæй.
 
 
Мæ фосæн цын дардтон
Мæхи армæй цæхх,
Сæ мадæн цын ссардтон
Дыууæ галæй бæх.
 
 
Æнæуый, цы зæгъай, —
Æппæтæй рæвдыд…
Мæ сагъæс, мæ катай —
Чызгайæн йæ фыд.
 
 
Мæгуыр лæгмæ – схъæлдзырд,
Æнæбарвæссон;
Хъæубæсты – хъæды сырд,
Хæдзары – Сырдон.
 
 
Дзырды бар кæй уадзы,
Кæй фæрсы фæндæй?
Чызг тайы, дзыназы,
Мад судзы мæстæй…
 
 
Æмвæнд ыстæм рагæй…
Мад циу? Мад нæ фарс
Хæцдзæнис дæндагæй…
Фыд… Фыд у цъæх арс!
 
 
Фæкодтон нывæндтæ, —
Мæ куывд мын Хуыцау
Нæ исы… Мæ зæрдæ
Ысдзæгъæл, ыссау…
 
 
Кæй барвитон курæг?
Кæй та равдæла?
Цæй мæгуыр дæ, иунæг.
Дæ мад амæла!
 
 
Кæй барвитон курæг?
Æфсæрмлæг кæм и?
Мæ лæгтæм лæбурæг
Куы скæна йæхи?
 
 
Мæхæдæг фæцæуон, —
Уæд ноджы фыддæр, —
Куы нæ йæм фæлæууон,
Куы сдзурон æз дæр!..
 
 
Кæй та цын æй курынц
Уый ацы сахат
Сæхуыддæг дæр дзурынц.
Нæ йæ дæтты мад.
 
 
Иæ чызг дæр кæм комы?!.
Фæкъæйных цæм и, —
Йæ дзыггутæ тоны,
Æргæвды йæхи…
 
 
Æрвиты мæм ал-хатт:
«Цы фæдæ, кæм дæ?
Мæлынмæ мæ ма радт,
Фæзын, кæд лæг дæ!»
 
 
Гъеуый дын мæ митæ, —
Куыдфæнды цæ дом!
Фæрсыс ма мæ: чи дæ? —
Уæд иунæг – мæ ном!
 

Всати

 
Бирæйы фæфæнды
Райсомæй хуыссын…
Хур æркаст… нывæнды
Хохæй хохмæ тын…
 
 
Комæй коммæ хъазгæ,
Царды хос хæссы…
Цард тындзы йæ размæ…
Всати ма хуыссы…
 
 
Всатийæ зæронддæр
Дауджытæм кæм и? —
Хæхтæй дæр бæрзонддæр
Чиу, уый йæ фæци.
 
 
Мит лæджы цæст сайы, —
Схиз æм, уæд – ныхас! —
Раст йæ астæу зайы
Стыр нæзыбæлас;
 
 
Дон кæлы йæ рæзты
Урс æхсæрдзæнтæй;
Цъититæ йæ фæрсты
Бадынц их-зæйтæй.
 
 
Фалæрдæм лæбырынц
Сау дуры цæндтæ;
Тар хъæдæй нæ зынынц
Арф, уынгæг кæмттæ…
 
 
Урсурсид дзæгъгъатæй
Бандæттæ, тæрхæг;
Саджы урс сыкъатæй
Всатийæн – сынтæг…
 
 
Арсы хъуын – йæ лыстæн,
Тинтычъи – йæ баз…
Цæй, хуыссæд! – йæ куыстæн
Сæфынæй нæу тас…
 
 
Авд лæппуйы зилынц
Всатийы алфарс,
Залмы сыфтæ тилынц, —
Бындз нæ уадзынц 'ввахс.
 
 
Иннæ авд æддæдæр
Аходæн фыцынц…
Физонæг фæхъæбæр,
Фæхсынтæ нæрсынц…
 
 
– Оф, оф! – загъта Всати, —
Арв кæмдæр нæры…
Рахъил, дурыл сбадти…
Аходæнхæры…
 
 
Комæй, чидæр зары…
Всати 'хсыны агъд…
– Чи та нæ хъыгдары?
Акæсут-ма тагъд!
 
 
Дарддзæст лæппу араст
Айнæджы былмæ,
Къухаууонæй акаст
Сау комы бынмæ…
 
 
– Федтон, – загъта, – диссаг:
Комынарæджы
Курынц иу мæллæг саг
Фараст барæджы!..
 
 
Топп – йерæдзыпп, хъримаг,
Бæх – саулох бæхтæ…
Исты цын хæринаг
К'уаид уал цæттæ!.. —
 
 
– Гъе, 'рра! – Всати загъта, —
Ахæмты тыххæй
Уастырджи фæдавта
Фос нæ мæгуыртæй;
 
 
Ауадз цæ йæхимæ! —
Уый та цæ хынцдзæн,
Давæггаг фыдимæ
Карз арахъхъ дæддзæн!..
 
 
Бирæ нал уыд хурæй…
Зарынц та кæмдæр…
Дарддзæст лæппу дурæй
Акаст та ныр дæр…
 
 
Авд цуаноны бадынц
Айнæджы ныхыл,
Тынг хъазуатæй зарынц,
Нал хæцынц зæххыл…
 
 
– О, уæрæйдæ, Всати!
Ракæс, рафæлгæс,
Бæрзондæй ныллæгмæ
Хорз нæ бафæдзæхс!
 
 
Мах – дæуазæг, Всати,
Ды – нæ фæдзæхсæг!
Бæрзондæй ныллæгмæ
Ракæс, рафæлгæс!..
 
 
Дзабыр нæй, – æрчъитæ!
Топп рæхсæнтæй баст,
Пакахуд нысчъилтæ,
Сæр æхсырфæй даст…
 
 
– Гъе, ныр, гъе, нæхион, —
Разын ныр рæдау!
Аскъæр цыл нæ сион,
Хорз цæ фен, лæгау.
 

Уæлмæрдты

 
Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты…
Фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты
   Стырæй, чысылæй, —
 
 
Уыйбæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ,
Уыйбæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ
   Хохæй, быдырæй…
 
 
Иунæг лæппу йын уыд сау куырм зæронд фыдæн,
Дарын æй байдыдта… Абон йæ сау сынтæн
   Бахъуыд йæ сагой!
 
 
Кусынмæ диссаг, æфсымæр æмгаримæ,
Уарзон хъæубæсты… Нæ хохæй Уæлладжырмæ
   Айхъуыст йæ хорз кой.
 
 
Адджын хæринагæй йе стонг нæ басаста,
Усгур лæппуйау дзæбæхæн нæ раласта
   Цухъхъа йæ рагъæй…
 
 
Хъал митæ кæнын лæппуйы та ценнæ уыд? —
Абоны онг нæм йæ къахыл нæ фендæуыд
   Дзабыр сæракæй…
 
 
Абон æм бакæс, – йæхи дын куыд сарæзта! —
Нарæг йæ астæу, чындздзон чызгау, балвæста,
   Алцæмæй ифтонг:
 
 
Алы рæсугъд дзаума, алы хæрдгæбæстæ…
Исчи йæ федта цы искуы хæцæнгæрзтæ
   Даргæ ныры онг?
 
 
Раст цыма схъомыл и топпимæ, кардимæ!..
Науæд уæлбæхæй йæ исчи æмгаримæ
   Федта цы балцы? —
 
 
Байраг сæ хæдзары никуы уыд, афтæмæй
Абадт æввонгæй, рæсугъд ифтонг алцæмæй,
   Урс бæх йæ разы!..
 
 
Сагъæс фæсабыр… Фæхъус æсты устытæ…
Мардмæ æрбахæстæг иу лæг… Йæ цæстытæ
   Нал зынынц чъиуæй.
 
 
Цæсгом нымпылдтытæ, зачъетæ урс-урсид,
Гасæй йæ уæлæ хæлынхуд, кæрцы къæрит…
   Дис кæнын: чи у ай?
 
 
Чъизи дæрзæг къухæй цæстысыг асхъаудта,
Стæй дзы йæ зачъетæ тонæгау адаудта…
   Бахæстæг бæхмæ.
 
 
Радтой йæм идон… Сæ уæлхъус æгуыппæгæй
Адæм ныккастæсты иуыл æмхуызонæй
   Уайтагъддæр зæхмæ…
 
 
Алæууыд иу дзæвгар лæг дæр зæхмæ кæсгæ,
Уыйфæстæ – гъай-дагъа! – райста, дзырдарæхсгæ
   Диссæгтæ дзурын.
 
 
Чи ма цæ зоны? Кæд дæм цæ нæ ныффыссон,
Ма мæ рахъаст кæ, мæ хæлар, мæ иубæстон, —
   Дардмæ дæ курын!
 
 
– Рухсаг у, загъта, цæуыс нæ æххæст лæгæй,
Арæзт æппæтæй… Фæцух дæ æрмæст бæхæй,
   Хорз бæх нæ арынц.
 
 
Терк-Турчы рæгъаумæ абон фæцыдысты,
Зæххæн йæ кæрæтты дардыл æрзылдысты,
   Алы ран сгарынц:
 
 
Рахиз фæрсты дзы фæлгæсгæ йæ быдыртæм,
Галиу фæрсты та дзы хъахъæнгæ донбылтæм,
   Никуы 'мæ ницы!
 
 
Нæй дзы дæ аггаг бæх!.. Уалæ уæларв зæххы,
Иу бур айнæджы бын хизынц æртæ бæхы, —
   Табу йæхицæн! —
 
 
Уастырджийы æртæ сызгъæрин æфсургъы.
Ардыггаг ласай, – йæ зæвæтæй риуыгъы;
   Фалладжы ласай, —
 
 
Стонг бирæгъау дæм лæбурдзæн йæ дæндагæй;
Астæуыггаг æфсургъ лидзаг у фæндагæй, —
   Хорæй йæ расай!
 
 
Арвы Куырдалæгонмæ-иу æй схæццæ кæ!
Болат æндонæй дын скæндзæн йæ цæфхæдтæ,
   Болат зæгæлтæ
 
 
Фидар йæ сæфтджыты стæгмæ куы ныссадза,
Нагъæй æфтаугæ хæрхидон куы сараза, —
   Гъе, уæд цæттæ дæ!
 
 
Де фсургъыл дын идон афтаудзæн мæйы фырт,
Стæй йыл сызгъæрин саргъ авæрдзæн хуры фырт
   Ехс дæр дын ратдзæн.
 
 
Сбад-иу дæ бæхыл! Уырдыджы æнæ цудгæ,
Сиргæ тæссæртты, хæрды дын æвæлмæцгæ
   Бирæ фæуайдзæн.
 
 
Бафтдзынæ иу ран æртæ фæндаджы ныхмæ…
Ма бабæлл дæллагмæ, канд дæр йæ уæрæхмæ, —
   Туджджынты фæд у!
 
 
Ма бабæлл уæллагмæ, – тугисджытæм хæссы!
Астæуыггагæй дæ бæх дæр куыд нæ тæрсы,
   Афтæ дæу кæд у?
 
 
Райс æй дæ фæндагæн!.. Иу йæхсы февзидтмæ
Бахæццæ уыдзынæ иу æрдуйы хидмæ,
   Маргъ ыл нæ тæхы!
 
 
Армытъæпæнæй чъылбыс-иу куыд фелвæса,
Де фсургъы агъдæй та чъепси куыд фесхъиуа,
   Афтæ цæв бæхы!
 
 
Мæрдты дуармæ дæ дæ цæстфæныкъулынмæ
Баскъæфдзæн де фсургъ раст хураныгуылынмæ…
   Бакæс-иу 'гъдаумæ!
 
 
Дуар дын нæ кæндзысты, «аныгуылд хур», зæгъгæ,
Ам куыд уыд, уым дæр дæ кувæг – дæхи зæрдæ, —
   Скув-иу Хуыцаумæ!
 
 
«О, Хуыцауты Хуыцау! Ме сфæлдисæг Хуыцау!
Рауадз, дæ хорзæхæй, хур фæныгуылынау,
   Хæхтыл дыдзы хур!»
 
 
Хæхты дыдзы хур дæм уайтагъддæр ракæсдзæн…
Мæрдты 'фсæн дуæрттæ дын иу уæйыг бакæндзæн…
   Фыд, хорз æм ма сдзур!
 
 
Уырдыгæй фалæмæ зоны дæ фæндæгтæ
Хуры фырт. Уый дын ныр дзурдзæн сæ диссæгтæ,
   Сеппæт, куыд æсты…
 
 
Къæсæры мидæгæй, – уырдæм ныр бахызтæ, —
Иу гадза бастæй. Йæ хуылфæй йæ къæбыстæ
   Бæхмæ рæйдзысты…
 
 
– Ай та цы диссаг у? – Дис дæр куыд нæ кæнай?
Афтæ цæмæн у? – фæрсдзынæ. – Цæмæн зæгъай?
   Де мбал дын сиддзæн:
 
 
– Ай-иу йæ карзæй, йæ налат хуыснæгдзауæй
Сæфтмæ æртардта хъæу… Гъе, ныр мæрдты ’гъдауæй
   Йæ хæстæ фиддзæн.
 
 
Ацу-иу уырдыгæй!.. Хъуысдзæн дæм алывыд…
Лæг æмæ ус хуыссынц… Галдзарм сæ быны тыд,
   Галдзарм сæ уæлæ.
 
 
Тонынц сæ иуырдæм, тонынц сæ иннæрдæм, —
Не ххæсынц лæгыл дæр, усыл дæр ничердæм.
   Диссаг та уæлæ!
 
 
Дис дæр куыд нæ кæнай! – Ай та цæмæн афтæ?
Ай та цæмæн зæгъай? Адон сæдæ азтæ
   Иумæ фæтыдтой, —
 
 
Гъемæ куыдфæстæмæ ал-райсом, алызæр
Тынгдæрæй тынгдæр-иу кодта сæ загъды хъæр, —
   Фидыд нæ зыдтой;
 
 
Иргъæвынмæ цæм цыдысты æндæр сыхæй…
Гъе ныр мæрдты 'гъдауæй фидынц сæ хæсы хай!..
   Ацу та фалдæр!
 
 
Иу ранæй та дæм æрыхъуысдзæн сусæг дзырд:
Лæг æмæ усæн тæрхъусдзарм сæ быны тыд, —
   Галдзармæй фагдæр!
 
 
Иннæ тæрхъусдзарм сæ уæлæ æрдыдæгътæ…
Диссаг! – зæгъдзынæ та, – ай та цæмæн афтæ? —
   Ай та, куы зæгъай, —
 
 
– Адон цæргæ-цæрын уарзтой кæрæдзийы,
Ам æй æххæст кæнынц; ам дæр зæрдæмийæ
   Не сты æнæ хай!
 
 
Ацу-иу уырдыгæй! Ус лæудзæн хибарæй, —
Калмы цъарæй йыл хъуырбæттæн, хæфсы цъарæй
   Усыл сæрбæттæн…
 
 
– Ай та цæмæн афтæ? – Ай та, куы бафæрсай, —
Барæсчъи даргæйæ сусæгæй бонæн сайд
   Кодта йæ мæрдтæн! —
 
 
Ам цын æй фиды ныр… Ацу та! Иу ранæй
Згъæлдзæн хуыр: къæдзæхы скъуыдтæ дзы теманæй
   Иу ус æмпъузы.
 
 
Ай та цæмæн афтæ? – Ай та кæйдæр лæгæн
Дзаума лыстæг хуыдта, ставд та – йæхи лæгæн
   Гъеныр ам кусы!..
 
 
Ацу-иу уырдыгæй! Иу усы риуыл та
Зилынц хæд-зилгæйæ стыр куыройы фыдтæ;
   Хохы дзæгъгъатæ
 
 
Бонæй, æхсæвæй, æнæ раивадæгæй,
Ссынц æмæ се 'ссад нæ кæлы фæлгæтæгæй…
   Цавæр у ай та?
 
 
– Ай та куыройгæсæй адæмы къæссатæй
Иста æгæр бирæ, давта цын се ссадæй…
   Давын зын у, цы?!.
 
 
Ацу-иу уырдыгæй!.. Байхъус æхсæрдзæнмæ:
Урс æхсыр къуыстилтæй хохы йас цæхкæрмæ
   Иу ус фæрсудзы.
 
 
Гас къæртайы дзаг ыл карз ахсæн аскъæры, —
Карчы нæмыджы йас цыхт ын дзы равзæры, —
   Ай дæр та диссаг!
 
 
Ай та уæлæуыл æлгъин уыд йæ хъæздыгæй,
«Нæи, нæй»-иу кодта, нæ иста йæ хæндыгæй
   Уазæгæн урссаг.
 
 
Ацу-иу уырдыгæй! Иу ус дæ хæдразы
Иу чысыл къоппæй мæцъисæй нæ фæразы
   Гуымбыл фæлдахын…
 
 
– Ай та цæмæн афтæ? – Ай та йæ уæлæуыл
«Ис мæм»-иу кодта, нæ уагъта æндæр хъæуыл
   Уазæг æздахын.
 
 
Ацу-иу уырдыгæй ноджы хуыздæр бæстæм!..
Иу лæг йæ усимæ иумæ фæрсæй-фæрстæм
   Бадынц æргомæй;
 
 
Стыр фынг сæ разы æртасыд йæ фырдзагæй
Алы нуазинагæй, алы хæринагæй,
   Басæй, цæхдонæй, —
 
 
Иуыл куыд æмбæлы, – нуры, цывзыхъæстæ…
Цас дæр дзы хъауынц, – сæ фынг та хæрды фæстæ
   Свæййы уæззаудæр.
 
 
– Ай та цы диссаг у? – Адон сæ цæрыныл
Цас мæгуырдæр кодтой, уыйас сæ кæрдзыныл
   Кодтой рæдаудæр.
 
 
Ацу-иу уырдыгæй! Арф къæдзæхбын мæсчъы
Иу лæг хуыртæ хæссы хæлд æнæбын тæсчъы,
   – Ай та цы кодта?
 
 
Ай та сыхагимæ кайаг уыд арæнæй,
Иумæййаг зæхх-иу æрбарста мæнг барæнæй,
   Ард-иу ыл хордта.
 
 
Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгыл
Иу лæджы рихитæ астæумæ кæрдæгыл
   Стонг гал æууилы…
 
 
– Ай та цы диссаг у? – гал ма нæ фæхизы
Ахæм цъæх кæрдæгыл?!. – Ай та йæ цæдисы
   Срæстмæйыл зилы:
 
 
Ай-иу йæхи галæн 'взаргæ хос ракалдта,
Цæдисонæн та-иу хъæмпы мур адардта, —
   Ай дын йæ хабар!
 
 
Ацу-иу уырдыгæй!.. Фурдæн æй астæу хуыскъ,
Карды комæй йæм хид; халоны айчы хъуызг —
   Лæгæн йæ хæдзар;
 
 
Судзины бын та дуар 'гасæй йæ хæдзармæ…
– Ай та цы диссаг у? – Ай та йæ адзалмæ
   Царди æмбæхстæй;
 
 
Уазæг нæ уагъта йæхимæ цæрæнбонты,
Сау зæрдæ дардта, фæсырдта йæ бинонты,
   Амард æлгъыстæй…
 
 
Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу лæг фæдисаг у:
Ихы ныссалди йæ хъуырмæ!.. Цы диссаг у,
   Цуавæр у ай та?
 
 
– Ай та æмгары хæдзармæ хъуызаг уыди
Алы æнафоны… Гъе 'мæ фæрæдыди…
   Ай дын йæ пайда!
 
 
Ацу-иу уырдыгæй! Иу ихын мæсыджы
Ихын къæлæтджынты бадынц æртæ лæджы,
   Их фынг сæ разы;
 
 
Ихæй сæ лæдзджытæ, галиу сæ ныхæстæ,
Их сæрдасæн цын сæ галиу сæрыфæхстæ
   Роцъотæм дасы.
 
 
Ай та цы диссаг у? – Адæм сæ тæрхоны
Хорзæн-иу равзæрстой алы хатт адоны,
   Бар цæм-иу радтой.
 
 
Адон-иу фарсласæн сабийæ таубимæ
Кодтой сæ мæнг ардæй, растæн хæрамимæ
   Иу барæн дардтой.
 
 
Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгыл
Урс æвзист галуаны, урс æвзист тæрхæгыл
   Баддзысты базтыл
 
 
Иннæ æртæ лæджы… Де 'мбал цæ хорз зоны:
Адон куыд фæрæзтой, афтæ сæ тæрхоны
   Архайдтой растыл!..
 
 
Бирæ дæ нал хъæуы уырдыгæй дзæнæтмæ;
Бæхмæ куы февзидай, – иу цæсты тъæбæртмæ
   Фестдзæн йæ разы.
 
 
Бæхæй æрхиздзынæ… Бирæ сывæллæттæ
Алгъуызон дзауматы, алы азыккæттæ
   Цъæх нæууыл хъазы…
 
 
Чи дæ йæ мад хоны, чи дæ йæ фыд хоны,
Чи дзы бæгъæввад у, чи та дзы ронбæгъд у,
   Чи та æнæ худ.
 
 
Худтæ сæ рæтты тъыст, рæттæ сæ хъуырты 'фтыд,
Дзабыртæ – фæдджиты, фæдджитæ сæртыл тыд.
   Ма цыл-иу бахуд!
 
 
Алкæй дæр барæвдау! Алкæй йæ дзауматы
Сараз, куыд æмбæлы! Семæ-иу дзæнæты
   Дуаргæрон балæу!
 
 
Мидæмæ хизын дæ истуг нæ уадздзысты,
Сывæллæттæ та цын хизын нæ комдзысты
   Уырдæм æнæ дæу!
 
 
Фегом уыдзысты уæд авд сызгъæрин дуары!..
Мæрдты Барастыр дæм ницы рæдыд ары
   Мæрдты хъуыддагæй…
 
 
Рухсаг у, рухсаг! Иæ рахиз фарсырдыгæй
Нæууыл дæ бадæн!.. Ныр ацыддæ ардыгæй,
   Нал дæ ныр махæй!
 
 
Адæм дын абон цы хорз æгъдæуттæ радтой,
Ацы дзыллæ дыл цы цæстысыг фæкалдтой,
   Уый дын æххуысаг!
 
 
Мады хъæбысау дын адджын уæд ацы зæхх,
Уды хæларæй фæлдыст дын уæд ацы бæх.
   Рухсаг у, рухсаг!..
 
 
Дзырд фæци зæронд лæг, айста къух идонæй…
«Рухсаг у, рухсаг!» – йæ фæдыл æмхуызонæй
   Дзыллæтæ загътой…
 
 
Адæм æрбадтысты мæгуыры хæрнæгыл,
Устытæ ма уæддæр судзаджы уæлмæрдыл
   Хъарджытæ уагътой…
 

Внимание! Это не конец книги.

Если начало книги вам понравилось, то полную версию можно приобрести у нашего партнёра - распространителя легального контента. Поддержите автора!

Страницы книги >> 1
  • 0 Оценок: 0

Правообладателям!

Данное произведение размещено по согласованию с ООО "ЛитРес" (20% исходного текста). Если размещение книги нарушает чьи-либо права, то сообщите об этом.

Читателям!

Оплатили, но не знаете что делать дальше?


Популярные книги за неделю


Рекомендации