Электронная библиотека » Коста Хетагуров » » онлайн чтение - страница 2

Текст книги "Ирон фæндыр"


  • Текст добавлен: 14 сентября 2016, 18:30


Автор книги: Коста Хетагуров


Жанр: Литература 19 века, Классика


Возрастные ограничения: +12

сообщить о неприемлемом содержимом

Текущая страница: 2 (всего у книги 2 страниц)

Шрифт:
- 100% +

Æрра фыййау

 
Раджы хохы цъуппæй касти
   Иу æрра фыййау,
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
   Урс цагъд къуымбилау.
 
 
Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, —
   Тæккæ былгæрон,
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
   «Агæпп æм кæнон, —
 
 
Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ
   Хизæд уæзæгыл,
Æз фæхуысдзынæн изæрмæ
   Уыцы бæмбæгыл…»
 
 
Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, —
   Гъопп! – зæгъгæ, йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта…
   Лæг ныххæррæгъ и!
 

Булкъ æмæ мыд

 
Ма худ аууонмæ æвзæрыл,
Хорзы – иу йæ цуры бафау!
Дунетæй хуыздæр куы фестай,
Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау!
 
 
Хорз æфсин цы нæ хæринаг
Авæрдзæн лæгæн йæ разы! —
Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй
Бирæ кад дæттын фæразы…
 
 
Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæ
Алы ран сæхи ыстауынц,
Загъдкæнынц, сæ кæрæдзийы
Уазæджы цæстмæхъус фауынц.
 
 
Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! —
Уазæг дæр цæ буц у,
Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, —
Тайтма дæ хæрынц, – ныхъхъус у!
 
 
Булкъæн та æппын цæсгом нæй! —
Фаджысдон кæны къæбицæй,
Судзы ком, уæддæр дын искæй
Уадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!.
 
 
Иу фынджы рагъыл та иу хатт
Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!..
Уайтагъд та йæхи фæсфæдты
Мыдмæ баластахæстæгдæр…
 
 
– Оф, оф, уазæг, æз мыдимæ, —
Загъта, – диссаг дæн, æрбалæу…
– Гъе, смаггæнаг! – мыд фæмæсты.
Ныр цы мæткæныс мæ бæсты,
Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..
 

Халон æмæ рувас

 
Цæстмæхъус ныхас
Фыдбылыз хæссы…
Хуыснæггаджы бас
Фу-фуйæ сысы…
 
 
Кæмдæр та халон —
Цыма дзы хъалон
Нæ фыййау дардта —
Цыхты къæртт ссардта.
 
 
Бæласы цонгыл
Цæргæсау сбадти,
Йе сæфты стонгыл
Ныр диеæй марди.
 
 
Зæрдæхъæлзæгæн
Тæрхæттæ кодта
Æмæ фыдæнæн
Иæ цыхт нæ хордта.
 
 
– Цæй, ныр æвналон, —
Фæзæгъы халон,
Фæлæ та 'взары, —
Цыхт дзыхы дары…
 
 
Уæд дын æм рувас
Кæцæйдæр рауад…
Уайтагъддæр минас
Йæ фындзыл ауад.
 
 
Цæст андæгъд цыхтыл…
Иæ къахы æлгътыл
Дæрдты æрзилы,
Иæ къуди тилы…
 
 
Нæ рагон фыдсыл
Нæ зоны бæгуы! —
Мæ хуры чысыл,
Куыд рæсугъд дæ, куы! —
 
 
Бынæй йæм дзуры, —
Уындæй дæ цуры,
Дæ фæхъхъау фæуон,
Кæмæй раппæлон?!.
 
 
Дæ даргъ дæллагхъуыр,
Дæ сау базыртæ,
Дæ диссаджы гуыр,
Дæ худгæ—былтæ!..
 
 
Æххæст ма зарын
Куы зонис, уæд дæ
Паддзахæн дарын
Фæразид зæрдæ…
 
 
Æфсæрмы ма кæ,
Мæ уды гага, —
Дæ зарæг акæ!..
Нæ халон «хъа, хъа!»
 
 
Зæгъгæ, фæкодта
Йæ хъæлæсы дзаг…
Паддзахгæнæггаг
Кæйдæр цыхт хордта
Нæ гæды рувас, —
Ды та уал уым уас!..
 

Бирæгъ æмæ хърихъупп

 
Алчи зыдгæнæджы
Бирæгъ фæхоны.
Бирæгъ зыд кæй кæны, —
Чидæрид зоны…
 
 
Раджы та иу бирæгъ
Нард хæдмæл хордта,
Афтæмæй адæмæн
Тугуарæн кодта.
 
 
Диссаг æвналынмæ, —
Цас ын æнтысти!
Уалынмæ уæныстæг
Хурхы нынныхсти.
 
 
Атылди, адаргъ и,
Нал уыд йæ сæрæн…
Амонд йæ хъахъхъæнæг
Ахæм æвзæрæн!
 
 
Хърихъупп хæстæджыты
Донбылтыл зилы…
Бирæгъ йæ цыппæртæ
Хърихъупмæ тилы.
 
 
– Ай та цы диссаг у? —
Рагæй æрæгмæ
Никуы мæм бабæллыд
Бирæгъ хæстæгмæ…
 
 
Хърихъупп фæзæрдæлхæд,
Абадт йæ цуры:
– Цæй-ма, цы мæ кæныс?..
Сырд ма кæм дзуры!
 
 
Иу цæст ма фезмæлыд,
Иннæ ныдздзагъыр…
Хърихъупп цæстæнгасыл
Рагæй уыд ахуыр, —
 
 
Бирæгъы хъæлæсы
Фатау фæцавта
Даргъ бырынкъ, афтæмæй
Уæныстæг сдавта.
 
 
Бирæгъ ысулæфыд…
Фервæзт нæ рынчын!..
Хърихъупп æм бадзырдта:
– Цæй-ма, мæ мызд мын!
 
 
Сырд дын фæхъæрласта:
– Гъæ, дзæгъæлхæтæг!
Гас мын кæй баззаддæ
Абон дæхæдæг!
 
 
Бузныг цæуылнæ дæ,
Гайтма мæ дзыхæй
Де взæр лæгуын къоппа
Райстай дзæбæхæй?!.
 
 
Барст дын уæд ацы хатт,
Ацы тыхтона!
Искуы ма фембæлæм, —
Додой дæ къона!
 

Хъазтæ

 
Дæ фыдæлтæ рухсаг,
Дæхæдæг мын бæзз!
Ныртæккæ уын диссаг
Æрхæсдзынæн æз.
 
 
Фæрссаг лæг, дыгурон,
Йæ хъазтæ уæймæ
Фæцæйтардта иу бон
Æлдары хъæумæ.
 
 
Цыма цæ фæдисæй
Ыскъæры, тындзы
Æмæ цæ йæ уисæй
Æнæвгъау хынцы.
 
 
Æрбаййæфта хъазты
Уæд иу дардбæстаг.
Нæ хъазтæ сæ масты
Фæкодтой хъæстаг:
 
 
– Ныллæу нын тæрхоны,
Дæ Хуыцаумæ скæс!..
– Мæгуыр лæг цы зоны?
– Нæй, нæй дын фæрæз!..
 
 
Æрлæууыд сæ астæу…
Фæрсы цæ: зæгъут!
– Хуымæтæджы хъазтау
Нын ласы нæ уд.
 
 
Æнтæфæй нæ мары,
Уæлдай та нæ над!..
Æрдумæ нæ дары
Нæ фыдæлты кад.
 
 
Нæ фыдæлты руаджы
Нæ бабын ис Ром…
– Уый фехъуыстам раджы,
Нæу сусæг сæ ном…
 
 
Уæхуыддæг, уæхуыддæг
Цæмæй хорз ыстут?
– Фæмæлæм, мæгуыртæг, —
Кæм ма ис рæстуд? —
 
 
Нæ фыдæлтæ чи сты, —
Нæ зоныс, сæрæй?
– Уæхицæй уæм исты
Æппæлинаг нæй?
 
 
– Нæ фыдæлтæ раджы…
– Уый фехъуыстон, гукк!..
– Нæ фыдæлты руаджы…
– Уæхуыддæг цы стут?
 
 
Цы равдыстат кадæн,
Зæгъут – ма уæддæр? —
Мах?.. Ницы!.. – Æрра дæн,
Фæрсын уæ æз дæр!
 
 
Уæ фыдæлты хорз кой
Мыггагмæ цæрæд!
Куывдтæ—иу цын кодтой,
Сæ бадæн дзæнæт!
 
 
Ныр рæстæджы хъазæн
Æндæр у йæ кад:
Йæ бумбули – базæн,
Йæ нард фыд – бæркад.
 
 
Нæ хъазты ныхасæн
Бæргæ ис кæрон,
Фæлæ искæй хъазæн
Æгæр хъыг куы уон!..
 

Саг æмæ уызын

 
Тар хъæды иу саг, пырхкалгæ йæ уæнтæй,
Уынæргъгæ уади, – йегар æй сырдта…
Доны былмæ ма ныййирвæзт фыдбонтæй,
Ахауди дуртыл… йæ мæлæт зыдта…
 
 
– Ох-хай, гъе! – радзырдта къутæрæй сагмæ
Уызын, – фæцæф дæ, мæ лымæн, сæрæй?
Рагæй æмхиц у нæ уæздан мыггагмæ
Хъримаг, йæ хицау фæкæна дæдæй!..
 
 
– Ох-хай, гъе! – сæрджын саг уызынмæ дзуры:
Мах саг-мыггагæй уæздандæр нæ уыд.
Ныр, кæд дæ хуызæттæ махмæ дæр гуыры, —
Афонмæ дæр нæ фæцæгъдын куы хъуыд!..
 

Марходарæг

 
Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды
  Гутоны фæстæ.
Рагæй нал фæци нæ гæды
  Урссаджы хъæстæ.
 
 
Зæрдæ нал агуры хъазын,
  Аргъæуттæй фæцух,
Удхæссæг ын фестад зарын,
  Хъыгкæны æдзух.
 
 
Амар æй фæлтау фырнадæй,
  Акъах ын йæ цæст,
Фесаф æй бынтон, æгадæй, —
  Бафсад æй æрмæст!
 
 
Йе стонгæн бæргæ ис цары
  Иу нæртоны хос,
Фæлæ йæм фæндаг нæ ары, —
  Аскъуыйа йæ бос! —
 
 
Галы фиу… Йæ бын мæхъийау
  Фондз уæрдæхæй баст, —
Бурбурид ысси, фæткъуыйау,
  Афæдзваг у раст!
 
 
Ие рагъ афасти фырнæрстæй,
  Хус ысмаг хæссы…
Гъеныр дæр та йæм цъындцæстæй
  Стонг гæды кæсы…
 
 
Куыдз дæлдæр хуыссы йæ цуры,
  Уынæргъы, хъæрзы…
Бахудт æм æмæ йæм дзуры:
  «Скастæ та йæм, цы?»
 
 
Гæды фестъæлфыд… фырмæстæй
  Аныхта йæ сæр,
Ракаст йе знагмæ мæрддзæстæй, —
  «Гъæ, зæронд сæлхæр! —
 
 
Загъта, – ма тæрс, æз мæ цардæн
  Базыдтон æгъдау,
Ма тæрс, гуыдынхъус, æз нал дæн
  Мархохор, дæуау!..»
 

Ахуыр

 
Адæмы фæзмгæйæ иухатт мæ йерæдзыпп
   Ахастон тулдзджынмæ мемæ.
Цуанон та ахæм дæн, æмæ мæ цуанонтæ
   Цуаны нæ фæуадзынц семæ!
 
 
Исты дзы фехсон мæ зæрдæ куыд загътаид, —
   Ифтыгъд мыййаг дын куы нæ уыд! —
Фыдæлты хæзна нæ къулыл æнæсæрфтæй
   Иу-фынддæс азы фæлæууыд.
 
 
Ацыддæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæддзæ дæн.
   Адæм кæм кусынц, кæм бадынц;
Чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн…
   Фæрныджы зиууæттæ зарынц…
 
 
Бахызтæн хъæдбынмæ… бакастæн æрдузмæ, —
   Уæртæ дын иу лæг фæхъуызы…
Иу къæцæл дæр æм нæ уынын хæцæнгарзæй,
   Иу сыбыртт дæр дзы нæ хъуысы…
 
 
Ай мын цы ми кæны, уый куы нæ базонон! —
   Пыхсы йæ фæдыл фæхъуызын…
Ноджы кæсын, æмæ уæртæ йæ тæккæ раз
   Ферох кæмæйдæр йæ хызын…
 
 
Макуы дын бантыса, макуы дын батайой
   Уыцы мæгуыры къæбæртæ!
– Гъей, хорз лæг! Ма бакæ! Худинаг, худинаг! —
   Нал æм фæлæууыд мæ зæрдæ.
 
 
Хуыснæг дын фестъæлфыд, йе ргом мæм фездæхта.
   Ох-хай, гъе! Уæртæ зæронд лæг!
джихæй мæм аззади, истуг фæдурдзæфау…
   Нал уыддæн хорзау мæхæдæг…
 
 
Бахудт йæ мидбылты… – Ма тæрс, мæ хуры хай,
   Дзуры мæм, базыдтон чи у, – Ма тæрс!
Мæ хуыснæгад раджы куы ныууагътон;
   Искæй нæу хызын, мæхи у!
 
 
– Ау, кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуызыс?
   Чи дæ нæ уадзы йæ райсын?..
Уайсадæг чындзау мæм ноджы ныкъкъæмдзæстыг.
   – Афтæ, мæхицæн дзы хъазын, —
 
 
Загъта ма, мæгуыр, йæхæдæг ныуулæфыд…
   Тудæджын ын фестаддæн, хъуамæ!
Дзурын æм нал уæндын; дзурын дæр чи уæнды
   Уыйбæрц æдæрсгæ æррамæ?!
 
 
– Гъей, лæппу, – фергом лæг, – ам мæ кæй баййæфтай,
   Уым дын мæ диссаг зæгъдзынæн:
Сихор мæн у, фæлæ ма йæ куы радавон, —
   Адджындæрæн æй хæрдзынæн.
 
 
Худгæ мыл ма фæкæ! Къаннæг сывæллонæй
   Сахуыр дæн сæфты хуыснæгыл.
Сомы йыл бакодтон, искæй фос нал давын,
   Фæлæ фæхæст дæн хæйрæгыл.
 
 
Фынгтæ мын байдзагкæн алгъуызон минасæй,
   Айдагъ сæ уындæй ныккæрзын!
Цалынмæ-иу æй мæхицæй нæ радавын, —
   Ад мын нæ кæны мæ кæрдзын…
 
 
Лæг дзырд нæма фæци, афтæ дын хъæдбынæй
   Иу бирæгъ рахæддзæ фахсмæ.
Лæгтопмæ февнæлдта… Хæхтæ ныццараудтой.
   Бирæгъ æртылди нæ размæ…
 
 
– Оу, мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ! —
   Армытъæпæнтæ фæцагътон, —
Лæг ма цыфæнды фæуæд, фæлæ йерæдзыпп, —
   Ифтыгъд нæу зæгъгæ нæ загътон?!.
 

Рувас æмæ зыгьарæг

 
Рагæй, сæрдасæнау, рувас зыгъарæгмæ
   Дары йæ дæндаг, —
Гогызтæ давынмæ суанг Æрджынарæгмæ
   Иу у сæ фæндаг!
 
 
Афтæмæй искуы фæндагыл куы амбæлынц, —
   Амæлис дисæй!
Хотау, кæрæдзийыл узæлæг акæнынц
   Уайтагъд сæхицæй!
 
 
Иу изæр та цæ æрхаста сæ фыдбылыз
   Арыхъы ныхмæ. —
Над исын нуазинаг, – загъта нæ фыдсыл, – æз
   Рагæй мæ дзыхмæ.
 
 
Абон æлдараты фæскъул фæцæйцыддæн, —
   Ницæй æнхъæлдзау, —
Бакæнæн ныл уыд сæ хæрнæджы æнтыдтæн,
   Зæрдæ фæуæззау…
 
 
Карз æнтыды тæфæй уайтагъд фæрасыг дæн;
   Абон изæрмæ
Марддæн мæ сæрæй, æрдæбон фæуадзыг дæн,
   Зилы ныр дæр ма…
 
 
Рувас йæ ныхас нæма фæци, афтæ дын, —
   Рухсаг йæ марæг! —
Далæ, сæрбихъуырæйттæй рагъæн йæ тæккæ бын
   Абадт зыгъарæг.
 
 
– Ох-хай, цы кодтай, цы? – рувас йæ хæдфæстæ
   Радзырдта рагъæй. —
Ох-хай, фæрасыг дæн, – загъта, – дæ ныхæстæ
   Карздæр арахъхъæй!..
 

Лæг æви ус

 
Зиууæтты зарæгæй хæхтæ ныццараудтой,
Рацæуынц хъæутæм… Фæсабыр сæ хъæр, —
Иу лæбырды бынæй фæндагмæ рахаудтой
Марды ыстджытæ – йæ цæнгтæ, йæ сæр…
 
 
– Ох – хай, гъе! – зиууæттæ загътой, – нæ фæндæгтæ
Амæй кæд исты хæс дарынц уæд та?
Сæрыкъуыдыр дæр йæ урсурсид дæндæгтæ
Барæй цыма цæм ныззыхъхъыркодта, —
 
 
Хурныгуылдмæ цæм æрттивы, сызгъæринау,
Цæстыхуынчъытæ, цæстытау, кæсынц…
Хосдзаутæм хъуыддаг фæзынди цæттæ хинау;
Нал ысты хорзау, сæхицæн тæрсынц.
 
 
– Уым та цы ми кæнут? – дзуры цæм лæгæтæй
Иу лæг, хæрз зæронд, нæ зыны сæгæй.
Мæнæ æвзарæм, кæй уыд цымæ дзыллæтæй
Ацы сæрыкъуыдыр, – усæй, лæгæй?
 
 
– Гъе, æрра лæппутæ! – лæг та цæм радзырдта, —
Чи уыд, кæд уый бæрæгкæнут æцæг,
Уæд уый ныр къаннæг сывæллон дæр базыдта,
Чиу, уый цæмæй фæчындæуы бæрæг!
 
 
Алкæмæн йе гъдау йæ гакк у кæмдæриддæр:
Усæн мæрддзыгой – йæ тыхджындæр мæт, —
Искуы фæцæуæд фæдисы хъæр, марды хъæр, —
Усæн ма иу ран фæлæууæн ис уæд?!.
 
 
Бафæлварут – ма, гъе, уыцы хорз миниуæг, —
Исчи ныккæнæд мæрдæрцыды хъæр! —
Кæд лæг уыд, – сæрмæ нæ фехъуысдзæн фидиуæг,
Ус, – уæд уæ хъæрмæ нæ фæлæудзæн сæр.
 
 
Худæг фæкасти йæ хабар нæ хосдзаутæм:
– Ай нæ хынджылæг куы кæны, сæрæй!
Цæй, уæддæр байхъусæм фыдæлты хорз даутæм,
Фенæм, – цы нын у æхсæны хъæрæй?
 
 
– Рухсаг уæд! Амард æлдараты Хамбитта! —
Иу хосдзау загъта йæ хъæлæсыдзаг…
Гъæйт, мардзæ! Сæр дын æвиппайды асхъиудта,
Далæ фæтулы йæ фæндаг – фæндаг!..
 

Лæскъдзæрæн
Аргъау

 
Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн
  Иу мæгуыр лæг цард.
Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн,
  Удхарæй йæм мард.
 
 
Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ
  Иуцæстон сæтой! —
Хоры къутуйау йæ тæнтæ,
  Бинаг был – кæфой.
 
 
Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, —
  Алыбон хæргæ! —
– Цæй-ма, – лæг ын иу хатт загъта, —
  Ахицæн мæ кæ!
 
 
– Хорз, мæ хур, кæд дæ нæ фæнды, —
  Цу! Дæ фæндаг раст!..
Лæскъдзæрæг дæр ма кæм уæнды,
  Уромы йæ маст.
 
 
Кусы та… Хуыцау æй зоны,
  Цас ма йæм фæци…
Атъæпп уа, цы фыййау хоны
  Амондджын йæхи!
 
 
Махон дзы йе сæфт ыссардта, —
  Байсысти йæ туг!
Иубон хизæнæй æртардта
  Йе фсæст фосы дзуг.
 
 
Уæйыг дæр кæцæйдæр ссыди, —
  Артау сыгъд йæ сæр,
Къæхтыл ма тыххæй хæцыди, —
  Банызта кæмдæр!
 
 
Дзурын ма зынæй фæразы…
  Бухъхъытæгæнгæ,
Загъдæмхæст фыййауæй хъазы:
  – Хорз лæг дæ, бæргæ, —
 
 
Дзуры йæм, – фæлæ кæд уарæм,
   Уæд дзæбæх, нывыл.
Туг кæрæдзийæ нæ дарæм,
  Байхъус мæм чысыл!
 
 
Алырдæм дæр æй куы барай,
  Ай нæ хуыздæр хос:
Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, —
  Дæу фæуæд мæ фос!
 
 
Науæд фосæй дæр æнæ хай,
  Хизгæ дæр лæвар…. —
Хорз, – зæгъы, – уæдæ цы зæгъай!
  Хорз, фæуæд дæ бар!
 
 
Уæйыг бахудти фырцинæй…
  – Иу, уæдæ, мæ хур!
– Иу – Хуыцау! Хуыцауы динæй
  Арвмæ хауы дур.
 
 
– Кæд дыууæ, дыууæ та? – загъта.
  – Сау дыууæ цæстæй
Хорз фыййау дзæгъæл нæ уагъта
  Иу дæ нæлфыстæй
 
 
– Кæд æртæ, æртæ цы давы?
  – Фынг æртæкъахыг
Уазæгæн йæ фæллад сафы,
  Зианджынæн – йæ хъыг.
 
 
– Уæд цыппар та дын цы сидынц?
  – Кæд цыппар фырты
Афæдзæн йæ куыст æрвитынц, —
  Базон-ма цæ ды!
 
 
– Фондзæн та дæм дзуапп бæргæ нæй!
  – Фондз фырты мæн дæр
Хизынц хин æмæ кæлæнæй, —
  Чи цæ у хуыздæр?
 
 
– Кæд æхсæз – сæ сæр мæ дзырдтæн?
  – Æз æхсæз хатты
Фос байуарынмæ бæллыддæн,
  Не сразы дæ ды!
 
 
– Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы, —
  Авдæн исты зæгъ!
– Авд сæры уæйыгыл зайы,
  Зондæй та – къæдзæх!
 
 
– Цæй-ма, цæй, уæдæ мын астæн
  Исты дзуапп ыссар!
– Аст азы дæ фосмæ кастæн,
  Айс цæ ныр, – хæлар!..
 
 
– Барæй дæм лæмæгъ лæууыддæн. —
  Фараст та цы уыд?
– Фарæстæмы ам нæ уыддæн,
  Ахæтын мæ хъуыд…
 
 
– Ох – хай! Демæ æз нæ фæдæн,
  Радзур-ма, лæгау!..
– Терк-Турчы бæстæ – мæ хæтæн,
  М 'амæддаг – рæгъау…
 
 
– Денджыз дæр ма лæг кæм ласы!
  Цавæр уыд дæ бæх?
– Мæн къуылых дзынга фæразы,
  Гъе-ри-гъа, дзæбæх!
 
 
– Хорз бæх уыд, кæд байсыст сæрды
  Денджызæн йæ дон!
– Цæргæсæн нæ уыд йæ сæрты
  Атæхын йæ бон.
 
 
– Иуæй-иу лæппын цæргæсы
  Карчы цъиу бырсы…
– Карчы цъиу бæргæ нæ хæссы
  Галы мард пыхсы!
 
 
– Ма кæ, ма, мысты йас рæуæд
  Афтæ уæззау нæу!
– Мысты уæныл ма æрлæууæд
  Даредзанты хъæу!
 
 
– Иу кæркдон хъæуыл нымайы
  Къулыбадæгус!..
– Ау, кæркдоныл ма фæллайы
  Иу зылдæн тæрхъус?!.
 
 
– Ох-хай, гъе! тæрхъус-лæппыныл
  Афтæ ма бахуд!..
– Уастæн, баззайой йæ быныл
  Даргъ кæрц æмæ худ,
 
 
Уастæн, ма стæфса сæ хъармæй
  Гас нæртон зымæг,
Чи цæ сарæзта йæ цармæй,
  Нарты Уырызмæг!
 
 
– Нартæ се мгæрон куыд уадзынц
  Ахæм къаннæджы?
– Раст йæ уæлфадæй куы уасынц
  Авд нæл хæрæджы,
 
 
Уый цын уæд сæ хъæр нæ хъусы,
  Ахæм къаннæг у!
– Ау! æмæ цы диссаг у, цы,
  Кæд къуырма лæг у?!.
 
 
– Авд хохы фæстæ мæгатæ
  Хос куы фæкæрдынц,
Авд дæлдзæхы бын дзынгатæ
  Снæр куы фæцæгъдынц,
 
 
Адæмæн цæ уæд фæдзуры
  Уыцы лæг ныр дæр…
Кæд мæнгæй зæгъын, – мæ цуры
  Цавддур фест ды дæр!
 
 
Йе лгъыст уæйыгыл æрцыди:
  Раст йæ хуызæн дур
Комхæлиуæй хъен лæууыди
  Лæскъдзæрæджы цур.
 
 
Фервæзт лæг… Иæ фос æртардта..
  Ис æм ныр йæ фаг…
Абон дзы мæнæн дæр радта
  Иу нард кусæрттаг.
 
 
Уымæй æз куыд дæн æнæ хай,
  Афтæ мын ды дæр
Фосджынæй æмæ дзæбæхæй
  Се 'рцыдмæ фæцæр!..
 

Гино

 
Гино, гино, гис!
Иу гæды нæм ис,
Хъарм фæлмæн кæрц дары,
Къонайыл хуыссы,
Аргъæуттæ мысы,
Хъал зæрдæйæ зары…
 

Скъолайы лæппу

 
   – Кæй фырт дæ?
   – Толайы.
   – Кæм уыддæ?
   – Скъолайы,
Алыбон дæр дзы вæййын.
 
 
   Фæкæсын
   А – бе – тæ,
   Фæфыссын
   Бе – ве – тæ,
Ахуыркæнынмæ бæллын.
 

Фыдуаг

 
   О, цъиусур,
   Ма мæм дзур!
   О, рувас,
   Ма мæм уас! —
Хуысгæ ма кæнын.
 
 
   О, цæргæс,
   Ма мæм кæс!
   О,тæрхъус,
   Мамæмхъус! —
Кæрдзыныл кæуын!
 

Кæмæн цы

 
Алы куыстæн – рад.
Дзидзидайæн – мад.
 
 
Хорз фыййауæн – фос;
Бирæ фосæн – хос.
 
 
Хоры кæндæн – зад,
Хоры хæрдæн – кад.
 
 
Сонт рæдыдæн – барст;
Хорз зæрдæйæн – уарзт.
 
 
Рагон мастæн – тад;
Загъдкъахæгæн – над.
 
 
Магусайæн – цæф;
Цырд лæппуйæн – кæф!..
 

Уасæг

 
О, уасæг, уасæг,
Сызгъæрин къоппа!
О, уасæг, уасæг,
Сырхзæлдаг боцъо!
 
 
Куыд раджы фестыс,
Куыд хъæрæй зарыс?
Нæ буц лæппуйы
Хуыссын нæ уадзыс!
 

Лæгау

 
Фест райсомæй, лæгау,
Ныхс сапонæй дæхи
Æмæ—иу скув: Хуыцау,
Фæдзæхсын дыл мæхи!
 
 
Дзул к'уаид, уæд бæргæ,
Дæу дæр дзы хай фæуид!
Куы нæ уа, уæд хæргæ!
Кæрдзынæй стонг æрвит!
 
 
Цæттæ дæ хызын дар,
Тагъд де скъоламæ уай!
Æнæзивæг куы уай, —
Хуыздæр бынат дæ бар!
 
 
Зондамонæгмæ хъус,
Цы зæгъа, уый – иу кæн,
Зæрдæхъæлдзæгæй кус,
Æмæ бæззайлæгæн!..
 

Дзывылдар

 
Æнгуырдар – дзывылдар,
Кæм хæтыс зымæг?
Цы бæстæ, цы хæхтæ
Фæтæхыс уынæг?
 
 
Кæм рæзынц, кæм цæрынц
Дæ хотæ, дæ мад?
Тæхуды, тæхуды,
Кæмæн ис дæ цард!
 

Зæрватыкк

 
Зæрватыкк – æнæхъыг,
Æнæмаст цæрæг!
Дæ зарæг – нæ дарæг,
Нæ уалдзæггæнæг!
 
 
Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй
Фæхæтай фæрнæй
Нæ хæхты, нæ бæсты,
Æлдар кæмæн нæй!
 

Цъиу æмæ сывæллæттæ

Сывæллæттæ
 
Гъа! Ныр ахст дæ, цъиу, фæлæу,
Нал аирвæздзынæ,
Нал ауадздзыстæм ныр дæу,
Махимæ цæрдзынæ!..
 
Цъиу
 
Циу, цы, циу? Цы кодтон, ау!
Цас тыхджын рæдыд дæн?
Ауадзут ма мæ фæлтау,
Райхалут мæ бæттæн!
 
Сывæллæттæ
 
Нæй, нæй! Ма тæрс, махмæ ды
Хъаны цард кæндзынæ:
Дзул дын тулдзыстæм мыды,
Адджын цай цымдзынæ.
 
Цъиу
 
Хъаны цард мын уанцон нæу!
Æз уæ цай нæ уарзын,
Уидзын быдырты мæнæу,
Къогъотæ дзы ахсын.
 
Сывæллæттæ
 
Уазал у зымæг æддæ,
Махау дын хæдзар нæй!
Ам дæ къалати цæттæ, —
Бафсæддзынæ хъармæй.
 
Цъиу
 
Ам зымæг куы вæййы, уæд
Иу хъарм бæстæ зонын.
Къалати сызгъæрин уæд,
Ахæстон æй хонын!
 
Сывæллæттæ
 
Курæм дæ, æмæ нæм лæу, —
Бузныг дæ уыдзыстæм;
Мах цард дæр æвзæр цард нæу,
Не схъыг дæ кæндзыстæм.
 
Цъиу
 
Нæй, мæ хуртæ, нæй гæнæн!
Уарзут мæ, уый хатын,
Фæлæ тынг зын у мæнæн
Ахæстоны бадын…
 
Сывæллæттæ
 
Ох – хай – гъе! Уæдæ дæ маст
Махæн у хъуыдыйаг, —
Атæх, цу! Дæ фæндаг раст!
Цæр дæхи фæндийаг!..
 

Уалдзæг

 
Мит тайы, их сайы,
Фæхъулон ис зæхх:
Йæ цæгат фæзæйнад,
Йæ хуссар фæцъæх.
 
 
Йæ фæдыл нæ хъæдыл
Фæхæцыд сыфтæр;
Нæ хуымтæ кæндтытæ,
Нæ ласæн цъыфдæр.
 
 
Цырд лæппу гæлæбу
Æрцахста… Зæгъ ын:
Нæ уалдзæг дæ уазæг,
Ныууадз æй цæрын!
 

Сæрд

 
Хур судзы… Уырыдзы
Хæрынæн бæззы…
Чи хъæдæй рæгъæдæй
Сырх мæнæргъ хæссы,
 
 
Чи халсарæй кæмтты
Æргъæмттæ бæтты…
Хуыскъæлæй, æхсæрæй
Кæм цæуынц рæтты!
 
 
Цæвæгæй, мæхъитæй,
Æхсырфæй цæттæ,
Хорз байрай, мæ бæстон,
Кæмдæриддæр дæ!
 

Фæззæг

 
Æхсæлы ызгъæлы,
Лæджирттæг фæбур…
Мигъ бады цæгаты, —
Нæ йæ тавы хур…
 
 
Æркарстам, æрластам
Нæ хортæ, нæ хос…
Чи кусы йæ мусы,
Чи 'лвыны йæ фос…
 
 
Хор бирæ, фос бирæ
Хуыцауы фæрцы…
Нæ хохбæсты бæркад,
Цы диссаг дæ, цы!..
 

Зымæг

 
Хъызт зымæг, тыхст зымæг —
Нæ катай, нæ мæт!
Йæ бонтæ – фыдбонтæ,
Йæ бахсæв – мæлæт.
 
 
Нæ хъæутæ – лæгæттæ,
Нæ фезмæлд – зæйуат.
Фыдæлтæй нын баззад
Зæйы сæфтæн рад.
 
 
Нæ мæгуыр, нæ сидзæр,
Æнæхай куыстæй,
Хуыцаумæ дзыназынц
Æстонгæй, сыдæй…
 

Сæрдыгон къæвда

 
Хъæргæнгæ: «Хæзнатæ нæм хауы уæларвæй!»
Сывæллæттæ уайынц къæвдайы фæдыл… —
Фæлæуут, мæ хуртæ! гъеуыцы хæзнатæй
Æруидздзыстæм мах дæр: нæ къутутæ дзагæй
Лæудзысты мæнæуæй, фæлæуут чысыл!
 

Дыууæ халоны

 
Халон халонмæ тæхы,
Халон халонæн зæгъы:
Халон! Цæй – ма, ныр цы хæрæм?
Сихорæн амал цы скæнæм?
 
 
Дзуры йæм фæстæмæ халон:
Сихор нын цæттæ у абон, —
Терчы былыл нын, хъæугæрон,
Ауыгъдæй лæууы мæхъæлон…
 

Страницы книги >> Предыдущая | 1 2
  • 0 Оценок: 0

Правообладателям!

Это произведение, предположительно, находится в статусе 'public domain'. Если это не так и размещение материала нарушает чьи-либо права, то сообщите нам об этом.


Популярные книги за неделю


Рекомендации